Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 14–16 фф.
  • Библийы 30 чиныг – Амос

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 30 чиныг – Амос
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 14–16 фф.

Библийы 30 чиныг – Амос

Ныффыста йӕ: Амос

Кӕм ӕрцыд фыст: Иудӕйы

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 804 азмӕ ’ввахс

ЙЕГЪОВӔ Амосы куы сразӕнгард кодта лӕггад кӕнынмӕ, уӕд уый нӕдӕр пехуымпар уыд, нӕдӕр пехуымпары фырт, фӕлӕ цыд фыййау ӕмӕ сикоморӕтӕ (легъуитӕ) тыдта. Хуыцау ӕй сӕвӕрдта пехуымпарӕй ӕрмӕст йӕхи адӕмӕн, иудейтӕн нӕ, фӕлӕ сӕйраджыдӕр цӕгат паддзахад Израилӕн. 4 Паддзахӕдты 17:13, 22, 23 цы пехуымпарты кой цӕуы, уыдонӕй иу уыд Амос, Иудӕйы сахар Фекойӕ. Ацы сахар уыд Иерусалимӕй хуссарырдӕм 16 километры дарддӕр ӕмӕ йӕм дӕсмыггаг Израилы паддзахады хуссарварсы арӕнтӕй уыд иу боны цыд (Амос 1:1; 7:14, 15).

2 Амос йӕ пехуымпарады фыццаг стихы дзуры, лӕггад кӕнын кӕй райдыдта, Иудӕйы Ози куы паддзахиуӕг кодта, Израилы та Иоасы фырт Иеровоам II куы уыд паддзах, стыр зӕххӕнкъуыст куы ’рцыд, уымӕй дыууӕ азы раздӕр. Афтӕмӕй пехуымпарӕй лӕггад кодта 26 азы, н. э. агъоммӕ 829 азӕй н. э. агъоммӕ 804 азмӕ ’ввахс, растдӕр уыцы дыууӕ паддзахы рӕстӕг. Пехуымпар Захари дзуры, Озийы рӕстӕджы цы стыр зӕххӕнкъуыст уыд ӕмӕ адӕм фыртӕссӕй алы рӕттӕм куы лыгъдысты, уый тыххӕй (Зах. 14: 5). Дзуттаг историк Иосиф Флавий фыссы, зӕгъгӕ, зӕххӕнкъуыст уыд, Ози сӕрбӕрзонд куы сси ӕмӕ кувӕндоны буд ссудзынмӕ куы хъавыд, растдӕр уыцы рӕстӕджы. Фӕлӕ Амос цы зӕххӕнкъуысты кой кӕны, уый уыд, Ози паддзахиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы азты.

3 Ном Амос нысан кӕны «Уаргъ чи у, уый» кӕнӕ «Уаргъхӕссӕг». Кӕд Амос хъусын кодта Израил ӕмӕ Иудӕ (афтӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕмтӕ) додойаг кӕй фӕуыдзысты, уый тыххӕй, уӕддӕр ма сын хорз хабар дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ та йӕ адӕмы сӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Израилӕгтӕн, бӕгуыдӕр, хъуыди, додойаг кӕй фӕуыдзысты, уый тыххӕй фехъусын кӕнын. Уыцы рӕстӕджы адӕм уыдысты мулкылмард ӕмӕ хӕлд. Уыдон ферох кодтой Йегъовӕйы Закъон. Сӕ бухъ цардӕй афтӕ бакуырм сты, ӕмӕ нал ӕмбӕрстой, дыргъ фыррӕгъӕдӕй куыд фесӕфы, афтӕ уыдон дӕр се сӕфты фӕндагыл кӕй лӕууыдысты. Амос загъта, зӕгъгӕ, бирӕ нӕ рацӕудзӕн, нымадӕй цалдӕр азы, афтӕ дӕс мыггаджы кӕм цард, уыцы паддзахады адӕмы уацары акӕндзысты Дамаскӕй дарддӕр. Уымӕй Амос скадджын кодта Йегъовӕйы рӕстдзинад ӕмӕ хицаудзинад, 21 хатт ӕй хоны «Дунедарӕг Стыр Хуыцау» (Амос 1:8).

4 Ацы пехуымпарад дӕр ӕмӕ иннӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр кӕй сӕххӕст сты, уымӕй бӕлвырд кӕны, Амосы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый. Амос ма Хуыцауы номӕй дзырдта, израилӕгтӕн сӕ алыварс цы знӕгтӕ цард, уыдон зынгӕй кӕй фесӕфдзысты. Уыцы адӕмыхӕттытӕ уыдысты сириӕгтӕ, филистимӕгтӕ, тирӕгтӕ, едомӕгтӕ, аммонитӕгтӕ ӕмӕ моавитӕгтӕ. Истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй уыцы ӕнӕбасӕтгӕ знӕгтӕ, сӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд фесӕфтысты. Иудӕ ӕмӕ Израилы та ноджы карздӕрӕй бафхӕрын хъуыди, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕм аздӕхтысты. Салманассар V сӕргълӕудӕй ассирийӕгтӕ ӕрхъула кодтой Израилы фӕстаг ныфсыл, фидар сахар Самарийыл, ӕмӕ йӕ н. э. агъоммӕ 740 азы басастой (4 Пад. 17:1–6). Иудӕ уӕддӕр ницӕуыл сахуыр йӕ тугхӕстӕг Израилы хабарӕй ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ н. э. агъоммӕ 607 азы ныппырх кодтой.

5 Амос израилӕгты бафхӕрдта сӕ бухъ царды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ хъӕздгуытӕ мӕгуырты стыгътой, цӕмӕй сӕхицӕн «пылыстӕгӕй хӕдзӕрттӕ» арӕзтаиккой, ӕмӕ дзы сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн нуӕзтаиккой адджын сӕн ӕмӕ дзы минас кодтаиккой (Амос 3:15; 5:11, 12; 6:4–7). Израилӕгтӕ ӕцӕгӕйдӕр афтӕ хъӕздыг кӕй уыдысты, уый археологтӕ дӕр сбӕлвырд кодтой. Самари кӕм уыд, уыцы бынат куы къахтой, уӕд дзы ссардтой тынг бирӕ дзауматӕ пылыстӕгӕй. Иу энциклопедийы дзырдӕуы: «Дзауматӕ ис дыууӕ къордыл адих кӕнӕн: 1) ӕфсӕйнаджы лыггӕгтӕ горельефон нывтимӕ... 2) ӕфсӕйнаджы лыггӕгтӕ барельефон нывтимӕ, фӕлыст уыдысты зынаргъ дуртӕ, хуызджын авг, сыгъзӕрин фольгайӕ ӕмӕ а. д. [...] Пылыстӕгӕй арӕзт дзауматӕ сты Финикийы ӕрмдӕсныты арӕзт, ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕн сӕ галуанты цы хӕдзары дзауматӕ уыд, уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уымӕй фӕлыстой. Библи дзуры, Ахав „пылыстӕгӕй цы хӕдзар“ сарӕзта, уый тыххӕй (3 Пад. 22:39) ӕмӕ, Самарийы хъӕздыгдзинадыл дзурӕг чи уыд, уыцы „пылыстӕгӕй арӕзт хуыссӕнты“ тыххӕй, ӕмӕ сын Амос дӕр уайдзӕф кӕны уыцы хъӕздыгдзинады тыххӕй (6:4)»a.

6 Амосы чиныг Библийы хай кӕй у, уый дызӕрдыггаг нӕу. Ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый ма бӕлвырд кӕны Хъуыддӕгты 7:42, 43, Стефан Амосы пехуымпарадӕй ӕртӕ стихы йӕхи ныхӕстӕй кӕй дзуры, уымӕй, афтӕ ма Хъуыддӕгты 15:15–18 фыст Иаковы ныхӕстӕй дӕр (Амос 5:25–27; 9:11, 12).

ЦЫ ПАЙДА У

13 Абон Библи чи кӕсы, уыдонӕн хорз уаид, Амос Израил, Иудӕ ӕмӕ сӕ сыхаг адӕмты цӕмӕй фӕдзӕхста, уымӕ ’ркӕсын. Йегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты, йӕ закъон ын чи халы, мӕгуырты чи ’фхӕры ӕмӕ сӕ чи сайы, ӕнӕфсис, ӕнӕгъдау чи у ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдон. Фӕлӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ чи ныууадзы ӕмӕ сыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ ныххатыр кӕны ӕмӕ сӕм вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕ. Зондджын кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, ацы фыддунейы ӕнӕуаг адӕмӕй нӕхи куы хизӕм ӕмӕ куы хъусӕм Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ: «Агурут мӕ, ӕмӕ цӕрдзыстут» (5:4, 6, 14).

14 Стефан йӕ хъизӕмайраг мӕлӕты размӕ загъта Амосы ныхӕстӕ. Уый дзуттӕгты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, израилӕгтӕ ӕцӕгӕлон мӕнг хуыцӕуттӕ, зӕгъӕм, Молох ӕмӕ Рефанӕн кӕй куывтой, уацары дӕр сӕ уый тыххӕй кӕй акодтой. Стефан Амосы ныхӕстӕ дзуттӕгтӕн кӕй загъта, уый сыл хорзырдӕм фӕзынд? Нӕ! Йӕ ныхӕстӕм ын афтӕ смӕсты сты, ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой, ӕмӕ сӕхи дӕр уый тыххӕй баййӕфта бӕллӕх – н. э. 70 азы Иерусалим пырх ӕрцыд (Амос 5:25–27; Ап. хъ. 7:42, 43).

15 Хорз уаид, Израил, Иудӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕ ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, ӕрмӕст уыцы пехуымпарӕдтӕм ӕркӕсын нӕ, фӕлӕ ма раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уыцы пехуымпарӕдтӕм дӕр. Йегъовӕ Амосы уылты цы загъта, уый сӕххӕст н. э. агъоммӕ 537 азы. Уӕд израилӕгтӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты, сӕ сахартӕ ногӕй сарӕзтой ӕмӕ сӕ бацардысты, уый фӕстӕ райдыдтой сӕнӕфсир ӕмӕ дыргъы куыст (Амос 9:14; Ездрӕ 3: 1).

16 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Амосы пехуымпарӕдтӕй иу диссаджы хуызы сӕххӕст апостолты рӕстӕджы. Иаков куы дзырдта, чырыстон ӕмбырды дзуттӕгтӕй уӕлдай иннӕ адӕмтӕй дӕр кӕй уыдзӕн, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы бамбарын кодта, уый Амосы 9:11, 12 фыст кӕй уыд. Иаков загъта, зӕгъгӕ, пехуымпарад, «Давиды хӕлд цатыр ногӕй саразыны» тыххӕй кӕй сӕххӕст чырыстон ӕмбырдыл, «цӕмӕй ма ацы адӕмӕй чи баззад, уыдон, мӕ ном мын чи хӕссы, ӕппӕт уыцы адӕмыхӕттытимӕ иумӕ зӕрдиагӕй агурой Йегъовӕйы,– зӕгъы Йегъовӕ». Ацы ныхӕстӕ, хорз бӕлвырд кодтой Библийы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕндоны фӕзындзӕн ног цыдӕр. Симон Петр куыд загъта, афтӕмӕй Хуыцау ӕмбырд кодта алы адӕмыхаттӕй «йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (Ап. хъ. 15:13–19).

17 Йесо Чырысти, уыцы чырыстон ӕмбырды Хистӕр, ӕндӕр ран хуыйны «Давиды фырт». Уымӕн «йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн» баззад бынӕн ӕмӕ ӕнустӕм хицауиуӕг кӕндзӕн (Лук. 1:32, 33; 3:31). Уымӕ гӕсгӕ Амосы пехуымпарады дзырдӕуы, Хуыцау Давидимӕ паддзахады тыххӕй цы бадзырд скодта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Амос йӕ чиныджы фӕстаг стихты ӕрмӕст ууыл нӕ дзуры, «Давиды... кувӕндоны цатыр» рацаразыны рӕстӕг кӕй уыдзӕн хъӕдзыг ӕмӕ хорз цард, фӕлӕ ма ’вдисы, Хуыцауы Паддзахад кӕй лӕудзӕн ӕнустӕм: «„Ӕнӕмӕнгдӕр сӕ сӕ зӕххыл ныссадздзынӕн, ӕмӕ сын цы зӕхх радтон, уырдыгӕй сӕ ничиуал стондзӕн“,– афтӕ зӕгъы дӕ Хуыцау Йегъовӕ». Йегъовӕ «Давиды... кувӕндоны цатыр» ногӕй куы сараза, уӕд зӕххыл ӕнустӕм уыдзӕни фарн ӕмӕ бӕркад (Амос 9:13–15).

[Фиппаинаг]

a «Encyclopedia of Archaeological Excavations in the Holy Land» 1978 аз, Иерусалим, 1046 ф., (англ.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын