Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
7–13 МАЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 7, 8
«Дӕ хъизӕмӕртты хъӕд райс ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цу»
(Марчы 8:34) Уый фӕстӕ адӕммӕ, стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 8:34 стихмӕ
йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд Кӕнӕ «йӕ бар йӕхиуыл мауал цӕуӕд». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ адӕймаг барвӕндонӕй йӕ къух йӕхиуыл систа ӕмӕ йӕхи Хуыцауӕн радта. Ацы грекъаг дзырдбаст афтӕ ратӕлмац кӕнӕн ис, зӕгъгӕ, «адӕймаг хъуамӕ йӕхицӕн „нӕ“ зӕгъа». Ӕмӕ уый раст у, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхи тыххӕй куы нал фӕцӕры, уӕд ӕй бахъӕуы йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ бӕллицтӕ ферох кӕнын (2Кр 5:14, 15). Петр Чырыстийӕ афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уыцы хабары тыххӕй Марк йӕ Евангелийы куы фыста, уӕд ацы грекъаг мивдисӕгӕй спайда кодта (Мч 14:30, 31, 72).
w92-U 1/8 17 ф., 14 абз.
Царды фӕндагыл куыд згъорыс?
14 Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, ӕмӕ ма дзы чи уыд, уыдонӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, (кӕнӕ «уый хъуамӕ йӕхицӕн „нӕ“, зӕгъгӕ, зӕгъа», Чарльз Уильямс) йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (Марчы 8:34). Чырыстийы фӕдыл цӕуын куы райдайӕм, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм уыцы хъуыддаг «ӕппынӕдзух» аразынмӕ, уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ басгуыхтыстӕм. Фӕлӕ ӕдзух ӕмбаргӕ куы нӕ уӕм, уӕд иу ӕнӕзонд хъуыддаг дӕр фаг уыдзӕн, цӕмӕй, цӕуыл бафыдӕбон кодтам, уымӕй ӕнӕхай фӕуӕм, суанг ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй дӕр. Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ уырнындзинад сфидар уа ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй йӕ бирӕ рӕстӕг фӕхъӕуы. Фӕлӕ ӕдзух къӕрцхъус куы нӕ уа, уӕд ӕппӕт уыдӕттӕй ӕвиппайды ӕнӕхай фӕуыдзӕн!
(Марчы 8:35–37) Йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй чи ратта, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн. 36 Уӕвгӕ, адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? 37 Ӕниу цы ратдзӕн адӕймаг йӕ царды тыххӕй?
w08 15/10 25, 26 фф., 3, 4 абз.
Цы раттис, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?
3 Растдӕр уӕд радта Йесо ацы цымыдисаг фарстытӕ: «Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?» ӕмӕ «Цы ратдзӕн адӕймаг йӕ царды тыххӕй?» (Марчы 8:36, 37). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, фыццаг фарстӕн йӕ дзуапп бӕлвырд у. Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый ницы пайда у. Мулк адӕймагӕн пайда у, адӕймаг ӕгас куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Йесойы дыккаг фарста та, «цы ратдзӕн адӕймаг йӕ царды тыххӕй», зӕгъгӕ, хъусджыты зӕрдыл, ӕвӕццӕгӕн, ӕрлӕууын кодта, Сайтан Иовы рӕстӕджы цы загъта, уый: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй кӕмӕдӕрты Сайтаны ныхӕстӕ, чи зоны, ӕмӕ раст фӕкӕсой. Бирӕтӕ удӕгасӕй баззайыны тыххӕй цыфӕнды дӕр бакӕндзысты, сӕ сӕрмӕ цыфӕнды ӕгад хъуыддаг дӕр ӕрхӕсдзысты. Фӕлӕ ацы хъуыддагмӕ чырыстӕттӕ кӕсынц бынтон ӕндӕр цӕстӕй.
4 Мах ӕй зонӕм, Йесо зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, цӕмӕй нын ӕнӕниздзинад, хъӕздыгдзинад ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон радтаид ацы дунейы. Уый нын радта фадат, цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм ӕнустӕм, ӕмӕ нын уыцы ныфс тынг зынаргъ у (Иоан. 3:16). Чырыстон ӕмбары, цы зӕгъын фӕндыд Йесойы йӕ фыццаг фарстӕй, зӕгъгӕ, «адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у». Йӕ дзуапп у: ницы пайда ӕппындӕр (1 Иоан. 2:15–17). Цӕмӕй Йесойы дыккаг фарстайӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй та ахъуыды кӕнӕм: «Сомбон ног дунейы кӕй цӕрдзынӕн, уымӕй мӕ цӕмӕй фидар ныфс уа, уый тыххӕй абон мӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ дӕн цӕттӕ?» Ацы фарстайӕн йӕ дзуапп бӕрӕг у, куыд цӕрӕм, уымӕй, ӕмӕ нӕ абоны цард ӕвдисы, уыцы ныфс нын фидар у ӕви нӕ. (Абар Иоанны 12:25.)
(Марчы 8:38) Ацы хӕлд ӕмӕ тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл кӕй ӕууӕнды, уый худинаг кӕмӕ фӕкӕса, уыцы адӕймагӕй, ай мӕ ахуыргӕнинаг у, зӕгъгӕ, зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр худинаг фӕкӕсдзӕн, йӕ рухс зӕдтимӕ, йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд.
Чи у Адӕймаджы Фырт?
Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг уа ӕмӕ дзы Чырысти райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа хъӕбатыр ӕмӕ йӕхиуыл ма ауӕрда. Йесо загъта: «Ацы хӕлд ӕмӕ тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл кӕй ӕууӕнды, уый худинаг кӕмӕ фӕкӕса, уыцы адӕймагӕй, ай мӕ ахуыргӕнинаг у, зӕгъгӕ, зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр худинаг фӕкӕсдзӕн, йӕ рухс зӕдтимӕ, йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд» (Марчы 8:38). Ӕцӕгдӕр, Йесо фидӕны куы ’рцӕуа, уӕд «алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн» (Матфейы 16:27).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Марчы 7:5–8) Гъемӕ йӕ уыцы фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдауыл цӕуылнӕ хӕцынц, хӕринагмӕ чъизи къухӕй цӕмӕн ӕвналынц?» 6 Йесо сын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ ныффыста: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. 7 Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“. 8 Сымах Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ницӕмӕ дарут, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл та фидар хӕцут».
bw573 30 ф., 1–4 абз.
Кӕсджыты фарстатӕ
Йесойы знӕгтӕ къухтӕ ’хсыны ӕгъдауы тыххӕй цӕмӕн быцӕу кодтой?
▪ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты ныхмӕ се знӕгтӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дзырдтой, ӕмӕ семӕ быцӕу кодтой ацы фарстайы тыххӕй дӕр. Моисейы закъон ӕмбарын кодта, адӕймаджы цы чъизи кодта, уый, зӕгъӕм, йе ’фсӕрмыйаг уӕнгӕй чъизитӕ куы цыдаид, хъотырӕй рынчын куы уыдаид, мард адӕймагыл кӕнӕ цӕрӕгойыл куы андзӕвыдаид. Закъоны ма фыст уыди, адӕймаджы цы саразын хъуыди, цӕмӕй та сыгъдӕгыл нымад ӕрцыдаид. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ нывонд ӕрхастаид, йӕхи-иу ныхсадтаид кӕнӕ-иу ыл сауджын дон бапырх кодтаид (Лев., 11–15 сӕртӕ; Ным., 19 сӕр).
Дзуттӕгты ахуыргӕнджытӕ, хуыдтой ма сӕ раввинтӕ дӕр, уыцы закъӕттӕй уӕлдай ӕрхъуыды кодтой сӕхи закъӕттӕ. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон лыстӕг хабӕртты онг ӕмбарын кодтой, адӕймаг чъизи цӕй тыххӕй уыдзӕн ӕмӕ иннӕты кӕд фӕчъизи кӕндзӕн, уый. Стӕй ма ӕмбарын кодтой, чъизийыл кӕнӕ сыгъдӕгыл цавӕр мигӕнӕнтӕ ӕмӕ цавӕр дзауматӕ уыдзысты нымад, ӕмӕ адӕймаджы цы саразын хъуыди, цӕмӕй та сыгъдӕгыл нымад ӕрцыдаид, уый.
Йесойы йе знӕгтӕ бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдауыл цӕуылнӕ хӕцынц, хӕринагмӕ чъизи къухӕй цӕмӕн ӕвналынц?» (Мар. 7:5). Фарисейтӕ сыгъдӕгдзинадыл, ома, адӕймаг хӕрды размӕ йӕ къухтӕ кӕй хъуамӕ ныхсадтаид, ууыл нӕ тыхстысты. Уыдон уыцы хъуыддагӕй ӕгъдау скодтой – хӕрды размӕ-иу адӕймаг хъуамӕ йӕ къухтыл дон ӕркодтаид. Уӕлдӕр цы чиныджы кой кодтам, уым ма фыст уыди, раввинтӕ-иу кӕй «быцӕу кодтой, дон кӕнынӕн цавӕр мигӕнӕнтӕ хъуыди ӕмӕ цавӕр донӕй хъуамӕ пайда кодтаиккой, дон къухтыл чи хъуамӕ кодтаид ӕмӕ йын сыл кӕйонгты хъуамӕ кодтаид, ууыл».
Уыцы адӕм закъонмӕ сӕхи ӕгъдӕуттӕ кӕй бафтыдой, уымӕ Йесо цы цӕстӕй каст? Фыццаг ӕнусы дзуттаг дины разамонджытӕн загъта: «Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ ныффыста: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй [Йегъовӕйӕ]. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“. Сымах Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ницӕмӕ дарут, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл та фидар хӕцут» (Мар. 7:6–8).
(Марчы 7:32–35) Уым ӕм ӕрбакодтой, къуырма чи уыд, стӕй дзургӕ дӕр дзӕбӕх чи нӕ кодта, ахӕм адӕймаджы ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой, дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, зӕгъгӕ. 33 Уӕд ӕй Йесо адӕмӕй иуварс акодта, йе ’нгуылдзтӕ йын йӕ хъусты бавӕрдта, ӕрту кодта ӕмӕ йын йе ’взагыл андзӕвыд. 34 Уый фӕстӕ арвмӕ скаст, арф ныуулӕфыд ӕмӕ йын загъта: «Еффафа», ома: «Байгом у». 35 Ӕмӕ уӕд йӕ хъустӕ байгом сты, сыхӕлдысты йе ’взаджы бӕттӕнтӕ, ӕмӕ дзӕбӕх дзурын райдыдта.
«Чырыстийы зондыл» хӕст дӕ?
9 Уыцы адӕймаг уыд къуырма, стӕй дзургӕ дӕр кодта тыхамӕлттӕй. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, фӕхатыд, уыцы адӕймаг фырмӕтӕй ӕмӕ фырӕфсӕрмӕй йӕхицӕн бынат кӕй нӕ ары, уый. Йесо йӕ уавӕры бацыд ӕмӕ ӕндӕрхуызон райдыдта архайын. Адӕмӕй йӕ ахибар кодта ӕмӕ йын уым къухтӕй бацамыдта, цы саразынмӕ йын хъавы, уый. «Йе ’нгуылдзтӕ йын бакодта йӕ хъусты, ату кодта ӕмӕ йын бавнӕлдта йе ’взагмӕ» (Маркы 7:33, МСЕ). Уый фӕстӕ Йесо скаст арвмӕ ӕмӕ цыма Хуыцаумӕ кувы, афтӕ арф ныуулӕфыд. Уымӕй Йесойы цыма афтӕ зӕгъын фӕндыд: «Ныртӕккӕ дын цы сараздзынӕн, уый уыдзӕн Хуыцауы тыхы руаджы». Ӕппынфӕстаг Йесо загъта: «Байгом у» (Маркы 7:34). Ӕмӕ лӕг райдыдта хъусын, стӕй куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурын дӕр.
10 Фараст-дӕс мӕйы ма, ӕмӕ Йесойӕн ӕрцӕудзӕн рӕстӕг «ацы дунейӕ Фыдмӕ ацӕуынмӕ» (Иоанны 13:1). Уый йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтыл мӕт кӕнгӕйӕ, иуӕй-иутӕн зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнӕуырнӕг иудейтӕй кӕй бамбӕхста, растдӕр уыцы хъуыддагӕй – уӕларвӕй нысан равдисынӕй. Йесо зӕгъы: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: ис иутӕ ам чи лӕууы, уыдонӕй, кӕцытӕ нӕма бавзардзысты мӕлӕт, афтӕмӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты, Йӕ Паддзахады ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28). Бӕрӕг у, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ кӕй цӕрдзысты, 1914 азы Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕдмӕ. Уый фӕнды йе ’ввахс ахуыргӕнинӕгтӕй ӕртӕйӕн развӕлгъау диссаджы хуызы равдисын, фидӕны Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн. Ацы кады пехуымпарадон цӕстылуайӕн схонӕн ис хуызаивӕн.
11 Ӕмбырды уӕнгтӕм уый равдисӕн ис, куы сын аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нӕхицӕн куыд фӕнды, афтӕ сын куы кӕнӕм, уӕд (Матфейы 7:12). Уырдӕм хауы, канд цы дзурӕм, уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ куыд дзурӕм, ууыл хъуыды кӕнын дӕр (Колоссӕгтӕм 4:6). Дӕ зӕрдыл дар: «Ӕнӕзонд адӕймаджы ныхӕстӕ карды цӕфау сты» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:18). Бинонты ’хсӕн та? Сӕ кӕрӕдзи ӕцӕгӕй цы лӕг ӕмӕ ус уарзынц, уыдонӕн куыдфӕндыйы ахаст нӕй кӕрӕдзийы ӕнкъарӕнтӕм (Ефесӕгтӕм 5:33, НФ). Уыдон дӕрзӕг ныхас нӕ кӕнынц, ӕдзух кӕрӕдзимӕ фаутӕ нӕ хӕссынц, сӕхи хизынц ӕлхыскъ ӕмӕ рӕхуыст ныхӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй алкӕцы дӕр зӕрдӕйы арф хъӕдгом ныууадзы, ӕмӕ ахӕм хъӕдгом та тагъд нӕ байгас вӕййы. Афтӕ сывӕллӕттӕ дӕр дуртӕ не сты, уыдонӕн дӕр ис ӕнкъарӕнтӕ, ӕмӕ уарзӕгой ныййарджытӕ уый никуы рох кӕнынц. Исты хъуыддаджы сӕ бафхӕрын ӕмӕ сраст кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕддӕр уарзӕгой ныййарджытӕ аргъ кӕнынц сӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ афтӕ нӕ бакӕндзысты, цӕмӕй сывӕллонӕн фырхудинагӕй йӕ сӕрыл хӕрдмӕ схӕцын дӕр йӕ бон мауал уа (Колоссӕгтӕм 3:21, НФ). Уӕдӕ нын, нӕ алыварс чи ис, уыдоны куы ’мбарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы зондыл хӕст кӕй стӕм.
Библийӕ бакӕсинаг
(Марчы 7:1–15) Уӕд ыл ӕрӕмбырд сты, Иерусалимӕй чи ӕрцыдис, уыцы фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕй чидӕртӕ. 2 Уыдон федтой, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕй хӕрынц чъизи, ома ӕнӕхсад, къухтӕй,– 3 фарисейтӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фыдӕлты ӕгъдауыл фидар хӕцынц: цалынмӕ сӕ къухтӕ рӕмбыныкъӕдзты онг нӕ ныхсой, уӕдмӕ ницы бахӕрдзысты. 4 Стӕй базарӕй куы ’рбацӕуынц, уӕд дӕр нӕ бахӕрдзысты, цалынмӕ сӕхиуыл дон нӕ бапырх кӕной, уӕдмӕ, ома, дам, нӕхи сыгъдӕг кӕнӕм. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕцынц фидар, зӕгъӕм, къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ ӕрхуы мигӕнӕнтӕ доны атулынц. 5 Гъемӕ йӕ уыцы фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдауыл цӕуылнӕ хӕцынц, хӕринагмӕ чъизи къухӕй цӕмӕн ӕвналынц?» 6 Йесо сын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ ныффыста: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. 7 Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“. 8 Сымах Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ницӕмӕ дарут, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл та фидар хӕцут». 9 Ӕмӕ ма сын загъта: «Хорз ӕфсӕнттӕ ссарут, цӕмӕй уе ’гъдӕутты тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхстыты сӕрты ахизат. 10 Цӕвиттон, Моисей загъта: „Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады нымай“, стӕй ма: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады чи ӕфхӕры, уый хъуамӕ амӕла“. 11 Сымах та фӕзӕгъут: „Адӕймаг йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ куы зӕгъа, зӕгъгӕ дӕм мӕнӕй цы ’мбӕлди, уый хъуырман у (ома Хуыцауӕн нывонд)...“ 12 Ӕмӕ уымӕй уыцы адӕймагӕн фадат нал дӕттут, цӕмӕй йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн хорзӕй исты сараза. 13 Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас уӕхи ӕвӕрд ӕгъдӕуттӕй баивтат. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр ахӕм митӕ кӕнут». 14 Стӕй та ногӕй адӕммӕ йӕхимӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Уе ’ппӕт дӕр мӕм байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут. 15 Ницы ис ахӕмӕй, адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ цы ныццӕуа ӕмӕ йӕ цы счъизи кӕна. Адӕймаджы чъизи кӕны, йӕ хуылфӕй цы ссӕуы, уый».
14–20 МАЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 9, 10
«Цӕстылуайӕны фӕрцы сӕ уырнындзинад бафидар»
(Марчы 9:1) Уый фӕстӕ ма сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, афтӕ фендзысты, Хуыцауы паддзахад йӕ тыхы кӕй бацыд, уый».
Чырысти – уымӕ амонынц пехуымпарӕдтӕ
9 Афӕдзӕй фылдӕр рацыд, Йесо, Мессиа кӕй у, уый тыххӕй уӕлдӕр цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон куы ӕрхаста. Н. э. 32 азы Куадзӕн аивгъуыдта. Чи йыл ӕууӕндыд, уыдонӕй бирӕтӕ йӕ фӕдыл нал цӕуынц. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уымӕй фӕтарстысты, йе та мулчы мӕт кӕнӕ царды сагъӕстыл фесты. Иннӕтӕн та сӕ ныфс асаст, фӕфыдӕнхъӕл сты, уымӕн ӕмӕ адӕм Йесойы паддзах скӕнынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сын нӕ бакуымдта. Иудейты дины разамонджытӕ йӕ куы къахтой, уӕд не сразы, цӕмӕй сын уӕларвӕй нысан равдыстаид ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи скадджын кодтаид (Матфейы 12:38, 39). Уый кӕйдӕрты, гӕнӕн ис, дызӕрдыг хъуыдытыл бафтыдта. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта, зын бамбарӕн сын цы уыд, уыцы хъуыддаг – «Уый кӕй хъӕуы цӕуын Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ фӕхъизӕмар кӕндзӕн хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр сауджынтӕй, ӕмӕ чиныджы дӕснытӕй, ӕмӕ Йӕ амардзысты» (Матфейы 16:21–23).
10 Фараст-дӕс мӕйы ма, ӕмӕ Йесойӕн ӕрцӕудзӕн рӕстӕг «ацы дунейӕ Фыдмӕ ацӕуынмӕ» (Иоанны 13:1). Уый йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтыл мӕт кӕнгӕйӕ, иуӕй-иутӕн зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнӕуырнӕг иудейтӕй кӕй бамбӕхста, растдӕр уыцы хъуыддагӕй – уӕларвӕй нысан равдисынӕй. Йесо зӕгъы: «Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: ис иутӕ ам чи лӕууы, уыдонӕй, кӕцытӕ нӕма бавзардзысты мӕлӕт, афтӕмӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты, Йӕ Паддзахады ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28). Бӕрӕг у, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ кӕй цӕрдзысты, 1914 азы Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕдмӕ. Уый фӕнды йе ’ввахс ахуыргӕнинӕгтӕй ӕртӕйӕн развӕлгъау диссаджы хуызы равдисын, фидӕны Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн. Ацы кады пехуымпарадон цӕстылуайӕн схонӕн ис хуызаивӕн.
(Марчы 9:2–6) Ӕмӕ ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо йемӕ акодта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны ӕмӕ семӕ бӕрзонд хохмӕ ссыд. Уым сӕ разы йӕ хуыз аивта, 3 ӕмӕ йӕ дарӕс фестад урс-урсид – зӕххыл ӕй иу гӕрзтӕхсӕг дӕр афтӕ не сурс кодтаид. 4 Сӕ разы ма февзӕрдысты Илийа ӕмӕ Моисей дӕр, ӕмӕ Йесоимӕ ныхас кодтой. 5 Уӕд дын Петр Йесомӕ фӕцырд ӕмӕ йын афтӕ: «Ахуыргӕнӕг, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ам ӕртӕ цатыры ӕрӕвӕрӕм: иу дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». 6 Петр, ӕндӕр цы загътаид, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарстысты.
Чырысти – уымӕ амонынц пехуымпарӕдтӕ
11 Ӕхсӕз боны фӕстӕ, Йесо кӕны Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны бӕрзонд хохмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Ермоны хохы фахсмӕ. Уым Йесо «йӕ хуыз аивта сӕ разы: ӕмӕ Йӕ цӕсгом сӕрттывта хуры хуызӕн, Йӕ дарӕстӕ та уыдысты рухсы хуызӕн урс». Фӕзындысты пехуырмпартӕ Моисей ӕмӕ Илиа, ӕмӕ ныхас кӕнынц Йесоимӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы диссаджы хабар ӕрцыд ӕхсӕвыгон ӕмӕ уый тыххӕй уыд уӕлдай цӕстахадгӕ. Цӕстылуайӕн ӕцӕг хабары хуызӕн афтӕ тынг уыди, ӕмӕ Петры бафӕндыд ӕртӕ халагъуды скӕнын: Йесойӕн, Моисейӕн ӕмӕ Илиайӕн. Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ рухс ӕврагъ ӕраууон кодта ӕмӕ дзы райхъуыст хъӕлӕс: «Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон; Уымӕ хъусут» (Матфейы 17:1–6).
(Марчы 9:7) Уӕд фӕзынд мигъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ мигъӕй райхъуыст хъӕлӕс: «Ай у мӕ уарзон Фырт. Хъусут ӕм».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 9:7 стихмӕ
хъӕлӕс Йегъовӕ адӕмимӕ кӕй дзырдта, уый фӕдыл Евангелиты цы ӕртӕ хабары ис фыст, уыдонӕй ацы хабар у дыккаг (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 1:11; Ин 12:28.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Марчы 10:6–9) Фӕлӕ Хуыцау дуне куы фӕлдыста, уӕд сӕ „сфӕлдыста нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй. 7 Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, 8 ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“. Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. 9 Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Марчы чиныгӕй
10:6–9. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕрой. Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд хъуамӕ ахицӕн кӕныныл ма тагъд кӕной, фӕлӕ сӕ зындзинӕдтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ скъуыддзаг кӕной (Матф. 19:4–6).
(Марчы 10:17, 18) Уырдыгӕй куы фӕцӕйцыди, уӕд ӕм фӕндагыл иу лӕг базгъордта, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?» 18 Йесо йын загъта: «Цӕмӕ мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 10:17, 18 стихтӕм
Хорз Ахуыргӕнӕг Ӕвӕццӕгӕн, уыцы лӕг Йесойы ӕнӕуи схуыдта «хорз Ахуыргӕнӕг», уымӕн ӕмӕ дины разамонджыты афтӕ хуыдтой ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ зӕрдӕ балхӕнын. Кӕд Йесо уый ныхмӕ нӕ уыд, цӕмӕй йӕ «Ахуыргӕнӕг» ӕмӕ «Хицау» хуыдтаиккой (Ин 13:13), уӕддӕр алкӕддӕр кад хаста йӕ Фыдӕн.
Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕ кӕй у, хорздзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцау ӕмӕ уыцы миниуӕг уый хуызӕн кӕй ничи ӕвдисы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕна. Адам ӕмӕ Евӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй куы бахордтой, уӕд уыцы бар сӕхимӕ райсынмӕ хъавыдысты. Уыдонӕй уӕлдай Йесо уыд сӕрныллӕг ӕмӕ зыдта, ӕрмӕстдӕр йӕ Фыдӕн кӕй ис уагӕвӕрдтӕ фидар кӕныны бар. Хуыцау йӕ Ныхасы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй бамбарын кодта, хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый (Мч 10:19).
Библийӕ бакӕсинаг
(Марчы 9:1–13) Уый фӕстӕ ма сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, афтӕ фендзысты, Хуыцауы паддзахад йӕ тыхы кӕй бацыд, уый». 2 Ӕмӕ ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо йемӕ акодта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны ӕмӕ семӕ бӕрзонд хохмӕ ссыд. Уым сӕ разы йӕ хуыз аивта, 3 ӕмӕ йӕ дарӕс фестад урс-урсид – зӕххыл ӕй иу гӕрзтӕхсӕг дӕр афтӕ не сурс кодтаид. 4 Сӕ разы ма февзӕрдысты Илийа ӕмӕ Моисей дӕр, ӕмӕ Йесоимӕ ныхас кодтой. 5 Уӕд дын Петр Йесомӕ фӕцырд ӕмӕ йын афтӕ: «Ахуыргӕнӕг, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ам ӕртӕ цатыры ӕрӕвӕрӕм: иу дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». 6 Петр, ӕндӕр цы загътаид, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарстысты. 7 Уӕд фӕзынд мигъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ мигъӕй райхъуыст хъӕлӕс: «Ай у мӕ уарзон Фырт. Хъусут ӕм». 8 Фӕлӕ сӕ алыварс куы акастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой. 9 Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын тынг ныффӕдзӕхста, зӕгъгӕ, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй нӕ райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн радзурут. 10 Уыдон ын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзи фарстой, цымӕ йӕ цы зӕгъын фӕндыд, мӕрдтӕй райгас уыдзӕн, зӕгъгӕ, уымӕй. 11 Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Чиныджыдӕснытӕ та афтӕ цӕмӕн дзурынц, раздӕр уал, дам, хъуамӕ Илийа ӕрцӕуа?» 12 Уый сын дзуапп радта: «Илийа бӕгуыдӕр ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырты тыххӕй афтӕ фыст цӕмӕн у, зӕгъгӕ, бавзардзӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ йӕ ницӕйагыл банымайдзысты? 13 Ӕз та уын зӕгъын: Илийа ӕрцыд, ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр фӕндыд, уый йын бакодтой, фыст куыд у, раст афтӕ».
21–27 МАЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 11, 12
«Уый се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста»
(Марчы 12:41, 42) Стӕй уӕд ӕрбадт ӕхцавӕрӕнты акомкоммӕ ӕмӕ каст, адӕм дзы ӕхца куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Хъӕздгуытӕй дзы бирӕтӕ ӕппӕрстой бирӕ ӕхца. 42 Уӕд ӕрбацыд иу мӕгуыр идӕдз ус дӕр ӕмӕ дзы ныппӕрста дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 12:41, 42 стихтӕм
ӕхцавӕрӕнты Рагон дзуттаг чингуыты куыд фыст ис, афтӕмӕй ӕхцавӕрӕнтӕ уыдысты уадындзты хуызӕн – уӕлейӕ нарӕг, бынӕй та уӕрӕх. Адӕм-иу дзы цы ӕхцатӕ ӕппӕрстой, уыдон-иу хардз кодтой алыхуызон хъуыддӕгтыл. Ам цы грекъаг дзырд ис, уый ма ӕмбӕлы Ин 8:20 стихы ӕмӕ йӕ ратӕлмац кодтой «хӕзнадоны ӕхцавӕрӕнтӕ». Ацы дзырдбаст, ӕвӕццӕгӕн, амоны сылгоймӕгты кӕрты кувӕндоны хӕзнадонмӕ. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 27:6 стихмӕ ӕмӕ sgd 15 хай.) Дзуттаг таурӕгътӕм гӕсгӕ, уыцы кӕрты къулы рӕбын лӕууыд ӕртындӕс ӕхцавӕрӕны. Стӕй ма, дам, кувӕндоны уыд сӕйраг хӕзнадон ӕмӕ уым уыдысты, ӕхцавӕрӕнтӕй-иу цы ӕхцатӕ систой, уыдон иууылдӕр.
дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы Комкоммӕ «дыууӕ лептӕйы кӕнӕ кодрант». Ацы грекъаг дзырд, лепто́н, зӕгъгӕ, ис бирӕуон нымӕцы ӕмӕ амоны, гыццыл ӕмӕ тӕнӕг цӕмӕдӕр. Лептӕ уыд дзуттаг ӕрхуы кӕнӕ бронзӕ ӕхца, ӕмӕ йын уыд 1/128 динары аргъ. Ӕвӕццӕгӕн, Израилы уымӕй лыстӕгдӕр ӕхца нӕ уыд. Кодрант (грекъ. кодра́нтес; лат. ква́дранс) – ромаг ӕрхуы кӕнӕ бронзӕ ’хца, йӕ аргъ уыд 1/64 динары аргъ. Ам Марк фыста, дзуттӕгтӕ кӕмӕй пайда кодтой, уыцы ӕхцайы тыххӕй. (Кӕс sgd 18-Ӕ хай.)
(Марчы 12:43) Уый фенгӕйӕ Йесо фӕдзырдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста».
w98 1/3 22, 23 фф., 16, 17 абз.
Иегъовӕйӕн зынаргъ у ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггаддзинад
16 Цалдӕр боны фӕстӕ, 11-ӕм нисаны, Йесо ӕнӕхъӕн бон арвыста кувӕндоны; уым йе знӕгтӕ быцӕу кодтой цы бармӕ гӕсгӕ архайы, уый тыххӕй, ӕмӕ Йӕм лӕвӕрдтой провокацион фарстытӕтӕ: налогты, райгасдзинады ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй. Уый карзӕй бафхӕрдта чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты, ‘идӕдзты хӕдзӕрттӕ кӕй хордтой’, уый тыххӕй (Маркы 12:40). Уый фӕстӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, сбадт сылгоймӕгты кӕрты, цыран иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уыдис 13 хӕзнадоны. Йесо йӕ хъус дардта адӕм сӕ мысайнӕгтӕ уырдӕм куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Бирӕ хъӕздыг адӕм цыдысты, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, сӕхи нымадтой рӕстгӕнджытыл ӕмӕ сӕ фӕндыд сӕ хорздзинӕдтӕ цӕстмӕ равдисын. (Абар Матфейы 6:2.) Йесо лӕмбынӕгдӕр йӕ хъус ӕрдардта иу сылгоймагмӕ. Фыццаг бакастӕй уыцы сылгоймаджы дӕр ӕмӕ йӕ лӕвары дӕр диссагӕй ницы уыд. Фӕлӕ адӕймӕгты зӕрдӕтӕуынӕг, Йесо, зыдта, уый «мӕгуыр идӕдз» кӕй у. Уый ма ноджыдӕр зыдта, цас уыдысты йӕ мысайнӕгтӕ – «дыууӕ лептӕйы» (Маркы 12:41, 42).
17 Йесо фӕсидт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй сын цӕстуынгӕ цӕвиттоныл сахуыр кодтаид. Уый загъта: «Уыцы мӕгуыр идӕдз сӕвӕрдта хӕзнадоны ӕвӕрджытӕй сеппӕтӕй фылдӕр». Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иннӕтӕ иуыл иумӕ цы нывӕрдтой, уымӕй идӕдз ус фылдӕр нывӕрдта. Уый «сӕвӕрдта ӕппӕтдӕр, хойрагӕн ӕм цы уыд, уыдон» – йӕ фӕстаг ӕхцатӕ. Афтӕмӕй уый йӕхи ратта Иегъовӕйы рӕдау къухтӕм. Аргъ кӕй лӕварӕн нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы цӕвиттонӕн райсгӕйӕ, Йесо фенын кодта, цавӕр лӕвӕрттӕ сты зынаргъ Иегъовӕйӕн. Хуыцауӕн идӕдз усы лӕвар уыд тынг зынаргъ! (Маркы 12:43, 44; Иаковы 1:27).
(Марчы 12:44) Уыдон дзы уый тыххӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕм фагӕй фылдӕр ис. Уыцы идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ.
w98 1/3 23 ф., 17 абз.
Иегъовӕйӕн зынаргъ у ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггаддзинад
17 Йесо фӕсидт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй сын цӕстуынгӕ цӕвиттоныл сахуыр кодтаид. Уый загъта: «Уыцы мӕгуыр идӕдз сӕвӕрдта хӕзнадоны ӕвӕрджытӕй сеппӕтӕй фылдӕр». Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иннӕтӕ иуыл иумӕ цы нывӕрдтой, уымӕй идӕдз ус фылдӕр нывӕрдта. Уый «сӕвӕрдта ӕппӕтдӕр, хойрагӕн ӕм цы уыд, уыдон» – йӕ фӕстаг ӕхцатӕ. Афтӕмӕй уый йӕхи ратта Иегъовӕйы рӕдау къухтӕм. Аргъ кӕй лӕварӕн нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы цӕвиттонӕн райсгӕйӕ, Йесо фенын кодта, цавӕр лӕвӕрттӕ сты зынаргъ Иегъовӕйӕн. Хуыцауӕн идӕдз усы лӕвар уыд тынг зынаргъ! (Маркы 12:43, 44; Иаковы 1:27).
w89-U 1/12 23 ф., 2 абз.
Хуыцауӕн цы дӕттыс, уый дӕхицӕн зынаргъ у?
Ацы хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Алкӕй бон дӕр нӕ у Хуыцауы хъуыддагӕн мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ, нын тынг зынаргъ цы у, уый нӕхицӕй куы ратонӕм ӕмӕ йӕ Хуыцауӕн куы раттӕм, уӕд ын йӕ цӕсты стыр аргъ вӕййы. Ӕндӕр ныхасӕй, нӕхицӕн зынаргъ цы нӕу, уый раттӕм ӕви, цы фӕдӕттӕм, уый нӕхицӕй ратонӕм?
Куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй Чырыстийы фарн хицауиуӕг кӕна нӕ зӕрдӕты?
13 Чырыстийы фарн нӕм куы уа, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо афтӕ кӕй никуы загъта, зӕгъгӕ нӕ Хуыцау иннӕтимӕ бары ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ аргъ кӕны (Матфейы 25:14, 15; Маркы 12:41–44). Йесо дзырдта, Хуыцауӕн ахсджиаг кӕй у, ӕнувыд ыл кӕй стӕм, уый. «Кӕронмӕ ныффӕразӕг... фервӕздзӕн»,– дзырдта уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн (Матфейы 24:13). Йесойӕн йӕхиуыл дӕр адӕм «ӕнӕрвӕссон кодтой», фӕлӕ уый иу мисхал дӕр никуы дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ӕй кӕй уарзы, ууыл (Исай 53:3; Иоанны 10:17). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, уыдон дӕр афтӕ уарзон кӕй сты (Иоанны 14:21). Уыцы хъуыды хуыздӕр бамбарын кӕнынӕн Йесо ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: «Дыууӕ гыццыл цъиуы нӕ уӕй кӕнынц иу асарийыл? Ӕмӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ нӕ ӕрхаудзӕн уӕ Фыды ӕвастӕй; сымахӕн та уӕ сӕры хъуынтӕ дӕр иуылдӕр нымад сты; ма тӕрсут: сымах хуыздӕр стут бирӕ гыццыл цъиутӕй» (Матфейы 10:29–31). Цӕй диссаджы хуызы равдыста Йесо, Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый!
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Марчы 11:17) Ӕмӕ ма адӕмы ахуыр дӕр кодта ӕмӕ сын дзырдта: «Афтӕ фыст нӕу: „Мӕ хӕдзар мын хондзысты кувӕн хӕдзар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр“? Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 11:17 стихмӕ
кувӕн хӕдзар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр Евангелитӕй ӕртӕйы фыст ис Ис 56:7 стих, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Марк ныффыста ныхӕстӕ «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» (Мф 21:13; Лк 19:46). Иерусалимы кувӕндоны израилӕгтӕн ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонӕн сӕ бон уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕм кувын (1Пд 8:41–43). Дзуттӕгтӕ кувӕндоны цыдӕртӕ кӕй уӕй кодтой ӕмӕ дзы абырджыты лӕгӕт кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй сын Йесо бауайдзӕф кодта. Сӕ хъуыддӕгты тыххӕй, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонӕн сӕ бон нӕ уыд Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын ӕмӕ сӕ, чи зоны, нӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн йӕ кувӕндоны лӕггад кӕнын.
(Марчы 11:27, 28) Ӕмӕ та ногӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты. Ӕмӕ Йесо кувӕндоныл куы зылд, уӕд ӕм бацыдысты сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ 28 ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕцӕй дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар? Ахӕм бар дын чи радта, ӕмӕ афтӕ кӕнай?»
Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг у
Уӕдмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалиммӕ бацыдысты. Ӕмӕ та Йесо иннӕ хӕттытау кувӕндоны адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. Уым ӕм сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ бацыдысты. Йесо уый размӕ бон ӕхцаивджытӕн цытӕ бакуыста, уый сын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕцӕй дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар? Ахӕм бар дын чи радта, ӕмӕ афтӕ кӕнай?» (Марчы 11:28).
Библийӕ бакӕсинаг
(Марчы 12:13–27) Уый фӕстӕ йӕм фарисейтӕй ӕмӕ, Ироды фарс чи уыди, уыдонӕй кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй йӕ ныхасӕй ӕрцахстаиккой. 14 Куы йӕм ӕрбацыдысты, уӕд ын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды сайгӕ нӕ кӕныс ӕмӕ, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, ууыл нӕ мӕт кӕныс, уымӕн ӕмӕ, адӕмы ’хсӕн чи цы бынат ахсы, уымӕ нӕ кӕсыс. Ды Хуыцауы фӕндаг раст амоныс. Зӕгъ-ма нын, паддзахӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? 15 Фидӕм ын ӕй ӕви йын ӕй ма фидӕм?» Йесо сын сӕ хиндзинад бамбӕрста ӕмӕ сын загъта: «Цы мӕ къахут? Равдисут-ма мӕм динар». 16 Уыдон ӕм ӕрбахастой иу динар. Уӕд сӕ бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ кӕй ном ис ацы ӕхцайыл?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы». 17 Ӕмӕ сын уӕд Йесо дӕр загъта: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн». Ӕмӕ йыл дисӕй мардысты. 18 Стӕй та йӕм бацыдысты саддукейтӕ,– уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ,– ӕмӕ йӕ бафарстой: 19 «Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста, зӕгъгӕ, исчи куы амӕла ӕмӕ йын ус куы баззайа, йӕ фӕстӕ зӕнӕг та куы нӕ ныууадза, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ йӕ усы ракура ӕмӕ йӕ мард ӕфсымӕрӕн зӕнӕг рауадза. 20 Цардис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ракуырдта, фӕлӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди. 21 Ӕмӕ йын уӕд йӕ усы йе ’фсымӕр ракуырдта, ӕмӕ уый дӕр амард, зӕнӕг ын нӕ рацыд, афтӕмӕй. Афтӕ рауад йӕ хабар иннӕ ӕфсымӕрӕн дӕр. 22 Гъемӕ авд ӕфсымӕрӕй иуӕн дӕр зӕнӕг нӕ баззад. Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр. 23 Ӕмӕ мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд дзы кӕцыйы ус уыдзӕн? Авды бинойнаг дӕр куы уыди». 24 Йесо сын дзуапп радта: «Фыстад дӕр ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый дӕр кӕй нӕ зонут, уый тыххӕй нӕ рӕдийут, ӕви? 25 Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн. 26 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы, сындзы къутӕры кой кӕм кӕны, уым нӕ кастыстут, Хуыцау ын афтӕ кӕй загъта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“? 27 Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты. Уӕдӕ сымах тынг рӕдийут».
28 МАЙЫ – 3 ИЮНЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 13, 14
«Къӕппӕджы ма бахау – адӕмӕй ма тӕрс»
(Марчы 14:29) Уӕд ын Петр афтӕ: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн!»
(Марчы 14:31) Фӕлӕ Петр ноджы фидардӕрӕй дзурын райдыдта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр афтӕ нӕ бакӕндзынӕн». Ӕмӕ афтӕ дзырдтой иннӕтӕ дӕр.
(Марчы 14:50) Уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты.
(Марчы 14:47) Фӕлӕ, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕй иу йӕ хъама фелвӕста, хистӕр сауджыны цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта.
(Марчы 14:54) Петр та Йесойы фӕдыл дӕрддзӕфгомау фӕцыд суанг хистӕр сауджыны кӕрты онг. Стӕй кӕртмӕ бахызт, ӕмӕ уым лӕггадгӕнджытимӕ ӕрбадт ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта.
(Марчы 14:66–72) Петр та бынӕй кӕрты куы бадт, уӕд уырдӕм бацыд хистӕр сауджынӕн йӕ лӕггадгӕнӕг чызджытӕй иу. 67 Ӕмӕ Петры йӕхи артмӕ тавгӕ куы ауыдта, уӕд ӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыцы назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ». 68 Фӕлӕ Петр нӕ басаст: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын, стӕй, цытӕ дзурыс, уый дӕр не ’мбарын». Ӕмӕ кулдуары ’рдӕм ацыд. 69 Уым дӕр та йӕ лӕггадгӕнӕг чызг куы федта, уӕд, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: «Ай дӕр уыдонӕй у». 70 Ӕмӕ та Петр уӕддӕр нӕ басаст. Фӕлӕ та йын гыццыл фӕстӕдӕр, чи дзы лӕууыд, уыдон ногӕй загътой: «Нӕ, ды ӕнӕмӕнг уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ галилейаг дӕ». 71 Фӕлӕ уый райдыдта сомытӕ кӕнын ӕмӕ ард хӕрын: «Кӕй кой кӕнут, ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын». 72 Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг уасӕг дыккаг хатт ныууасыд. Уӕд Петрӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ, уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта.
Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын
14 Петр адӕмы фӕдыл цыди, цалынмӕ иу хӕдзармӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ. Уыцы хӕдзар уыди Иерусалимы стырдӕр хӕдзӕрттӕй сӕ иу. Царди дзы хъӕздыг ӕмӕ дзырддзӕугӕ хистӕр сауджын Кайафӕ. Ахӕм хӕдзӕрттӕ иу афтӕ арӕзтой, ӕмӕ-иу кӕрт уыди астӕуӕй, йӕ алыварс та – хӕдзар. Разӕй та-иу дзы уыди кулдуар. Гъемӕ Петр кулдуармӕ бацыд, фӕлӕ йӕ мидӕмӕ нӕ бауагътой. Иоанн та уӕдмӕ кӕрты уыд, уымӕн ӕмӕ хистӕр сауджынимӕ зонгӕ уыди. Ӕмӕ дуаргӕсӕн загъта, цӕмӕй Петры мидӕмӕ бауагътаид. Петр кӕртмӕ куы бахызт, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Иоаннимӕ нӕ баззад, стӕй мидӕмӕ хӕдзармӕ дӕр нӕ бацыд, цӕмӕй уыцы зын сахат йӕ Ахуыргӕнӕджы фарсмӕ ӕрбалӕууыдаид. Петр баззад кӕрты. Уазал ӕхсӕв кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕй ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ сӕхи артмӕ тавтой, ӕмӕ уый дӕр сӕ цурмӕ бацыд. Петр уыдта, Йесойы ныхмӕ цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ссардтой, уыдонӕй-иу иутӕ, тӕрхон кӕм цыди, уырдӕм куыд бацыдысты, иннӕтӕ та-иу куыд рацыдысты (Мар. 14:54–57; Иоан. 18:15, 16, 18).
it-U «Петр», дӕлсӕргонд «Служение с Иисусом», 10 абз.
Петр
Петр хистӕр сауджыны хӕдзармӕ ӕрбацыд ӕндӕр ахуыргӕнинагимӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый йӕ фӕдыл ацыд кӕнӕ йемӕ рацыд, ӕмӕ йӕ кӕртмӕ бакодта (Ин 18:15, 16). Петр кӕмдӕр тар къуымы нӕ бамбӕхст, фӕлӕ арты размӕ бацыд ӕмӕ йӕхи хъарм кодта. Иннӕтӕ йын арты рухсмӕ йӕ цӕсгом куы федтой, уӕд ӕй базыдтой ӕмӕ йын загътой, ды дӕр Чырыстиимӕ уыдтӕ, зӕгъгӕ. Йӕ галилейаг ныхасыздӕхт ын куы фехъуыстой, уӕд та йыл тынгдӕр фӕгуырысхо сты. Аххосджын кӕнын ӕй куы райдыдтой, уӕд Петр ӕртӕ хатты загъта, Чырыстийы зонгӕ дӕр нӕ кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕстагмӕ куы смӕсты, уӕд та йӕхи ӕлгъитын райдыдта. Горӕты кӕмдӕр уасӕг дыккаг хатт куы ныууасыд, уӕд «Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст». Уӕд Петр ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта (Мф 26:69–75; Мч 14:66–72; Лк 22:54–62; Ин 18:17, 18; кӕс КЛЯТВА; КРИК ПЕТУХОВ). Фӕлӕ Йесо уый размӕ куывта, цӕмӕй Петр йӕ уырнындзинад бынтондӕр ма фесӕфтаид, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ куывд фехъуыста (Лк 22:31, 32).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Марчы 14:51, 52) Йӕ фӕдыл ацыд ӕрмӕстдӕр иу лӕппу. Йӕ хӕдоны ӕдде йыл уыд хорз кӕттагӕй дарӕс. Ӕмӕ уыцы лӕппуйы дӕр хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, 52 фӕлӕ уый йӕ кӕттаг дарӕс фӕуагъта ӕмӕ афтид хӕдоны мидӕг алыгъд.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Марчы чиныгӕй
14:51, 52 – Чи уыди, «афтид хӕдоны мидӕг», ома «бӕгънӕгӕй» (фип.), чи алыгъд, уыцы лӕппу? Уыцы хабары кой кӕны ӕрмӕстдӕр Марк. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, дзургӕ дӕр йӕхи тыххӕй кодта.
(Марчы 14:60–62) Уӕд хистӕр сауджын сыстад ӕмӕ Йесойы бафарста: «Ницы дзурыс? Дӕ ныхмӕ цы дзурынц, уый тыххӕй дӕхӕдӕг та цы зӕгъдзынӕ?» 61 Фӕлӕ уый ницы дзырдта, йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Ӕмӕ та йӕ хистӕр сауджын ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонд Хуыцауы Фырт?» 62 Уӕд ын Йесо загъта: «О, ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысджыны рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон мигътимӕ ӕрцӕйцӕугӕ».
Йесойы акодтой Аннӕмӕ, стӕй та – Кайафӕмӕ
Дзуттӕгтӕ нӕ быхстой, исчи-иу йӕхи Хуыцауы Фырт куы хуыдта, уымӕн, ӕмӕ уый Кайафӕ хорз зыдта. Уый размӕ Йесо Хуыцауы схуыдта йӕ Фыд, ӕмӕ йӕ уӕд дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты, уымӕн ӕмӕ, дам, афтӕ дзуры, «Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, мӕнмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис», зӕгъгӕ (Иоанны 5:17, 18; 10:31–39). Уый зонгӕйӕ, Кайафӕ сфӕнд кодта Йесойыл хинӕй рацӕуын, ӕмӕ йын загъта: «Расомы кӕн удӕгас Хуыцауӕй, кӕй нӕ фӕсайдзынӕ ӕмӕ нын зӕгъ: ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» (Матфейы 26:63). Йесо ӕргом дзырдта, Хуыцауы Фырт кӕй уыд, уый (Иоанны 3:18; 5:25; 11:4). Ӕмӕ ныр куы ницы загътаид, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ, Хуыцауы Фырт ӕмӕ Чырысти кӕй у, ууыл нӕ сӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «О, ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысджыны рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон мигътимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Марчы 14:62).
Библийӕ бакӕсинаг
(Марчы 14:43–59) Ӕмӕ йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕвиппайды ӕрбазынд Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Йемӕ йын сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ рарвыстой бирӕ адӕмы хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ. 44 Йӕ уӕйгӕнӕг сын уый размӕ загъта, куыд ӕй уыдзӕн базонӕн: «Кӕмӕн апъа кӕнон, уый у. Уый-иу ӕрцахсут, ӕмӕ йӕ куы фӕцӕйкӕнат, уӕд-иу кӕсут, цӕмӕй ма алидза». 45 Ӕмӕ комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ йӕм сдзырдта: «Ахуыргӕнӕг!» Ӕмӕ йын фӕлмӕн ба акодта. 46 Уӕд адӕм Йесомӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ йӕ ӕрцахстой. 47 Фӕлӕ, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕй иу йӕ хъама фелвӕста, хистӕр сауджыны цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта. 48 Йесо та адӕмӕн загъта: «Раст цыма абырӕг дӕн, уыйау мӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ цы ’рбацыдыстут? 49 Алы бон уемӕ кувӕндоны куы уыдтӕн ӕмӕ уӕ куы ахуыр кодтон, ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат? Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй Фыстад сӕххӕст уа». 50 Уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты. 51 Йӕ фӕдыл ацыд ӕрмӕстдӕр иу лӕппу. Йӕ хӕдоны ӕдде йыл уыд хорз кӕттагӕй дарӕс. Ӕмӕ уыцы лӕппуйы дӕр хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, 52 фӕлӕ уый йӕ кӕттаг дарӕс фӕуагъта ӕмӕ афтид хӕдоны мидӕг алыгъд. 53 Йесойы та акодтой хистӕр сауджынмӕ. Уым ӕрӕмбырд сты сауджынты хистӕртӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ се ’ппӕт дӕр. 54 Петр та Йесойы фӕдыл дӕрддзӕфгомау фӕцыд суанг хистӕр сауджыны кӕрты онг. Стӕй кӕртмӕ бахызт, ӕмӕ уым лӕггадгӕнджытимӕ ӕрбадт ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта. 55 Уыцы рӕстӕг та сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон ӕгасӕй дӕр агуырдтой ӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой, фӕлӕ сӕ къухы ницы ӕфтыд. 56 Йӕ ныхмӕ бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ бӕргӕ дзырдтой, фӕлӕ сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзийыл нӕ бадтысты. 57 Ӕрбацыди ахӕм мӕнгӕвдисӕнтӕ дӕр, афтӕ чи загъта: 58 «Мах ӕй фехъуыстам, ацы лӕг куыд дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ӕз ацы кувӕндон – адӕймаг кӕй скодта, уый – фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм». 59 Фӕлӕ сын уыцы ныхӕстӕ дӕр кӕрӕдзийыл нӕ бадтысты.