Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 45 урок. Ӕрыгӕттӕ скъолайы ард хӕрынц; хо уӕздан лӕуд кӕны, ницы дзуры ӕмӕ иннӕтау йӕ къух йӕ зӕрдӕйыл нӕ сӕвӕрдта, афтӕмӕй.

      45 УРОК

      Ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      Йесо загъта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ацы дунейӕ ма уой (Иоанны 15:19). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм, ома политикӕйы ӕмӕ хӕстыты никӕй фарс вӕййӕм. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уый тыххӕй ныл, чи зоны, иннӕтӕ худгӕ дӕр кӕной. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгты ма архайӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм?

      1. Ӕцӕг чырыстӕттӕ зӕххон хицауӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

      Чырыстӕттӕ хицӕутты нымайынц. Мах Чырыстимӕ хъусӕм, ӕмӕ, «паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттӕм», ома нӕ бӕстӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъӕм, хъалонтӕ фидӕм (Марчы 12:17). Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй зӕххон хицӕуттӕм цы бартӕ ис, уыдон сын Йегъовӕйӕ лӕвӕрд сты (Ромӕгтӕм 13:1). Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, зӕххон хицӕуттӕн сӕ бартӕ ӕгӕрон кӕй не сты. Мах зонӕм, адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй нӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ уӕларвон Паддзахад кӕй фервӕзын кӕндзысты.

      2. Ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

      Йесойау мах дӕр политикӕйы нӕ архайӕм. Иухатт Йесо диссаг куы сарӕзта, уӕд ӕй адӕм хъавыдысты паддзахӕй сӕвӕрынмӕ. Фӕлӕ Йесо йӕхи дард айста (Иоанны 6:15). Цӕмӕн, уый бамбарӕн ис, фӕстӕдӕр цы загъта уымӕй: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм, зӕгъӕм, хӕстмӕ нӕ цӕуӕм. (Бакӕс Михейы 4:3.) Бӕстӕйы символтӕн (зӕгъӕм, тырысайӕн) аргъ кӕнӕм, фӕлӕ сын табу нӕ кӕнӕм (1 Иоанны 5:21). Стӕй иу партийӕн дӕр ӕмӕ иу кандидатӕн дӕр нӕдӕр йӕ фарс стӕм, нӕдӕр йӕ ныхмӕ. Ацы ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй мах ӕвдисӕм, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы хицауадыл, ома йӕ Паддзахадыл, кӕй стӕм иузӕрдион.

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, цавӕр уавӕрты вӕййы зын, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хи хизын. Стӕй ма базон, дӕ бон куыд у, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын.

      Нӕлгоймаг политикӕйы хъуыддӕгты нӕ архайы. Алыхуызон партиты кандидаттӕ адӕмӕн цы дзурынц, уымӕ нӕ хъусы.

      3. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц

      Йесо ӕмӕ нын йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сты фӕзминаг. Бакӕсут Ромӕгтӕм 13:1, 5–7 ӕмӕ 1 Петры 2:13, 14. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц» (1 хай) (4:28)

      • Зӕххон хицӕутты цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

      • Сӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг?

      Хӕсты рӕстӕджы иуӕй-иу бӕстӕты хицауӕдтӕ фӕдзурынц, сӕ бӕстӕ хӕсты кӕй нӕ архайы. Афтӕмӕй та, чи фӕхӕцы, уыцы бӕстӕтӕн феххуыс кӕнынц. Ахӕм уавӕры ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой? Бакӕсут Иоанны 17:16. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц» (2 хай) (3:11)

      • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм?

      Хицӕуттӕ нын, Хуыцауы закъоны ныхмӕ цы у, ахӕм исты куы аразын кӕной, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 5:28, 29. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц» (3 хай) (1:18)

      • Адӕмы закъон Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы уа, уӕд дзы кӕй закъон хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?

      • Чырыстон цавӕр уавӕрты нӕ байхъусдзӕн хицӕуттӕм?

      4. Нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ

      Бакӕсут 1 Иоанны 5:21. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Ӕцӕг чырыстӕтты хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы? Цӕмӕй политикӕйы ӕмӕ хӕстыты ма архайой» (2:49)

      • Аенге партимӕ цӕуылнӕ бацыд ӕмӕ, бӕстӕйы кад чи бӕрзонд кӕны, ахӕм хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайдта, зӕгъӕм, тырысайӕн цӕуылнӕ табу кодта?

