Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Сымах мын «уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 14, 15. а) Зӕдтӕ Чырыстийы ӕрыздӕхты тыххӕй цы загътой ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? (Кӕс ма фиппаинаг.) б) Чырысти уӕлӕрвтӕм куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр «афтӕ» кӕй ӕрыздӕхт, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      14 Ацы сӕры райдианы бакастыстӕм, Йесо зӕххӕй уӕлӕрвтӕм куы ссыд ӕмӕ йӕ йӕ 11 апостолы куы нал уыдтой, уӕддӕр ма кӕй лӕууыдысты ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй кастысты. Уӕдмӕ сӕ разы февзӕрд дыууӕ зӕды ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодтой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Уе ’хсӕнӕй уӕларвмӕ чи ацыд, уыцы Йесойы уӕлӕрвтӕм ссӕугӕ куыд федтат, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрцӕудзӕн» (Хъуыд. 1:11). Цымӕ зӕдты уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Чырысти уыцы буары хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, иуӕй-иу динтӕ куыд дзурынц, афтӕ? Нӕ. Кӕцӕй йӕ зонӕм?

      15 Зӕдтӕ загътой, Чырысти уӕлӕрвтӕм куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр «афтӕ» кӕй ӕрцӕудзӕнb. Ӕмӕ куыд ссыд уӕлӕрвтӕм? Зӕдтӕ апостолтимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Чырысти нал зынд. Йесо зӕххӕй куыд фӕхицӕн ӕмӕ йӕ Фыдмӕ уӕлӕрвтӕм куыд сцӕйцыд, уый федтой ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаджы – апостолтӕ. Чырысти фӕстӕмӕ дӕр хъуамӕ афтӕ ӕрцыдаид, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта. Абон, Чырысти кӕй ӕрцыд, ома Паддзах кӕй у, уый ӕмбарынц, Фыстад хорз чи зоны ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый чи уыны, ӕрмӕстдӕр уыдон (Лук. 17:20). Мах хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, Чырысти кӕй ӕрцыд, уый цы хабӕрттӕй бӕрӕг у, уыдонмӕ ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕмбарой, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый.

  • Сымах мын «уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • b Ам Библийы цы грекъаг дзырд ис, уый у тро́пос ӕмӕ ӕвдисы, Йесо куыд ӕмӕ цыхуызы хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, уый, йӕхӕдӕг цыхуызӕн хъуамӕ уыдаид, уый нӕ, фӕлӕ. Уый кой дзы куы цыдаид, уӕд та дзы уыдаид ӕндӕр грекъаг дзырд, морфе, зӕгъгӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын