Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • «Ныхасӕй... тыхджын»

      8. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд цавӕр тыхӕй схайджын ӕмӕ уыцы тыхӕй куыд архайдта?

      8 Йесо цалынмӕ гыццыл уыд ӕмӕ Назареты цард, уӕдмӕ иу диссаг дӕр нӕ сарӕзта. Фӕлӕ алцыдӕр фӕивта н. э. 29 азы, 30-аздзыдӕй донаргъуыд куы райста, уӕд (Лукайы 3:21–23). Библийы фыст ис: «Хуыцау ӕй байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ уый зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта, Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта» (Хъуыддӕгтӕ 10:38). Ацы ныхӕстӕй, «хорздзинӕдтӕ арӕзта», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, Йесо йӕ тыхы фӕрцы иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кодта. Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыди, уӕд «хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр сси тыхджын пехуымпар» (Лукайы 24:19).

      9–11. а) Йесо адӕмы сӕйраджыдӕр кӕм ахуыр кодта ӕмӕ уӕды заман адӕмы ахуыр кӕнын зын цӕмӕн уыди? б) Йесо куыд ахуыр кодта, уый адӕмы дисы цӕмӕн ӕфтыдта?

      9 Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йесо уыди ныхасӕй тыхджын? Йесо-иу адӕмы ахуыр кодта, зӕгъӕм, цады был, хохы фахсыл, стӕй уынгты ӕмӕ базарты (Марчы 6:53–56; Лукайы 5:1–3; 13:26). Цы дзырдта, уый адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цыдаид, уӕд-иу ӕм нӕ хъуыстаиккой. Йӕ ныхӕстӕ кӕй зӕрдӕмӕ цыдысты, уыдон-иу сӕ хъуамӕ бахъуыды кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ, цы дзырдта, уыдӕттӕ бирӕ фӕстӕдӕр ныффыстой. Уӕдӕ Йесо адӕмы хъуамӕ афтӕ ахуыр кодтаид, цӕмӕй йӕм хъуыстаиккой, ӕнцонтӕй йӕ ӕмбӕрстаиккой ӕмӕ сын цы дзырдта, уый-иу бахъуыды кодтаиккой. Йесойӕн уый ӕппындӕр зын нӕ уыд, ӕмӕ уый бӕрӕг у, адӕмы хохыл куыд ахуыр кодта, уымӕй.

      10 Н. э. 31 азы иу бон райсомӕй раджы Галилейӕйы денджызмӕ ’ввахс хохы фахсыл ӕрӕмбырд дуне адӕм. Бирӕтӕ сӕ фӕцыдысты 100–110 километры бӕрц Иудейӕйӕ ӕмӕ Иерусалимӕй. Иннӕтӕ та ӕрцыдысты Тирӕй ӕмӕ Сидонӕй – Галилейӕйы денджызӕн йӕ цӕгат фарс цы горӕттӕ уыд, уырдыгӕй. Рынчынтӕй бирӕты фӕндыд Йесойыл андзӕвын, цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаиккой. Йесо се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ ахуыр кӕнын райдыдта (Лукайы 6:17–19). Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты, цы фехъуыстой, ууыл. Цӕмӕн?

      11 Чи йӕм хъуыста, уыдонӕй сӕ иу цалдӕр азы фӕстӕ ныффыста: «Адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ уый чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас» (Матфейы 7:28, 29). Йесойӕн йӕ ныхасы уыд стыр тых. Ӕмӕ уый адӕм дӕр ӕмбӕрстой. Йесо сын амыдта, Хуыцауы цы фӕндыд, уый ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕн йӕ бындур уыди Хуыцауы Ныхас (Иоанны 7:16). Йӕ ныхас уыд ӕнцонӕмбарӕн, адӕмы-иу бафӕндыд, цы сын дзырдта, уымӕ гӕсгӕ архайын. Иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд зӕгъын, цы дзуры, уый раст нӕу, зӕгъгӕ. Йесо сын ӕмбарын кодта, зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уый ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдӕтӕм ныккастаиккой. Амыдта сын, амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, кувын куыд хъӕуы, куыд ис Хуыцауы Паддзахад агурӕн ӕмӕ сӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сын фидӕнӕй ныфс уа (Матфейы 5:3–7:27). Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдон-иу ӕм куы байхъуыстой, уӕд-иу йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтой. Сӕхи тыххӕй-иу нал цардысты ӕмӕ-иу цӕттӕ уыдысты ӕппӕт дӕр ныууадзынмӕ, цӕмӕй йӕ фӕдыл цыдаиккой (Матфейы 16:24; Лукайы 5:10, 11). Уымӕй бӕрӕг у, Йесойы ныхасы стыр тых кӕй уыди, уый.

      «Хъуыддагӕй... тыхджын»

      12, 13. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо «хъуыддагӕй... тыхджын» кӕй уыди, уый ӕмӕ цавӕр диссӕгтӕ арӕзта?

      12 Йесо ма тыхджын уыди хъуыддагӕй дӕр (Лукайы 24:19). Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй Евангелиты фыст ис 30 диссагӕй фылдӕры тыххӕйb. Уыдон иууылдӕр сарӕзта Йегъовӕйы тыхы фӕрцы (Лукайы 5:17). Уыцы диссӕгтӕ пайда ӕрхастой мингай адӕмӕн. Зӕгъӕм, Йесо иу хатт бафсӕста 5 000 адӕймаджы, иннӕ хатт та – 4 000 адӕймаджы, сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ та, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты бирӕ фылдӕр! (Матфейы 14:13–21; 15:32–38).

      13 Йесо бирӕ алыхуызон диссӕгтӕ арӕзта. Йӕ бар цыди хӕйрӕджытыл ӕмӕ-иу сӕ адӕмӕй ӕнцонтӕй расырдта (Лукайы 9:37–43). Йӕ бон уыди дон сӕн фестын кӕнын (Иоанны 2:1–11). Ахъуыды-ма кӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд дис кодтаиккой, денджызыл ӕй ӕрбацӕйцӕугӕ куы федтой, уӕд (Иоанны 6:18, 19). Йӕ бон уыди цыфӕнды уӕззау низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын (Марчы 3:1–5; Иоанны 4:46–54). Рынчынты-иу дзӕбӕх кодта алыхуызӕтты: иуты-иу сдзӕбӕх кодта, сӕ разы-иу нӕ уыд, афтӕмӕй, иннӕтыл та-иу андзӕвыд, афтӕмӕй (Матфейы 8:2, 3, 5–13). Кӕйдӕр-иу цӕстыфӕныкъуылдмӕ адзӕбӕх кодта, кӕйдӕр та – сабыргай (Марчы 8:22–25; Лукайы 8:43, 44).

      «Федтой Йесойы – уый денджызыл ӕрбацӕйцыд»

      14. Цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Йесомӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй мӕрдты ӕгас кӕна?

      14 Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Йесомӕ ахӕм тых уыди, ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта. Евангелиты фыст ис ӕртӕ ахӕм хабары тыххӕй: ныййарджытӕн райгас кодта сӕ 12-аздзыд чызджы, идӕдз усӕн райгас кодта йӕ иунӕг фырты, хотӕн та – сӕ уарзон ӕфсымӕры (Лукайы 7:11–15; 8:49–56; Иоанны 11:38–44). Йесойӕн уыцы адӕмӕй иуы дӕр зын нӕ уыд райгас кӕнын. 12-аздзыд чызджы райгас кодта, куыддӕр амард, афтӕ. Идӕдз усы лӕппуйы райгас кодта, ныгӕнынмӕ йӕ куы фӕцӕйхастой, уӕд, ома, цы бон амарди, уыцы бон. Лазӕры та райгас кодта, куы амард, уымӕй цыппар боны фӕстӕ.

  • «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
      • Марчы 2:1–12. Йесо адӕмы диссаджы хуызы кӕй дзӕбӕх кодта, уымӕй куыд зыны, Хуыцау ын стыр бартӕ ӕмӕ тых кӕй радта?

      • Иоанны 6:25–27. Кӕд-иу Йесо адӕмы диссаджы хуызы бафсӕста, уӕддӕр йӕ сӕйраг нысан цы уыди?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын