-
«Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» Хуыцауӕн кад хӕссыХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 апрель
-
-
3. а) «Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд Хуыцауы куыд кадджын кӕндзыстӕм? ӕ) Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?
3 Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ удыхъӕды цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдон сты, чи нын сӕ дӕтты, уымӕ йӕхимӕ дӕр, Йегъовӕ Хуыцаумӕ дӕр (Кол. 3:9, 10). Чырыстӕттӕ Хуыцауы сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕзмой, уый тыххӕй Йесо йӕ апостолтӕн афтӕ загъта: «Бирӕ дыргъ куы хӕссат..., уӕд уымӕй мӕ Фыд скадджын уыдзӕн»a (Иоан. 15:8). «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕмӕ уый та нӕ Хуыцауӕн хӕссы кад (Матф. 5:16). Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, ацы фыддунейы адӕммӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй? Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый куыд ис нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕн? Уыцы хъуыддаг ӕнцон цӕуылнӕ у? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагмӕ цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй фыццаг ӕртӕмӕ ӕркӕсын. Уыдон сты уарзондзинад, цин ӕмӕ фарн.
-
-
«Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» Хуыцауӕн кад хӕссыХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 апрель
-
-
a Йесо цы дыргъы кой кодта, уымӕ хауы, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» дӕр, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ чырыстӕттӕ сӕ «дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн» Хуыцауы ном кӕй кадджын кӕнынц, уый дӕр (Дзут. 13:15).
-