Библийы чиныг 43 – Иоанны
Ныффыста йӕ: апостол Иоанн
Кӕм ӕрцыд фыст: Ефесы кӕнӕ уырдӕм ӕввахс
Фыст фӕцис: н. э. 98 азмӕ ӕв.
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. 29–33 азтӕ (ӕнӕ разныхасӕй)
ФЫЦЦАГ ӕнусы чырыстӕттӕ 30 азӕй фылдӕр пайда кодтой Матфей, Марк ӕмӕ Лукайы Евангелитӕй. Уыдон сын стыр аргъ кодтой, уымӕн ӕмӕ фыст ӕрцыдысты Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы. 1 ӕнусы кӕронмӕ, Чырыстиимӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм чи лӕггад кодта, уыдоны нымӕц къаддӕр кодта. Уымӕ гӕсгӕ фӕзынд фарст: Чырыстийы цард ӕмӕ йӕ лӕггад йӕ зӕрдыл чи ӕрлӕууын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ чи радзурдзӕн? Апостол Иоанн. Уыцы ацӕргӕ апостол Хуыцауӕй уӕлдай арфӕгонд ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ уыд Йесойы хуыздӕр ӕмбӕлттӕй иу. Ӕвӕццӕгӕн, Иоанн уыд, Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй Йесоимӕ фыццаг чи базонгӕ, уыдонӕй. Стӕй ма Иоанн уыд, Йесо йемӕ фыццаг хатт хъусын кӕнынмӕ кӕй фӕхуыдта, уыцы цыппарӕй иу (Иоан. 1:35–39; Марчы 1:16–20). Зӕххыл йӕ лӕггады рӕстӕг Йесо ӕмӕ Иоанн уыдысты ӕмбӕлттӕ. Йесо Иоанны нымадта йӕ уарзон ахуыргӕнинагыл, «уый бадт йӕ разы», фӕстаг хатт иумӕ Куадзӕн куы бӕрӕг кодтой, уӕд (Иоан. 13:23; Матф. 17:1; Марчы 5:37; 14:33). Иоанн йӕхи цӕстӕй федта, Йесойӕн йӕ мӕлӕты размӕ цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, уыдон. Растдӕр ын уыцы рӕстӕг бафӕдзӕхта Йесо йӕ мад Марийӕйы. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Иоанн Петрӕй фӕраздӕр, дыууӕйӕ дӕр зӕппадзмӕ куы азгъордтой, Йесойы райгасы хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый базонынмӕ, уӕд (Иоан. 19:26, 27; 20:2–4).
2 Иоанн Йегъовӕйӕн лӕггад кодта 70 азы дӕргъы, федта цӕстылуайӕнтӕ, стӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, сакъадах Патмосы ахӕстоны иунӕгӕй цы рӕстӕг арвыста, уый. Уыдӕтты фӕрцы йӕ бон сси, йӕ зӕрдӕйы бирӕ рӕстӕг ӕмбӕхст хӕзнайау цы хабӕртӕ фӕдардта, уыдон ныффыссын. Хуыцауы сыгъдӕг уды руаджы Иоанн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта ӕмӕ ныффыста бирӕ ахсджиаг, царддӕттӕг хабӕрттӕ, цӕмӕй сӕ чи кӕсы, уыдоны «уырна, Йесо кӕй у Чырысти, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ сӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ сын йӕ номы фӕрцы цард уа» (20:31).
3 Дыккаг ӕнусы райдианы цӕрӕг чырыстӕттӕ ацы Евангелийы фыссӕгыл нымадтой Иоанны, йӕ чиныг та, Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй ныффыссын кодта, уыцы Сыгъдӕг Фыстыты хайыл. Александриаг Климент, Ириней, Тертуллиан ӕмӕ Ориген цардысты 2 ӕнусы кӕрон ӕмӕ 3 ӕнусы райдиан, ӕмӕ уыдон дӕр дзырдтой, чиныг Иоанн кӕй ныффыста. Уымӕй уӕлдай, чиныгӕн йӕхи мидӕг дӕр ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ, йӕ фыссӕг Иоанн кӕй уыд, уымӕн. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ацы Евангелийы фыссӕг дзуттаг кӕй уыд ӕмӕ хорз кӕй зыдта дзуттаг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ йӕ бӕстӕ (2:6; 4:5; 5:2; 10:22, 23). Иоанны чиныджы цы лыстӕг хабӕртты кой ис, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ чи ныффыста, уый апостолтӕй кӕцыфӕнды нӕ уыд, фӕлӕ Петр, Иаков кӕнӕ Иоанн, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст уыдон зыдтой уыцы хабӕрттӕ (Матф. 17:1; Марчы 5:37; 14:33). Ацы Евангели Иаков (Зеведейы фырт) нӕ ныффыстаид, уымӕн ӕмӕ йӕ Ирод Аргиппӕ I амарын кодта н. э. 44 азмӕ ’ввахс, Иоанны Евангели фыст кӕд ӕрцыд, уымӕй бирӕ раздӕр (Ап. хъ. 12:2). Уӕдӕ Петр дӕр нӕ уыдаид, уымӕн ӕмӕ Иоанны 21:20–24 чиныджы фыссӕгимӕ сӕ кой иумӕ цӕуы.
4 Фӕстаг стихты чиныджы авторы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы ахуыргӕнинаг у, «Йесо кӕй уарзта», уый. Ацы ныхӕстӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ныхӕстӕ Иоанны чиныджы цалдӕр хатты ӕмбӕлынц, фӕлӕ дзы Иоанны кой иу хатт дӕр нӕй. Уыцы ахуыргӕнинагӕй Йесо загъта: «Кӕд мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ уый ме ’рцыдмӕ баззайа, уӕд дӕуӕн цы уӕлдай у?» (Иоан. 21:20, 22). Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уыцы ахуыргӕнинаг Петрӕй ӕмӕ иннӕ апостолтӕй дӕр фылдӕр кӕй хъуамӕ фӕцӕрдаид. Ӕппӕт ацы лыстӕгдзинӕдтӕ ӕвдисынц, цы ахуыргӕнинаджы кой кӕны, уый Иоанн кӕй уыд. Цымыдисаг у, апостол Иоанн Йесойы ӕрцыды тыххӕй Раргомад куы райста, уӕд уыцы диссаджы пехуымпарад ахӕм ныхӕстӕй кӕй фӕци: «Аммен! Ӕрцу, Хицау Йесо» (Рарг. 22:20).
5 Кӕд Евангели бӕлвырд ницы дзуры, Иоанн ӕй кӕд ныффыста, уый тыххӕй, уӕддӕр, куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй уый уыд, Патмосы ахӕстонӕй куы суӕгъд, уыцы рӕстӕг (Рарг. 1:9). Ромаг император Домициан кӕй ӕрцахста, уыдонӕй бирӕты суӕгъд кодта ног император Нервӕ (н. э. 96–98 азтӕ). Куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй Евангели фыст фӕцис н. э. 98 азы, Иоанн та амард н. э. 100 азы Ефесы, император Траян ӕртыккӕгӕм аз паддзах куыд уыд, уӕд.
6 Историк Евсеви (н. э. 260–342 азтӕм ӕввахс), Ефес ӕмӕ йӕ алфамбылӕйтты тыххӕй дзургӕйӕ, ӕрхаста Иринейы ныхӕстӕ: «Иоанн, нӕ Хицауы ахуыргӕнинаг, йӕхи йӕ риуыл чи бакъул кодта, уый ныффыста Евангели, Ефесы (Асийы) куы уыд, уӕд»a. Иоанн йӕ чиныг Палестинӕйы кӕй нӕ ныффыста, уый бӕрӕг у, Йесойы ныхмӕлӕуджыты «фарисейтӕ» ӕмӕ «хистӕр сауджынтӕ» кӕй не схуыдта, фӕлӕ «дзуттӕгтӕ» (1:19; 12:9). Стӕй ма, Галилейы денджыз схуыдта йӕ ромаг номӕй, Тивериадӕйы денджыз, зӕгъгӕ (6:1; 21:1). Ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи уыд, уыдоны тыххӕй Иоанн ӕмбарын кодта дзуттаг бӕрӕгбӕттӕ (6:4; 7:2; 11:55). Патмос, Иоанн ахст кӕм уыд, уыцы сакъадах уыд Ефесмӕ ’ввахс, уымӕ гӕсгӕ, Раргомады 2 ӕмӕ 3 сӕртӕй куыд зыны, афтӕмӕй хорз зыдта Ефесы ӕмӕ Къаннӕг Азийы иннӕ ӕмбырдтӕ.
7 Ссӕдзӕм ӕнусы ссардтой ахсджиаг манускрипттӕ. Уыцы манускрипттӕй бӕрӕг у, Иоанны Евангелийыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Уыдонӕй иу у Иоанны Евангелийӕ скъуыддзаг, ссардтой йӕ Египеты ӕмӕ йӕ хонынц Райлендзы папирус 457 (P52). Ис дзы Иоанны 18:31–33, 37, 38 стихтӕ ӕмӕ абон сты Джон Райлендзы библиотекӕйы, Манчестеры (Англис)b. Ацы Евангели Иоанн 1 ӕнусы кӕрон кӕй ныффыста, уый тыххӕй Фредерик Кеньон (ӕгас нал у) йӕ чиныджы фыста: «Кӕд ацы скъуыддзаг гыццыл у, уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, н. э. 130–150 азты йӕ Египеты (ромаг провинци) кӕм ссардой, уым дзы кӕй пайда кодтой. Уыцы манускрипт фыст кӕд ӕрцыд ӕмӕ дзы ӕндӕр рӕтты дӕр пайда кӕнын кӕд райдыдтой, ууыл дзургӕйӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иоанны Евангели фыст ӕрцыд, цы азтӕй дзурынц, уӕд, ома 1 «ӕнусы кӕрон» («The Bible and Modern Scholarship», 1949, p. 21).
8 Иоанны Евангели суанг йӕ фыццаг ныхӕстӕй дӕр адӕймаджы цымыдисы ӕфтауы. Ныхас дзы цӕуы, «райдианы... Хуыцауимӕ» чи уыди ӕмӕ ӕппӕт дӕр кӕй фӕрцы фӕзынд, уыцы Дзырды тыххӕй (1:2). Иоанн куы радзырдта, Фыд ӕмӕ Фырт кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, уӕд райдыдта рӕсугъд ӕвзагӕй фыссын, Йесо цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, уый тыххӕй. Уӕлдай тынгдӕр йӕ хъус ӕрдардта, Хуыцау алцыдӕр йӕ уарзондзинадӕй кӕй сфӕлдыста, уымӕ. Ацы Евангелийы ныхас цӕуы н. э. 29–33 азты дӕргъы Йесойы царды цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй. Ныхас ма дзы цӕуы, Йесо цы цыппар Куадзӕны бӕрӕг кодта, уыдоныл дӕр. Уый ма ноджыдӕр иу бӕлвырдгӕнӕн у, йӕ лӕггад ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг кӕй ахаста, уымӕн. Ӕртӕ Куадзӕны тыххӕй дзы ныхас цӕуы комкоммӕ (2:13; 6:4; 12:1; 13:1). Уыцы бӕрӕгбӕттӕй иу схуыдта «дзуттӕгты бӕрӕгбон», фӕлӕ иннӕ стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыцы бӕрӕгбон уыдис, Йесо афтӕ куы загъта, «хуымгӕрдӕнтӕм ма цыппар мӕйы баззад», зӕгъгӕ, уый хӕдфӕстӕ ӕмӕ уый та амоны хуымгӕрдӕнты райдианмӕ, ома Куадзӕны рӕстӕгмӕ (4:35; 5:1)c.
9 Иоанн йӕ Евангелийы цы хабӕртты кой ракодта, уыдонӕн сӕ 92 проценты иннӕ ӕртӕ чиныджы не сты. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ чиныг фӕцис ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕвгӕ ма Йесо ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон фӕфысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой» (21:25).
ЦЫ ПАЙДА У
30 Иоанн йӕ Евангели куыд ӕргом ӕмӕ комкоммӕ ныффыста, уый, стӕй Йесойы ’мбал кӕй уыд, уый дӕр ын йӕ ныхасӕн дӕтты стыр уӕз ӕмӕ уый руаджы Чырыстийы, Хуыцауы сӕрст Фырты, ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ бӕлвырд ӕвдыст ӕрцыдысты. Кӕд Иоанн йӕ чиныг хуымӕтӕг ӕвзагӕй ныффыста, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, «ахуырдзинад» ӕм кӕй нӕ уыд ӕмӕ «хуымӕтӕг» адӕймаг кӕй уыд, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ зӕрдӕмӕ тынг хъарынц (Ап. хъ. 4:13). Иоанны Евангелийы тӕккӕ ахсджиагдӕр хъуыды у, Фыд ӕмӕ Фырты ’хсӕн цы стыр уарзондзинад ис ӕмӕ семӕ иудзинады уай, уый цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый. Иннӕ ӕртӕ Евангелийы иумӕ куы райсӕм, уӕд дзы дзырдтӕ «уарзондзинад», «уарзт» ӕмӕ «уарзын» уыйбӕрц не ’мбӕлынц, Иоанны чиныджы цал хатты ӕмбӕлынц.
31 Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты ’хсӕн стыр уарзондзинад уыд ӕппӕты райдианӕй дӕр. Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ «Дзырд сси зӕххон адӕймаг ӕмӕ цард не ’хсӕн, ӕмӕ йын мах федтам йӕ кад – фыдӕй иунӕг фыртӕн цы кад вӕййы, уыцы кад. Уый хайджын уыд стыр хорзӕхӕй ӕмӕ ӕцӕгдзинадӕй» (Иоан. 1:14). Иоанны Евангелийы райдианӕй кӕронмӕ зыны, Йесо ахсджиагыл кӕй нымадта алы хъуыддаджы йӕ Фыды коммӕ кӕсын, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаид (4:34; 5:19, 30; 7:16; 10:29, 30; 11:41, 42; 12:27, 49, 50; 14:10). Йесо йӕ Фыдимӕ куыд ӕнгом уыд, уый сӕйраджыдӕр зыны Иоанны 17 сӕрӕй. Уым мах кӕсӕм, Йесо куыд куывта, йӕ Фыд ын зӕххыл цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕй сӕххӕст кодта, уый тыххӕй. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕмӕ мӕ ныр, мӕ Фыд, скадджын кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа» (17:5).
32 Цы ис зӕгъӕн, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куыд уыд, уый тыххӕй та? Йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕппӕт адӕмы дӕр Хуыцауы арфӕ уыд Йесойы фӕрцы ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы цы банат ис, уый бӕлвырдӕй-бӕлвырддӕр кӕны (14:13, 14; 15:16; 16:23, 24). Иоанны чиныджы Йесойы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у «Хуыцауы Уӕрыкк», «царддӕттӕг дзул», «дунейӕн рухс», «хорз фыййау», «райгасдзинад ӕмӕ цард», «фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард» ӕмӕ «ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕлас» (1:29; 6:35; 8:12; 10:11; 11:25; 14:6; 15:1). «Ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕласы» тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо равдыста, цы иудзинад ис йӕ фӕдылдзӕуджытӕн йемӕ ӕмӕ йӕ Фыдимӕ. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕ бирӕ дыргъ куы хӕссой, уӕд кадджын кӕндзысты Хуыцауы. Йесо загъта: «Мӕ Фыд мӕн куыд бауарзта ӕмӕ ӕз та сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр фидар хӕцут мӕ уарзондзинадыл» (15:9).
33 Уый фӕстӕ Йесо зӕрдӕбынӕй скуывта Йегъовӕмӕ, кӕй бауарзта, ӕппӕт уыдоны ӕмӕ ма йыл «сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр», цӕмӕй йемӕ ӕмӕ йӕ Фыдимӕ иудзинады уой ӕмӕ ӕцӕгдзинады фӕрцы ссыгъдӕг уой. Йесо цӕмӕн лӕггад кодта, уый хорз зыны йӕ куывды фӕстаг ныхӕстӕй: «Ӕз дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады» (17:20, 26).
34 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ацы дунейы ныууагъта, фӕлӕ сӕ нӕ ныууагъта ӕнӕ ӕххуысгӕнӕгӕй, радта сын «ӕцӕгдзинады сыгъдӕг уд». Уымӕй уӕлдай ма сын радта ахсджиаг уынаффӕ, ацы дунемӕ цы цӕстӕй кӕсой, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр «рухсы хъӕбултӕ» уой (14:16, 17; 3:19–21; 12:36). Йесо загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгдзинад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгдзинад ссӕрибар кӕндзӕн». Фӕлӕ талынджы фырттӕн та загъта: «Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фӕнды, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын. Уый... ӕцӕгдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг ӕцӕгдзинад нӕй». Цӕй уӕдӕ, ӕцӕгдзинадыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм, «Фыдӕн кувӕм сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» ӕмӕ нӕхи фидар кӕнӕм Йесойы ныхӕстӕй: «Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (8:31, 32, 44; 4:23; 16:33).
35 Ӕппӕт адӕттӕ баст сты Хуыцауы Паддзахадимӕ. Йесойыл тӕрхон куы кодтой, уӕд загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ӕрцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу». Стӕй Пилаты фарстӕн дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, ӕз паддзах кӕй дӕн. Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон. Ӕцӕгдзинады фарс чи у, уый мӕм хъусы» (18:36, 37). Уӕдӕ амондджын сты, Йесомӕ чи хъусы ӕмӕ «ногӕй [чи] райгуыры», цӕмӕй Паддзахимӕ «Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуой», уыдон. Амондджын сты, уыцы Паддзах ӕмӕ Фыййаумӕ чи хъусы ӕмӕ цард лӕвӕрд кӕмӕн цӕуы, уыцы «ӕндӕр фыстӕ». Уӕдӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм Иоанны Евангелийӕн, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцыд фыст, «цӕмӕй нӕ уырна, Йесо кӕй у Чырысти, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ нӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ номы фӕрцы цард уа» (3:3, 5; 10:16; 20:31).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Евсеви Памфил. Церковная история. V, VIII, 4.