Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 7 Вар-Йесо хорз хабары ныхмӕ цӕуын райдыдта. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид! Уый уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы уынаффӕгӕнӕг. Ӕмӕ йӕ кадджын бынатӕн кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ хицауы цыфӕндыйӕ дӕр бакъуылымпы кодтаид, цӕмӕй «Йесойыл ма баууӕндыдаид» (Хъуыд. 13:8). Фӕлӕ, уыцы уынаффӕгӕнӕг Сергий Павелы зонд куыд зыгъуыммӕ кодта, уымӕ Савл ӕнцад нӕ каст. Цы сарӕзта? Мах кӕсӕм: «Савл, хонынц ӕй Павел дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, ӕдзынӕг ӕм [ома Вар-Йесомӕ] ныккаст ӕмӕ йын загъта: „Уӕртӕ хинӕйдзаг ӕмӕ цъаммар! Хӕйрӕджы фырт ӕмӕ, раст цыдӕриддӕр у, уый знаг! Йегъовӕйы раст фӕндӕгтӕ ма бирӕ зыгъуыммӕ кӕндзынӕ? Йегъовӕ дӕ ӕрцӕвдзӕн, ӕмӕ бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ иуцасдӕр хуры рухс нал фендзынӕ“. Ӕвиппайды Елимӕйы цӕстытыл мигъ ныббадт, бӕстӕ йыл баталынг ӕмӕ, кӕй къухыл ныххӕцыдаид, уый агурӕг-иу куы иуырдӕм фӕци, куы иннӕрдӕм»g. Уый фӕстӕ цы ’рцыд? «Сакъадахы хицау уый куы федта, уӕд баууӕндыд, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уыдӕттӕ йӕ дисы бафтыдтой» (Хъуыд. 13:9–12).

  • «Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • g Ардыгӕй фӕстӕмӕ Библийы Савл хуыйны Павел. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Савл йӕхи ромаг номӕй хонын райдыдта Сергий Павелы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй. Фӕлӕ сакъадахӕй куы ацыд, уый фӕстӕ дӕр йӕхи Павел хуыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ скӕнӕн ис ӕндӕр хатдзӕг: Павел «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта, нырӕй фӕстӕмӕ йӕхи ромаг номӕй кӕй хондзӕн. Павел ӕй хуыдтаиккой, уый ма йӕ, чи зоны, уый тыххӕй дӕр фӕндыди, ӕмӕ йӕ дзуттаг ном, Савл, хъуысы, ӕвзӕр хъуыды кӕмӕн ис, ахӕм грекъаг дзырды хуызӕн (Ром. 11:13).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын