Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Мацы дӕ хъыгдарӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 октябрь
    • 1, 2. Йесо Марфӕйы цӕй тыххӕй уарзта? Марфӕ ӕнӕххӕст кӕй уыди, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      ЛАЗӔРЫ хо Марфӕйыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл цавӕр адӕймаг ауайы? Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Марфӕ уыди Йесойӕн йӕ хорз ӕмбал, ӕмӕ дзы фыст ис, Йесо йӕ бирӕ кӕй уарзта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо кӕй уарзта ӕмӕ кӕмӕн аргъ кодта, уыдоны ’хсӕн ма уыди ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Лазӕрӕн йӕ иннӕ хо Марийӕ дӕр уыди Йесойы ӕввахс ӕмбал, стӕй Йесо йӕ мад Марийӕйы дӕр тынг уарзта (Иоан. 11:5; 19:25–27). Фӕлӕ цымӕ Марфӕйы цӕй тыххӕй уарзта?

  • Мацы дӕ хъыгдарӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 октябрь
    • 4 Фӕлӕ Марфӕ хӕринаг цӕттӕ кӕныныл ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттыл фӕци, цӕмӕй Йесойӕн хуыздӕр балӕггад кодтаид. Марийӕ йын кӕй не ’ххуыс кӕны, уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ Йесойӕн рахъаст кодта. Йесо уыдта, Марфӕ ӕгӕр кӕй тыхсы ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс». Стӕй ма йын загъта, иу цыдӕр куы ӕрцӕттӕ кӕна, уӕддӕр фаг кӕй уыдзӕн. Уый фӕстӕ Йесо Марийӕйӕ раппӕлыд, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъуыста, уый тыххӕй ӕмӕ загъта: «Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн». Марийӕ уыцы изӕр цы бахордта, уый, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕдӕр нал ӕрхъуыды кодтаид, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, кӕй никуы дзы ферох, уӕд сын Йесо цытӕ бацамыдта, стӕй дзы куыд раппӕлыд, уый. Уыцы хабарӕй 60 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд апостол Иоанн ныффыста: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы [ӕмӕ] Марфӕйӕн йӕ хойы» (Иоан. 11:5). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Марфӕ Йесойы уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын