Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w20 мартъи 31 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
w20 мартъи 31 ф.
Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ дзуттаг дины разамонджыты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрцахстой дыууӕ лӕджы

Кӕсджыты фарстатӕ

Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ чи уыдысты ӕмӕ сӕ хӕстӕм цы хауд?

Левиттӕй сауджынтӕ чи нӕ уыд, уыдоныл уыди бирӕ хӕстӕ. Уыцы хӕстӕй иу абарӕн ис пъӕлицӕйӕгты куыстимӕ. Сӕ сӕргъы лӕууыд кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕр. Дзуттаг фыссӕг Александриаг Филон ныффыста, цы хӕстӕ сыл уыд, уый тыххӕй: «Уыцы [левиттӕй] иутӕ лӕууынц, кувӕндоны кӕртмӕ цы кулдуӕрттыл ис бахизӕн, уыдоны цур. Иннӕтӕ лӕууынц кувӕндоны раз, цӕмӕй, бар кӕмӕн нӕй, уыдонӕй мидӕмӕ мачи бахиза – мадӕр зонгӕ-зонын, мадӕр ӕнӕбары. Чидӕртӕ та дзы рацу-бацу кӕнынц кӕрты, кувӕндоны алыварс ӕмӕ йӕ, кӕрӕдзи ивгӕйӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй хъахъхъӕнынц».

Уыцы хъахъхъӕнджытӕ уыдысты дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны дӕлбар. Ромы хицауад дзуттӕгтӕй ӕрмӕстдӕр уыцы къордӕн лӕвӕрдта бар, цӕмӕй сӕм хӕцӕнгарз уыдаид.

Библииртасӕг Иоахим Иеремиас загъта: «Йесойы куы ’рцахстой, уӕд, чи йӕ ’рцахста, уыдонӕн бауайдзӕф кодта, алы бон уӕ Кувӕндоны куы ахуыр кодтон, ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат, зӕгъгӕ (Матф. 26:55). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ, ӕндӕр сын афтӕ нӕ загътаид». Иоахимы хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый размӕ Йесойы ’рцахсынмӕ кӕй арвыстой, уыдон дӕр уыдысты кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ (Иоан. 7:32, 45, 46). Фӕстӕдӕр, Сӕйраг тӕрхондоны чи уыд, уыдон кувӕндон хъахъхъӕнджыты ӕмӕ сӕ хистӕры арвыстой, цӕмӕй сӕм апостолты ӕрбакодтаиккой. Ӕмӕ апостол Павелы дӕр кувӕндонӕй, ӕвӕццӕгӕн, кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ ракодтой (Хъуыд. 4:1–3; 5:17–27; 21:27–30).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын