-
Кӕй коммӕ кӕсыс ды – Хуыцауы ӕви адӕмы?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2006 | 1 январь
-
-
7. Апостолты хъусын кӕныны хъуыддагмӕ хистӕр сауджынтӕ цӕмӕн мӕсты кодтой?
7 Апостолтӕм сӕ хъусын кӕныны хъуыддаг уадзыны фӕнд кӕй нӕ уыд, ууыл хистӕр сауджынтӕ тынг смӕсты сты. Кӕцыдӕртӕ сӕ, уыдонимӕ Каиафӕ йӕхӕдӕг дӕр, уыдысты саддукейтӕ ӕмӕ райгасдзинадыл не ’ууӕндыдысты (Куыстытӕ 4:1, 2; 5:17). Апостолтӕ та фидарӕй дзырдтой, Йесо мӕрдтӕй кӕй райгас. Уымӕй уӕлдай ма хистӕр сауджынтӕй иуӕй-иутӕ сӕ уд хъардтой Ромы хицӕутты зӕрдӕ балхӕныныл. Йесойыл куы тӕрхон кодтой, уӕд Пилат уыцы сауджынтӕн фадат радта, цӕмӕй йӕ сӕ паддзахыл банымадтаиккой, фӕлӕ уыдон афтӕ сызнӕт сты, ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Кесӕры йеддӕмӕ махӕн нӕй паддзах» (Иоанны 19:15)a. Апостолтӕ ӕрмӕст уый нӕ дзырдтой, Йесо райгас, зӕгъгӕ, фӕлӕ ма йӕ номы тыххӕй дӕр амыдтой, ома «нӕй арвы бын ӕндӕр ном, адӕймӕгтӕн лӕвӕрд, кӕцыйӕ ӕмбӕлдаид махӕн фервӕзын» (Куыстытӕ 2:36; 4:12). Сауджынтӕ тарстысты, адӕм райгасуӕвӕг Йесомӕ сӕ Разамонӕджы цӕстӕй кӕсын куы райдайой, уӕд ромӕгтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ иудейты разамонджытӕ ӕнӕхай фӕуыдзысты сӕ бынатӕй дӕр ӕмӕ сӕ адӕмӕй дӕр (Иоанны 11:48).
-
-
Кӕй коммӕ кӕсыс ды – Хуыцауы ӕви адӕмы?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2006 | 1 январь
-
-
a Хистӕр сауджынтӕ цы «кесӕры» фарс рахӕцыдысты, уый уыд Ромы император Тиберий – ӕлгъаг, цӕстмӕхъус ӕмӕ лӕгмар адӕймаг. Тиберий ма хъуыстгонд уыд йе ’нӕгъдау митӕй дӕр (Данелы 11:15, 21).
-