-
«Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2006 | 1 июль
-
-
Иегъовӕ израилӕгты абарста сӕнӕфсиримӕ. Раст ахӕм абарстӕй спайда кодта Йесо дӕр. Сусӕг ӕхсӕвӕр кӕй хонынц, уыцы изӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕлас, Мӕ Фыд та у сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕг» (Иоанны 15:1, «Мах дуг» № 5, 1992). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты абарста сӕнӕфсиры къалиутимӕ. Ӕнӕуи сӕнӕфсиры къалиутӕм тых зӕнгӕй куыд цӕуы, афтӕ Чырыстийӕн дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ йемӕ иудзинады уой. «Ӕнӕ Мӕн ницы кӕнын у уӕ бон»,– загъта Йесо (Иоанны 15:5). Зӕхкусӕг сӕнӕфсирмӕ йӕ дыргъы тыххӕй зилы, ӕмӕ Иегъовӕ дӕр йӕ адӕммӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй уырнындзинады дыргъ хӕссой. Уый Хуыцауӕн, Сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕгӕн, ӕхсызгон у ӕмӕ йын кад хӕссы (Иоанны 15:8).
-
-
«Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2006 | 1 июль
-
-
«Хӕссут бирӕ дыргъ»
«Ӕцӕг сӕнӕфсиры» къалиутӕ сты сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕлӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр хъуамӕ ӕвдисой, Чырыстийы дыргъхӕссӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты (Иоанны 10:16). Уыдонӕн дӕр сӕ бон у «бирӕ дыргъ» хӕссын ӕмӕ сӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын (Иоанны 15:5, 8). Йесо дӕнцӕгӕн ӕцӕг сӕнӕфсир кӕй ӕрхаста, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ ирвӕзындзинад баст кӕй у, Йесоимӕ иудзинады уыдзыстӕм ӕмӕ уырнындзинады хорз дыргъ хӕсдзыстӕм ӕви нӕ, ууыл. Йесо загъта: «Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй» (Иоанны 15:10, НТ).
-