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, раст кодта?

      Цавӕр уавӕрты ма нын вӕййы зын нӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «„Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй зондӕн цы райстам. Ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дӕхи хиз» (5:16)

      • Алыхуызон бӕстӕтӕ кӕм фӕархайынц, ахӕм спортивон хъӕзтытӕм кӕсгӕйӕ нӕ бон куыд у ӕвдисын, ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый?

      • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, кӕд, политиктӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон махыл дӕр бандавынц, уӕддӕр?

      • Политикӕйы тыххӕй ног хабӕрттӕм куы хъусӕм кӕнӕ, политикӕйы тыххӕй дзурын чи уарзы, ахӕм адӕмимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд ныл уый куыд бандавдзӕн?

      Нывтӕ: 1. Адӕм плакаттыл хӕцынц ӕмӕ мӕстыйӕ хъӕр кӕнынц. 2. Спортивон хъазты рӕстӕг нӕлгоймаг тырыса хӕрдмӕ систа ӕмӕ хъӕр кӕны. 3. Скъоладзау ард хӕры. 4. Ӕфсӕддон автоматимӕ. 5. Дыууӕ кандидаты быцӕу кӕнынц. 6. Сылгоймаг хъӕлӕс кӕны ӕмӕ къоппы гӕххӕтт ӕппары.

      Чырыстӕттӕ ацы дунейӕ кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ цавӕр хъуыддӕгты нӕ архайынц?

      ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Иу партийы фарс дӕр цӕуылнӕ дӕ?»

      • Цавӕр дзуапп ын раттис?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй суанг сӕ хъуыдыты дӕр политикӕимӕ баст хъуыддӕгты макӕй фарс уой. Ӕмӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый бӕрӕг у сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй дӕр.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Зӕххон хицауӕдтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

      • Политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

      • Цавӕр уавӕрты вӕййы зын ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хи хизын?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Цӕмӕй политикӕйы хъуыддӕгты ма архайӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, цы бахъӕуа саразын?

      «Йегъовӕ нӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта» (3:15)

      Бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгты ма архайой?

      «Ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм, кӕмфӕнды ма уӕм, уӕддӕр» (4:25)

      Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕрыл тох кӕнын ӕппӕты стырдӕр кад у?

      «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (5:19)

      Базон, куысты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ бон куыд у йӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизын.

      «Алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн» (2006 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

  • Ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд дӕр дӕ бон у фидар фӕлӕууын
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • Абон уа ӕви райсом – чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныхмӕ цӕудзысты ӕмӕ ма суанг ӕфхӕрд дӕр ӕййафдзысты. Уыдӕттӕй тӕрсын хъӕуы?

      1. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы?

      Библийы ӕргом фыст ис: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:12). Йесойы ӕфхӕрдтой, Хӕйрӕджы дунеимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы уыд, уый тыххӕй. Мах дӕр ацы дунейӕ не стӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дис ма кӕнӕм, хицауад кӕнӕ та нӕ дины организацитӕ куы ӕфхӕрой, уӕд (Иоанны 15:18, 19).

      2. Нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уымӕ?

      Хъуамӕ ныр райдайӕм ахуыр кӕнын нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ-иу Библийӕ скъуыддзаг бакӕс. Ӕмбырдтӕ ма цух кӕн. Уыдӕттӕ дын хъарутӕ дӕтдзысты фидар фӕлӕууынӕн, дӕ ныхмӕ суанг дӕ бинонтӕ куы цӕуой, уӕд дӕр. Апостол Павел-иу ӕфхӕрд арӕх баййӕфта ӕмӕ ныффыста: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:6).

      Нӕ хъӕбатырдзинадыл ма бафтдзӕн, ӕдзух куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Хъусын кӕнгӕйӕ фӕахуыр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ адӕмӕй ма тӕрсӕм (Ӕмбисӕндтӕ 29:25). Ныр хъӕбатырӕй куы хъусын кӕнай, уӕд хъусын кӕндзынӕ, хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, суанг уӕд дӕр (1 Фессалоникӕгтӕм 2:2).

      3. Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд-иу фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

      Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц ӕмӕ нӕ куы фефхӕрынц, уӕд цин нӕ фӕкӕнӕм. Фӕлӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бон нал у, уӕд фенӕм, Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы баввахсдӕр вӕййӕм. (Бакӕс Иаковы 1:2–4.) Зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ фӕриссы. Фӕлӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд фӕцин кӕны. Библийы фыст ис: «Кӕд хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмар кӕнут ӕмӕ фидар лӕуут, уӕд уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у» (1 Петры 2:20). Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы лӕвар – ӕнусон цард ног дунейы. Уым иууылдӕр лӕггад кӕндзысты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ нӕ ныхмӕ ничиуал цӕудзӕн (Матфейы 24:13).

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр уый гӕнӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм.

      Сылгоймаг Библи ахуыр кӕнынмӕ фӕцӕуы, кӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ нӕ уадзынц, уӕддӕр.

      4. Дӕ бон у фидар фӕлӕууын, дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд

      Йесо ӕргом загъта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ нӕ бинонты зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый. Бакӕсут Матфейы 10:34–36 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Адӕймаджы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы бафӕнда, уӕд йӕ бинонтӕ, чи зоны, цы дзурой кӕнӕ цы аразой?

      Уымӕн цӕвиттон ис видеороликы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ райста» (5:13)

      • Дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ дӕ де ’мбӕлттӕй исчи Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы къуылымпы кӕна, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

      Бакӕсут Псалом 27:10 ӕмӕ Марчы 10:29, 30. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы зӕрдӕвӕрд дын куыд баххуыс кӕндзӕн, дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй исчи дӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд?

      5. Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн

      Мах хъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, иннӕтӕ нӕ куы хъыгдарой, уӕд. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ, ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Хъӕбатырдзинад ӕвдисынц, кӕд сӕ фӕдыл зилынц, уӕддӕр» (6:27)

      • Сӕ цӕвиттонтӕй дын дӕ ныфсыл ныфс цы бафтыдта?

      Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 5:27–29 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 10:24, 25. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, хицауад нӕ ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадза, суанг уӕд дӕр?

      6. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – ацӕргӕтӕ дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр – ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, кӕд ӕфхӕрд феййафынц, уӕддӕр. Уымӕн сын цы ’ххуыс кӕны, уый базоныны тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕ Хуыцау мӕ фидар кӕндзӕн» (3:40)

      • Ацы Ӕвдисӕнтӕн фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта?

      Бакӕсут Ромӕгтӕм 8:35, 37–39 ӕмӕ Филиппӕгтӕм 4:13. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы стих дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, дӕ бон цыфӕнды фӕлварӕны сӕрты ахизын дӕр кӕй бауыдзӕн, ууыл?

      Бакӕсут Матфейы 5:10–12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр амондджын цӕмӕн уыдзынӕ?

      Нӕ рӕстӕджы йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта ӕмӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй милуантӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, кӕд-иу ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр. Дӕуӕн дӕр дӕ бон бауыдзӕн!

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд нӕ бафӕраздзынӕн».

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, ахӕм адӕймаджы цавӕр стих бафидар кӕндзӕн?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр ын кӕй фӕлӕггад кӕнӕм, уымӕн. Йемӕ фидар фӕлӕудзыстӕм цыфӕнды фӕлварӕны дӕр!

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Чырыстӕттӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы, кӕй сӕ фефхӕрынц, уый?

      • Ныр дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, нӕ фӕдыл куы зилой, уымӕ цӕттӕ уай?

      • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, дӕ бон кӕй бауыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕны сӕрты дӕр ахизын?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, иу ӕрыгон ӕфсымӕрӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта, ӕфсадмӕ ацӕуын кӕй нӕ бакуымдта, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны куы сбадын кодтой, уӕд.

      «Фидар лӕууынц, кӕд сӕ фӕдыл зилынц, уӕддӕр» (2:35)

      Базон, иу лӕг ӕмӕ ус бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй цӕй фӕрцы лӕггад кодтой, кӕд сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр.

      «Зын рӕстӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты» (7:14)

      Базон, куыд ис фидар фӕлӕууӕн, ӕфхӕрд куы ’ййафӕм, уӕд.

      «Нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнӕм, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ» (2019 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ ахӕм уавӕры фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм?

      «Рӕстдзинад фарн нӕ хӕссы, фӕлӕ „хъама“» (2017 азы октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын