-
Зӕппадз у афтид – Йесо райгас!Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Сылгоймӕгтӕ Йесойы зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд фырдиссагӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Марийӕ Магдалинӕ азгъордта «Симон Петрмӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинагмӕ, Йесо кӕй уарзта, уымӕ» (Иоанны 20:2). Фӕлӕ, уым чи баззад, уыцы сылгоймӕгтӕ зӕппадзы раз федтой зӕды. Мидӕгӕй та уыди ӕндӕр зӕд «даргъ урс дарӕсы» (Марчы 16:5).
-
-
Зӕппадз у афтид – Йесо райгас!Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Уӕдмӕ Марийӕ ссардта Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ, йӕ лӕф-лӕф цыди, афтӕмӕй сын загъта: «Нӕ Хицауы нын зӕппадзӕй ахастой, ӕмӕ йӕ цы фӕкодтой, уымӕн ницы зонӕм» (Иоанны 20:2). Петр ӕмӕ Иоанн уырдӕм азгъордтой. Иоанн тагъддӕр згъордта, ӕмӕ фыццаг уый бахӕццӕ. Гъемӕ зӕппадзмӕ бакаст ӕмӕ дзы федта хӕцъилтӕ, фӕлӕ мидӕмӕ нӕ бахызт.
Фӕлӕ Петр куы ’рбахӕццӕ, уӕд уайтагъд мидӕмӕ бахызт ӕмӕ дзы федта кӕттаг хъуымац ӕмӕ, Йесойӕн йӕ сӕр цы хӕцъилы гӕбазӕй тыхт уыди, уый дӕр. Йӕ фӕстӕ Иоанн дӕр мидӕмӕ бахызт, ӕмӕ йӕ уӕд Марийӕйы ныхӕстӕ бауырныдтой. Фӕлӕ, Йесо кӕй райгас, уый уыдон дӕр нӕма ӕмбӕрстой, кӕд сын уый тыххӕй йӕхӕдӕг йӕ удӕгасӕй дзырдта, уӕддӕр (Матфейы 16:21). Ӕмӕ, цы ’рцыд, ууыл дисгӕнгӕйӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты. Марийӕ та фӕстӕмӕ зӕппадзы цурмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ уым баззад.
-