Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
    • 1, 2. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы нӕ бамбӕрстой? ӕ) Йесо цавӕр хуымгӕрдӕнты кой кодта?

      ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ». Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой. Йесо сын цы хуымтӕм бацамыдта, уыдоны ’рдӕм акастысты ӕмӕ федтой, хуымтӕ бур кӕй не сты, фӕлӕ цъӕх, уымӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор нырма ныр сзади. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтой: «Хуымгӕрдӕнтӕм нырма цалдӕр мӕйы куы хъӕуы, уӕд цӕй кӕрдыны кой кӕны?» (Иоан. 4:35).

      2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ӕнӕуи хуымгӕрдӕнты кой нӕ кодта. Фӕлӕ уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодтаид, адӕмы чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй ӕмбырд кӕндзысты, уыимӕ баст дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? Цӕмӕй йӕ базонӕм, уый тыххӕй ацы скъуыддзагмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

      Бирӕ куыст ӕмӕ стыр циндзинад

      3. а) Йесо цӕмӕн загъта, хуымтӕ «фӕурс сты», зӕгъгӕ? (Кӕс фиппаинаг.) ӕ) Йесо куыд бамбарын кодта, цӕй кой кодта, уый?

      3 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ загъта н. э. 30 азы кӕрон самариаг горӕт Сихармӕ хӕстӕг. Бӕлвырдӕй та хабар афтӕ уыди. Ахуыргӕнинӕгтӕ горӕтмӕ ацыдысты, Йесо та цъайы раз бадт ӕмӕ иу сылгоймагимӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын райдыдта. Уыцы сылгоймаг уайтагъд бамбӕрста, Йесо тынг ахсджиаг хабӕрттыл кӕй дзуры. Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд сылгоймаг Сихармӕ азгъордта ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕн радзырдта, цы диссаджы хабӕрттӕ базыдта, уыдон. Йӕ ныхӕстӕ адӕмы афтӕ тынг бацымыдис кодтой, ӕмӕ дзы бирӕтӕ уайтагъд цъайы ’рдӕм Йесойы фенынмӕ атындзыдтой. Йесо хуымтӕм акаст ӕмӕ дардмӕ федта, горӕты ’рдыгӕй самариӕгтӕ кӕй ӕрбацӕуынц. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уӕд загъта ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты [«фӕурс сты», «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз] ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»a. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуымгӕрдӕг... тыллӕг ӕмбырд кӕны ӕнусон цардӕн». Ӕмӕ афтӕмӕй бамбарын кодта, ӕнӕуи хуымгӕрдӕнты кой кӕй нӕ кӕны (Иоан. 4:5–30, 36).

      4. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын кодта? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

      4 Ныр та аныхас кӕнӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын кодта, ууыл. Фыццаг: хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй. Йесо афтӕ кӕй загъта, хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта ӕвӕстиатӕй архайынмӕ. Цӕмӕн, уый та сын бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ныридӕгӕн хуымгӕрдӕг йӕ мызд исы». Ӕцӕгдӕр, хуымгӕрдӕн райдыдта, ӕмӕ иу гыццыл дӕр фӕстиат кӕнӕн нал уыд! Дыккаг: хуымгӕрдӕн кусджытӕн хӕссы стыр циндзинад. Йесо загъта, зӕгъгӕ, тауджытӕ дӕр ӕмӕ хуымгӕрдджытӕ дӕр «иумӕ цин кӕндзысты» (Иоан. 4:35ӕ, 36). Уыцы самариӕгтӕй йыл «бирӕтӕ... баууӕндыдысты», ӕмӕ ууыл куыннӕ цин кодтаид. Ӕмӕ йӕ фидарӕй зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй куы архайой, уӕд уыдонӕн дӕр уый стыр циндзинад кӕй хӕсдзӕн (Иоан. 4:39–42). Кӕд ацы хабар 1 ӕнусы ӕрцыд, уӕддӕр абон махӕн тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ хорз ӕвдисы, абон, ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕны рӕстӕг, цы хабӕрттӕ цӕуы, уый. Нӕ рӕстӕджы хуымгӕрдӕн кӕд райдыдта? Чи дзы архайы? Ӕмӕ цавӕр тыллӕг ӕрхаста?

  • Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
    • a Йесо афтӕ куы загъта, хуымтӕ фӕурс сты, зӕгъгӕ, уӕд, гӕнӕн ис, чи йӕм ӕрбацӕйцыд, уыцы самариӕгты урс уӕлӕдарӕсы кой кодта.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын