Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 28–30 фф.
  • Библийы 38 чиныг – Захари

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 38 чиныг – Захари
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 28–30 фф.

Библийы 38 чиныг – Захари

Ныффыста йӕ: Захари

Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 518 азы

Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 520–518 азтӕ

КУЫСТ ныкъкъуылымпы! Афтӕ афыссӕн ис, Захари пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндоны арӕзтад цы уавӕры уыд, уый. Фыццаг кувӕндон Соломон сарӕзта авд аз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ (3 Пад. 6:37, 38), фӕлӕ, Иерусалиммӕ 17 азы размӕ цы дзуттӕгтӕ ӕрыздӕхтысты, уыдоны ма кувӕндон аразынӕн бирӕ рӕстӕг хъуыд. Ӕппынфӕстаг, Артаксерксы (Барди кӕнӕ Гауматӕйы) бардзырдмӕ гӕсгӕ куыст ӕрлӕууын кодтой. Фӕлӕ ныр, кӕд паддзах кувӕндон аразын нал уагъта, уӕддӕр уыдон сӕ куыст адарддӕр кодтой. Йегъовӕ загъта Аггей ӕмӕ Захарийӕн, цӕмӕй адӕмы сразӕнгард кодтаиккой кусынмӕ ӕмӕ арӕзтад кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой (Езд. 4:23, 24; 5:1, 2).

2 Ӕнхъӕлмӕ сӕм каст тынг бирӕ куыст (Зах. 4:6, 7). Уыдон уыдысты гыццыл, се ’знӕгтӕ та – бирӕ. Уыцы рӕстӕг сын паддзах нӕ уыд. Ӕмӕ кӕд сӕ сӕргъы лӕууыд кънйаз Зоровавел, Давиды мыггагӕй, уӕддӕр уыдысты ӕндӕр бӕстӕты дӕлбар. Куыд ӕнцон уыдис уӕд къухтӕ ӕруадзын ӕмӕ ӕрмӕст хи мӕт кӕнын, кӕд ӕмӕ ахӕм рӕстӕг фидар уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад хъуыд. Хуыцау Захарийы сразӕнгард кодта, цӕмӕй адӕмы ӕргом раздӕхтаид йӕ фӕндонмӕ, суанг ма фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уымӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй фӕфидардӕр уыдаиккой ӕмӕ сӕ куыст фӕуыдаиккой (8:9, 13). Хъуамӕ сӕ фыдӕлты хуызӕн ӕбузныг ма уыдаиккой (1:5, 6).

3 Чи уыд Захари? Библийы ис 30 адӕймаджы Захарийы номимӕ. Фӕлӕ, чиныг чи ныффыста, уый йӕхи амоны «Захари, Варахы фырт, пехуымпар Аддойы фырт» (Зах. 1:1; Езд. 5:1; Неем. 12:12, 16). Йӕ ном (дзуттагау Зехарйагъу) нысан кӕны «Йегъовӕ йӕ зӕрдыл дары». Захарийы чиныг ирдӕй ӕвдисы, «ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ» йӕ адӕмы кӕй нӕ рох кӕны ӕмӕ сӕм йӕ номы тыххӕй хӕларзӕрдӕ кӕй дары (Зах. 1:3). Чиныджы дзырдӕуы, ӕппынкъаддӕр дыууӕ азы дӕргъы цы цаутӕ ’рцыд, уый тыххӕй. Хабӕрттӕ ’рцыдысты, «Дарийы паддзахдзинады дыккаг азы ӕстӕм мӕй» (октябрь/ноябрь н. э. агъоммӕ 520 аз). Уӕд райдыдтой кувӕндон аразын ӕмӕ Захари та пехуымпарӕй лӕггад кӕнын (1:1). Чиныг ма дзуры «фарастӕм мӕйы, Хаслевы цыппӕрӕм боны», «Дарийы цыппӕрӕм азы» (н. э. агъоммӕ 518 азы 1 декабрмӕ ’ввахс) тыххӕй дӕр (7:1). Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Захари йӕ пехуымпарад фехъусын кодта ӕмӕ йӕ ныффыста н. э. агъоммӕ 520–518 азты (Езд. 4: 24).

4 Захарийы чиныг иртасгӕйӕ, бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарӕн ис, ӕцӕг хабӕрттӕ дзы фыст кӕй ис, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм Тиры хабармӕ. Вавилоны паддзах Навуходоносор Тирыл ӕрхъула кодта, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй 13 азы фӕдардта, уый фӕстӕ йӕ ныппырх кодта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, Тир бынтондӕр кӕй фесӕфдзӕн. Захари бирӕ азты фӕстӕ загъта, зӕгъгӕ, Тир зӕххы ӕмвӕз скӕндзысты. Уыцы хабар ӕрцыд, Македойнаг Александр сахарӕн сакъадахыл цы хай уыд, уымӕ ауӕзт куы сарӕзта, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ куы ныппырх кодта, уӕд. Сахар ӕгъатыр сыгъд бакодта, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта Захарийы пехуымпарад дыууӕ ӕнусы фӕстӕ (Зах. 9:2–4)a.

5 Чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, уымӕн иууыл хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ сты, Мессийӕйыл, Йесо Чырыстийыл, цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдон. Уый сбӕрӕг кӕнӕн ис, куы абарӕм Захарийы 9:9; Матфейы 21:4, 5 ӕмӕ Иоанны 12:14–16; Захарийы 12:10 ӕмӕ Иоанны 19:34–37; Захарийы 13:7; Матфейы 26:31 ӕмӕ Марчы 14:27. Уымӕй уӕлдай ма ӕмхуызон хъуыдытӕ ссарӕн ис Захарийы 8:16 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 4:25; Захарийы 3:2 ӕмӕ Иудӕ 9; Захарийы 14:5 ӕмӕ Иудӕйы 14. Куыд диссаг у, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый кӕрӕдзиимӕ куыд баст у, уый!

6 Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, чиныг 9-ӕм сӕрӕй фӕстӕмӕ Захарийы фыст нӕу, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕндӕр хуызы фыст у. Фӕлӕ ӕндӕргомау фыст уымӕн у, ӕмӕ дзы пехуымпар ӕндӕр цауты тыххӕй дзуры. Кӕд ӕмӕ фыццаг аст сӕры дзырд цӕуы, Захарийы рӕстӕг чи цард, уыдонӕн ахсджиаг цы уыд, ууыл, уӕд 9–14 сӕрты та пехуымпар дзуры фидӕны тыххӕй. Иуӕй-иутӕ не ’мбарынц, Матфей, Захарийы ныхӕстӕ дзургӕйӕ, цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, уый Йеремийы ныхӕстӕ сты (Матф. 27:9; Зах. 11:12). Ӕвӕццӕгӕн, цасдӕр рӕстӕг Фӕстаг пехуымпартӕй фыццагыл нымадтой Исайы нӕ, фӕлӕ Йеремийы, нырыккон Библиты номхыгъдӕй куыд зыны уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ Матфей Захарийы «Йереми» схуыдта, ӕвӕццӕгӕн, дзуттаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Дзуттӕгтӕ Фыстады чингуыты къорд хуыдтой фыццаг чиныджы номӕй. Йесо йӕхӕдӕг дӕр пайда кодта ном «Псалом»-ӕй, фӕлӕ амонгӕ та кодта, Фыстытӕ кӕй хуыдтой, уыцы чингуытӕм чи хауд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ (Лук. 24:44)b.

7 Захарийы чиныджы 6-ӕм сӕры 8-ӕм стихы онг цы аст цӕстылуайӕны ис, уыдон сты, Данел ӕмӕ Иезекил цы цӕстылуайӕнтӕ федтой, уыдоны хуызӕн. Уыцы цӕстылуайӕнтӕ сӕйраджыдӕр дзурынц кувӕндон сцалцӕг кӕныны тыххӕй. Дарддӕр ма дзы дзырд цӕуы, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын кӕй хъӕуы, раст дин йӕ къӕхыл кӕй слӕудзӕн, уый тыххӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы тохы боны тыххӕй.

ЦЫ ПАЙДА У

23 Захарийы пехуымпарад чи иртасы ӕмӕ йыл лӕмбынӕг чи хъуыды кӕны, уыдонӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕныны. Захари 50 хаттӕй фылдӕр фыссы «ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ уымӕй зӕгъын фӕнды, Хуыцау кӕй тох кӕны йӕ адӕмы сӕрыл, кӕй сӕ хъахъхъӕны ӕмӕ сын фаг хъару кӕй дӕтты. Кувӕндоны арӕзтадӕн знӕгтӕ стыр цӕлхдуртӕ ’вӕрын куы райдыдтой, ӕмӕ куыст ӕрлӕууынӕй тӕссаг куы уыд, уӕд Захари фехъусын кодта: «Йегъовӕйы ныхас Зоровавелмӕ: „Ӕфсӕдтӕ ӕмӕ тыхы руаджы нӕ, фӕлӕ мӕ сыгъдӕг уды руаджы“,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ. Чи дӕ, хӕрдмӕ фӕцӕуӕг хох? Зоровавелы раз быдыр фестдзынӕ». Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы кувӕндон арӕзт фӕци. Уӕдӕ афтӕ абон дӕр – нӕ размӕ исты цӕлхдуртӕ куы уа, уӕд уыдон дӕр фесӕфдзысты, Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд. Растдӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн куы зӕгъат, ардыгӕй сыст ӕмӕ уӕртӕ уым ӕрлӕуу, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ ницы уыдзӕн ахӕмӕй, уӕ бон цы нӕ уа саразын» (Зах. 4:6, 7; Матф. 17:20).

24 Захарийы 13:2–6 пехуымпар дзуры, Йегъовӕйы адӕмы абоны онг иннӕтӕй цы хицӕн кӕны, ууыл – иузӕрдиондзинадыл. Ахӕм иузӕрдиондзинад хъуамӕ бирӕ тыхджындӕр уа, адӕм кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дарынц, суанг тугхӕстӕджыты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уымӕй дӕр. Де ’ввахс хӕстӕг Йегъовӕйы номӕй мӕнг куы дзура, ома йӕ ныхӕсты Хуыцауы Паддзахады хабаримӕ иумӕйагӕй куы ницы уа, ӕмӕ куы архайа ӕмбырды искӕй зондахастыл ӕвзӕрырдӕм бандавын, уӕд хъуамӕ йӕ бинонтӕ уой иузӕрдион ӕмӕ сразы уой, ӕмбырд уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы уынаффӕ рахӕсса, уыимӕ. Афтӕ хъуамӕ уӕм не ’ввахс хӕлӕрттӕй мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уыимӕ дӕр, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕна йе ’взӕр хъуыддӕгтыл.

25 Фыццаг абзацты куыд дзырдӕуыд, афтӕмӕй Захарийы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты, зӕгъӕм: Йесо бацыд Иерусалиммӕ паддзахы цыдӕй, «сӕрныллӕгӕй ӕмӕ хӕрӕгыл бадгӕйӕ»; ауӕй йӕ кодтой «ӕртын ӕвзист ӕхцайыл»; уыцы рӕстӕджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныппырх сты; хъӕдыл ӕй байтыгътой ӕмӕ йӕ арцӕй барӕхуыстой (Зах. 9:9; 11:12; 13:7; 12:10). Ацы пехуымпарад дзуры, Йегъовӕйы кувӕндон чи хъуамӕ сараза, уыцы «Тауы» тыххӕй. Исайы 11:1–10, Йеремийы 23:5 ӕмӕ Лукайы 1:32, 33 абаргӕйӕ бӕрӕг у, уыцы «Тау» кӕй у Йесо Чырысти, уый «паддзахиуӕг кӕндзӕн Иаковы хӕдзарыл мыггагмӕ». Захари фыссы, зӕгъгӕ, «Тау» у «сауджын йӕ паддзахбадӕныл», ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ӕмхуызон сты апостол Павелы ныхӕстимӕ: «Йесо, ӕнустӕм Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын чи сси, уый», стӕй ма «уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс чи ӕрбадт» (Зах. 6:12, 13; Дзут. 6:20; 8:1). Уымӕ гӕсгӕ пехуымпарад ӕвдисы, «Тау» кӕй у Хистӕр сауджын ӕмӕ Паддзах, ӕмӕ кӕй бады Хуыцауы рахизфарс уӕлӕрвты, афтӕ ма дзы дзырд цӕуы, Йегъовӕ кӕй у Дунедарӕг: «Ӕмӕ Йегъовӕ суыдзӕн ӕгас зӕххы паддзах. Уыцы бон уыдзӕни иунӕг Йегъовӕ ӕмӕ иунӕг йӕ ном» (Зах. 14:9).

26 Уыцы рӕстӕджы тыххӕй дзургӕйӕ, пехуымпар 20 хатты фӕлхат кӕны дзырдтӕ «уыцы бон», ӕмӕ чиныг дӕр ахӕм ныхӕстӕй фӕуд кӕны. Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, уый кӕй уыдзӕн, Йегъовӕ мӕнгхуыцӕутты нӕмттӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпарты куы фесафа, уыцы бон (13:2, 4). Уыцы бон Йегъовӕ растдзӕн лӕбурджыты ныхмӕ, кӕрӕдзийы ныхмӕ сӕ скӕндзӕн, фесафдзӕн сӕ, йӕ адӕмы та «йӕ хӕхты дӕлвӕзы» бамбӕхсдзӕн (14:1–5, 13; 12:8, 9). О, «Йегъовӕ, сӕ Хуыцау, уыцы бон йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн фысты дзугау», ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы хондзысты сӕнӕфсиры ӕмӕ легъуибӕласы бын бадынмӕ (Зах. 9:16; 3:10; Мих. 4:4). Уӕд ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ йӕ адӕмы «’хсӕн ӕрцӕрдзӕн» ӕмӕ «царддӕттӕг дӕттӕ ракӕлдзысты Иерусалимӕй». Захарийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «уыцы бон» цы хабӕрттӕ цӕуа, уыдон амондзысты Хуыцауы Паддзахады зӕрдӕвӕрд «ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (Зах. 2:11; 14:8; Рарг. 21:1–3; 22:1).

27 «Гыццыл хъуыддӕгты бонмӕ ӕнӕрвӕссонӕй чи кӕсы?»,– фӕрсы Йегъовӕ. Кӕс ма! Ӕгас зӕххыл дӕр ахӕм уавӕртӕ уыдзӕн: «Бирӕ адӕм ӕмӕ тыхджын адӕмыхӕттытӕ ӕрцӕудзысты Иерусалиммӕ ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйы бацагурынмӕ... ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс лӕджы ныххӕцдзысты дзуттаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“». «Уыцы бон» суанг бӕхты дзӕнгӕрджытыл дӕр уыдзӕни фыст ахӕм ныхӕстӕ: «Сыгъдӕгдзинад у Йегъовӕйы!» Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ пехуымпарадтӕм ӕркӕсын стыр пайда у, уымӕн ӕмӕ ӕвдисынц, Йегъовӕйы ном ӕцӕгдӕр Паддзахады Мыггаджы уылты кӕй срухс уыдзӕн (Зах. 4:10; 8:22, 23; 14:20).

[Фиппаинӕгтӕ]

a «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 531, 1136 фф., (англ.).

b «Encyclopaedia Judaica», 1973, 4 Vol., col. 828, (англ.); «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 1080, 1081 фф., (англ.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын