Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фыццаг нӕ «Хуыцау бауарзта»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • Ахӕм уарзондзинад никуы ничи равдыста

      4. Йесо ӕнӕуи адӕймаг кӕй нӕ уыд, уый ромаг ӕфсӕддон цӕй фӕрцы бамбӕрста ӕмӕ цавӕр хъуыдымӕ ’рцыд?

      4 Йесойы куыд байтыгътой, уымӕ чи каст, уыцы ӕфсӕддон куы федта, Йесойы мӕлӕты размӕ бӕстӕ куыд баталынг ӕмӕ зӕхх куыд нынкъуысыд, уӕд хорзау нал фӕци. Ӕфсӕддон загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди» (Матфейы 27:54). Уый бамбӕрста, Йесо ӕнӕуи адӕймаг кӕй нӕ уыд. Уыцы ӕфсӕддон уыд Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырты марджытӕй сӕ иу. Цымӕ Фыд йӕ Фырты тынг уарзта?

      5. Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт уӕлӕрвты иумӕ цас рӕстӕг уыдысты?

      5 Библи Йесойы хоны, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы Фырт цард, Дун-дуне куы нӕма фӕзынд, уӕдмӕ дӕр. Фыд ӕмӕ Фырт иумӕ цас рӕстӕг уыдысты? Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Дун-дуне фӕзынд 13 миллиард азы размӕ. Уый цас у, уый нӕ зонд ахсгӕ дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ кӕд ахуыргӕндты хъуыды раст у, уӕд Йегъовӕйы Фырт цӕры 13 миллиард азӕй бирӕ фылдӕр! Уыцы рӕстӕджы дӕргъы Хуыцауы Фырт цы куыста?

      6. а) Цалынмӕ Йегъовӕйы Фырт зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ цы куыста? б) Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзийы куыд уарзынц, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

      6 Фыртӕн ӕхсызгон уыди йӕ Фыдимӕ кусын, куыд «дӕсны кусӕг», афтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:30). Библийы фыст ис: «Ӕнӕ уымӕй [ома, ӕнӕ Фыртӕй] ницы фӕзынд» (Иоанны 1:3). Уӕдӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт алцыдӕр иумӕ сфӕлдыстой. Тынг ӕхсызгон сын уыд иумӕ кусын. Ныййарӕг ӕмӕ сывӕллон кӕрӕдзи куыд тынг фӕуарзынц, уый не ’ппӕт дӕр зонӕм. Уарзондзинады хуызӕн «ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:14). Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт иумӕ уыйбӕрц рӕстӕг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзи афтӕ тынг уарзтой, ӕмӕ уый нӕ бон бамбарын дӕр нӕу. Уӕдӕ Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзи куыд тынг уарзынц, афтӕ ничи.

      7. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ куыд равдыста, кӕй йӕ уарзы, уый?

      7 Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ йӕ Фырты афтӕ тынг уарзта, уӕддӕр ӕй уӕларвӕй зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕймагӕй райгуырдаид. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хъуамӕ йӕ Фыртимӕ кӕрӕдзийӕ 30 азӕй фылдӕрмӕ фӕхицӕн уыдаиккой. Йегъовӕ уӕларвӕй зӕхмӕ каст ӕмӕ уыдта, Йесо куыд рӕзыд ӕмӕ куыд слӕг, уый. Йесойыл 30 азы куы цыди, уӕд донаргъуыд райста. Цымӕ уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд? Йегъовӕ йӕхӕдӕг уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:17). Йегъовӕ йӕ Фырты тыххӕй пехуымпарӕдты цыдӕриддӕр ныффыссын кодта, уыдӕттӕ Йесо иууылдӕр сӕххӕст кодта. Уӕдӕ йӕ Фыд куыннӕ хъуамӕ цин кодтаид! (Иоанны 5:36; 17:4).

      8, 9. а) Нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны Йесо цытӕ бавзӕрста ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ куыд кодта? б) Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид?

      8 Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд кодта, нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны Йесойы куы ауӕй кодтой ӕмӕ йӕ ӕхсӕвыгон куы ’рцахстой, уӕд? Йӕ хӕлӕрттӕ йӕ куы ныууагътой ӕмӕ йын Сӕйраг тӕрхондон мӕлӕты тӕрхон куы рахаста, уӕд? Куы дзы хынджылӕг кодтой, куы йыл тутӕ кодтой ӕмӕ йӕ тымбыл къухӕй куы цавтой, уӕд? Ехсы цӕфтӕй йӕ фӕсонты царм ӕмӕ фыдтӕ куы скъуыдтӕ кодтой ӕмӕ йӕ туг куы лӕсӕнтӕ кодта, уӕд? Кӕнӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕдмӕ куы ныххуыдтой ӕмӕ йӕ хӕрдмӕ куы систой ӕмӕ дзы адӕм куы хынджылӕг кодтой, уӕд? Куыд кодта Фыды зӕрдӕ, йӕ уарзон Фырт ӕм хъӕдыл хъизӕмар кӕнгӕйӕ куы сдзынӕзта, уӕд? Куыннӕ скъуыдтӕ кодтаид йӕ зӕрдӕ, Йесо ма фӕстаг улӕфт куы скодта ӕмӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕд! (Матфейы 26:14–16, 46, 47, 56, 59, 67; 27:38–44, 46; Иоанны 19:1).

      9 Йесо куыд хъизӕмар кодта ӕмӕ куыд амард, уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕ цы рыст бавзӕрста, уый кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм. Фӕлӕ нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ йӕ Фырты амарын цӕмӕн бауагъта, уый. Йӕхицӕн ахӕм стыр рыст цӕмӕн бавзарын кодта? Уымӕн дзуапп ис Иоанны 3:16 стихы. Ацы стихы цы хъуыды ис, уый афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ йӕ хонынц Йесойы тыххӕй хорз хабар цыбыртӕй. Фыст дзы ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа». Йегъовӕ афтӕ бакодта, тынг нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Йӕ Фырты кӕй рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид, уый тынг зынаргъ лӕвар у. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста.

      «Хуыцау... радта йӕ иунӕг Фырты»

  • Фыццаг нӕ «Хуыцау бауарзта»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • 12 Библийы дзырд ага́пе арӕх фӕамоны, уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм уарзондзинадмӕ, ома иннӕты ахӕм уарзтӕй чи уарзы, уый фӕархайы Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ахӕм уарзондзинад ӕрмӕст ӕнкъарӕн нӕу. Мах фӕнды алкӕй дӕр ахӕм уарзтӕй уарзын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, уый раст кӕй у. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ иннӕты ахӕм уарзтӕй чи уарзы, уый сыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхсы. Ногӕй-ма ахъуыды кӕнӕм Иоанны 3:16 стихыл. Хуыцау афтӕ тынг кӕй бауарзта, ӕмӕ йӕ иунӕггуырд Фырты кӕй тыххӕй нӕ бавгъау кодта, уыцы «дуне» цӕмӕ амоны? Уый амоны, Йесойы нывонд пайда кӕмӕн ӕрхӕсдзӕн, уыцы адӕммӕ. Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ нырма цӕрынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд нӕ цӕуы, афтӕ. Цымӕ дзы Йегъовӕ алкӕй дӕр ӕввахс хӕлары хуызӕн уарзы, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамы куыд уарзта, афтӕ? (Иаковы 2:23). Нӕ, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ се ’ппӕтмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ дары, кӕд ын уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр. Фӕнды йӕ, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сӕ цардыуаг аивой (2 Петры 3:9). Бирӕтӕ аивынц, ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ свӕййынц.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын