104 СӔР
Дзуттӕгтӕм уырнындзинад разындзӕн?
БИРӔТӔ ФЕХЪУЫСТОЙ ХУЫЦАУЫ ХЪӔЛӔС
АДӔМ ТӔРХОНГОНД ЦӔМӔ ГӔСГӔ ЦӔУДЗЫСТЫ?
Йесо 10 нисаны къуырисӕры кувӕндоны куы уыди, уӕд дзырдта, тагъд ӕй кӕй амардзысты, уый тыххӕй. Тарсти, Хуыцауы ном куы фӕхудинаг кӕна, уымӕй, ӕмӕ йын уый ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоанны 12:27, 28).
Йӕ алыварс адӕм фӕкуыддӕр сты. Чидӕртӕ сӕ афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ арв ныннӕрыд. Иннӕтӕ та дзырдтой: «Йемӕ зӕд ныхас кодта» (Иоанны 12:29). Ӕцӕгӕй та уыдон фехъуыстой Йегъовӕйы хъӕлӕс! Уӕвгӕ, Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм Хуыцауы хъӕлӕс фыццаг хатт уӕд нӕ фехъуыстой.
Ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Аргъауӕг Иоанн фехъуыста, Хуыцау Йесойы тыххӕй цы загъта, уый: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт». Фӕстӕдӕр та, н. э. 32 азы Куадзӕны фӕстӕ, Йесо йӕ хуыз аивта Иаков, Иоанн ӕмӕ Петры раз. Ӕмӕ уыдон дӕр фехъуыстой Хуыцауы ныхӕстӕ: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм» (Матфейы 3:17; 17:5). Фӕлӕ ныр та, ӕртыккаг хатт, Йегъовӕйы хъӕлӕс фехъуыстой бирӕтӕ!
Йесо загъта: «Ацы хъӕлӕс мӕн тыххӕй не ’рыхъуыст, фӕлӕ сымах тыххӕй» (Иоанны 12:30). Йесо ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт ӕмӕ зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй уыд, уымӕн ма уымӕй хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн цы хъуамӕ уыдаид!
Йесо Йегъовӕйыл куыд иузӕрдион уыд ӕмӕ зӕххыл куыд цард, уымӕй адӕмӕн равдыста, куыд хъуамӕ цӕрой, уый ӕмӕ сбӕлвырд кодта, ацы дунейы хицау Хӕйрӕг фесафыны аккаг кӕй у. Йесо загъта: «Ныр ӕрцыд ацы дунейӕн тӕрхон кӕныны рӕстӕг. Ныр ацы дунейы хицау тард ӕрцӕудзӕн». Йесойы тагъд кӕй хъуамӕ амардтаиккой, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ йе знаг басаста. Йӕ мӕлӕт уыд стыр уӕлахиз. Цы хуызы? Уый йӕхӕдӕг бамбарын кодта: «Ӕз зӕххы сӕрмӕ ист куы ’рцӕуон, уӕд мӕхимӕ ӕркӕндзынӕн алыхуызон адӕмы» (Иоанны 12:31, 32). Йесойы хъӕдыл кӕй байтыгътой, уый фӕрцы иннӕты йӕхимӕ кӕны ӕмӕ сын ӕнусон цардмӕ фӕндаг гом кӕны.
Йесо, «ист куы ’рцӕуон», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕй адӕм бафарстой: «Мах Закъонӕй фехъуыстам, Чырысти ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд ды афтӕ куыд дзурыс, Адӕймаджы Фырт ист ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?» (Иоанны 12:34). Йесо ӕцӕгдӕр Адӕймаджы Фырт, ома зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кӕй уыд, уымӕн дуне бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыди, адӕм ма суанг Хуыцауы хъӕлӕс дӕр фехъуыстой. Фӕлӕ йыл уӕддӕр сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты.
Йесо та уымӕй размӕйау йӕхи схуыдта «рухс» (Иоанны 8:12; 9:5). Ӕмӕ адӕмӕн ныффӕдзӕхста: «Рухс ма иу гыццыл уыдзӕн уе ’хсӕн. Уӕдӕ уын цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ рухсы цӕут, цӕмӕй уыл талынг ма фӕтых уа. [...] Цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ йыл ӕууӕндут, цӕмӕй рухсы хъӕбултӕ суат» (Иоанны 12:35, 36). Уый фӕстӕ Йесо йӕхи уырдыгӕй айста, уымӕн ӕмӕ нырма 10 нисан уыди, ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕма уыд, цӕмӕй амардаид. Йесо хъуамӕ «ист ӕрцыдаид» 14 нисаны, Куадзӕны бон, ома йӕ хъӕдыл хъуамӕ уыцы бон байтыгътаиккой (Галатӕгтӕм 3:13).
Йесойы лӕггады хабӕрттӕ бӕлвырдӕй ӕвдисынц, дзуттӕгтӕ йыл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уымӕй кӕй сӕххӕст Библийы фыст пехуымпарад. Исай бирӕ раздӕр загъта, адӕмӕн сӕ цӕстытӕ кӕй бакуырм уыдзысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур уыдзысты, цӕмӕй ма раздӕхой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой (Исай 6:10; Иоанны 12:40). Йесо уыди, дзуттӕгтӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ сӕ ӕнусон цардмӕ чи кодта, уыцы фӕндаг. Ӕмӕ сын кӕд уымӕн тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыди, уӕддӕр сӕм ницы бахъардта – нӕ йыл баууӕндыдысты.
Уӕвгӕ, Никодим, стӕй аримафейаг Иосиф ӕмӕ ма хицӕуттӕй ноджыдӕр бирӕтӕ «баууӕндыдысты» Йесойыл. Фӕлӕ сӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ архайдзысты? Ӕви сӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй куы ратӕрой кӕнӕ сын адӕм куы нал кад кӕной, уый тӕссӕй ӕргом не ’вдисдзысты, кӕй йыл ӕууӕндынц, уый? (Иоанны 12:42, 43).
Йесойыл баууӕндын цы нысан кӕны, уый йӕхӕдӕг бамбарын кодта: «Мӕныл чи ’ууӕнды, уый ӕрмӕст мӕныл не ’ууӕнды, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл дӕр. Ӕмӕ мӕн чи уыны, уый ӕрмӕст мӕн нӕ уыны, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, уый дӕр». Хуыцау Йесойӕн цы рӕстдзинад бафӕдзӕхста хъусын кӕнын ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ кӕй хъусын кодта, уыцы рӕстдзинад афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мӕн чи ницӕмӕ дары ӕмӕ мын мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг. Ӕз цы дзырдтон, уый йын тӕрхон кӕндзӕн фӕстаг бон» (Иоанны 12:44, 45, 48).
Уый фӕстӕ Йесо йӕ ныхас балхынцъ кодта: «Ӕз мӕхи фӕндӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ мын мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый. Ӕмӕ йӕ ӕз зонын, йӕ фӕдзӕхст ӕнусон цардмӕ кӕй кӕны» (Иоанны 12:49, 50). Йесо зыдта, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны сӕрвӕлтау тагъд йӕ туг кӕй ныккалдзӕн (Ромӕгтӕм 5:8, 9).