Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2020 | № 2
    • Чырысти загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Лукайы 21:10, 11). Ӕнгуылдзты фӕдтӕм гӕсгӕ адӕймаджы куыд вӕййы сбӕрӕг кӕнӕн, раст афтӕ ӕппӕт ацы хабӕрттӕ уыцы иу рӕстӕг куы цыдаиккой, уӕд уый фӕрцы уыдаид сбӕрӕг кӕнӕн, «Хуыцауы паддзахад [кӕй] ӕрхӕстӕг». Цымӕ ацы хабӕрттӕ уыцы иу рӕстӕг ӕгас зӕххыл дӕр цӕуынц? Ӕркӕсӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм.

  • Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2020 | № 2
    • 2. ЗӔХХӔНКЪУЫСТЫТӔ

      Зӕххӕнкъуысты рӕстӕг чи бахъыгдард, ахӕм хӕдзӕрттӕ

      Иу статьяйы куыд фыст ис, афтӕмӕй, алы аз дӕр цы зӕххӕнкъуыстытӕ вӕййы, уыдонӕй иу-100 ахӕм тыхджын вӕййынц, ӕмӕ ӕрхӕссынц стыр зиан (Britannica Academic). Америкӕйы Иугонд Штатты геологийы службӕ та фехъусын кодта, зӕгъгӕ, «иу-1900 азӕй фӕстӕмӕ нӕм цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, алы аз дӕр кӕй уыдзӕн 16 тыхджын зӕххӕнкъуысты бӕрц». Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, зӕххӕнкъуыстыты нымӕцыл афтӕ уымӕн бафтыд, ӕмӕ сӕ цы мадзӕлтты фӕрцы сбӕрӕг кӕнынц, уыдон фӕхуыздӕр сты. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хабар афтӕ у, ӕмӕ, ӕгас зӕххыл цы стыр зӕххӕнкъуыстытӕ ӕрцӕуы, уыдон абон цас зиан ӕрхӕссынц ӕмӕ цас адӕмы цард байсынц, уыйбӕрц никуыма.

      3. АДӔМ ӔЙЙАФЫНЦ ХӔРИНАГХЪУАГ

      Хорӕрзад кӕй фӕкъаддӕр, уый ӕвдисӕг схемӕ

      Ӕгас дунейы адӕм хӕринагхъуаг ӕййафынц хӕстыты тыххӕй, гӕртамхор адӕмы тыххӕй, стӕй, экономикӕйы уавӕр тынг ӕвзӕр кӕй у ӕмӕ, хор ӕвзӕр кӕй ӕрзайы, уый тыххӕй. Мӕгуыр бӕстӕтӕн хӕринагӕй чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕппӕтдунеон организаци 2018 азы хыгъды ныффыста: «Ӕгас дунейы дӕр 821 милуан адӕймаджы ӕххормаг ӕййафынц, ӕмӕ дзы 124 милуан адӕймагӕн та, цы бахӕрой, уый ӕппындӕр нӕ вӕййы» (The World Food Programme’s “2018 Year in Review”). Адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй алы аз дӕр амӕлы 3,1 милуан сывӕллоны бӕрц. 2011 азы ӕгас дунейы цал сывӕллоны амард, уыдонӕн сӕ 45 проценты бӕрц амардысты, ӕххормаг кӕй ӕййӕфтой, уый аххосӕй.

      4. ФЫДНИЗТӔ

      Фыднизтӕй тӕссаг кӕй у, уый чи амоны, ахӕм нысан; микробтӕ

      Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци иу статьяйы ныффыста: «21 ӕнусы фыднизтӕ тынг сарӕх сты. Зӕронд низтӕ, зӕгъӕм, халер, емынӕ (чума) ӕмӕ бур тӕфсӕг (жёлтая лихорадка) фӕстӕмӕ фӕзындысты. Стӕй ма сӕм бафтыд ног низтӕ дӕр: бирӕ бӕстӕтыл чи ахӕлиу вӕййы, ахӕм грипп, рӕуджыты ӕмӕ улӕфӕнты ног низтӕ (атипичная пневмония, ближневосточный респираторный синдром), вирустӕ Эболӕ ӕмӕ Зикӕ». Фӕстагмӕ ма сӕм бафтыд коронавирус дӕр. Кӕд ахуыргӕндтӕ ӕмӕ дохтыртӕ низты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, уӕддӕр сын нӕ бантыст се ’ппӕт низты ныхмӕ хос ӕрымысын.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын