-
Чырыстийы апостолты фӕзмут – ма бафынӕй утХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 январь
-
-
4, 5. Хуыцауы сыгъдӕг тых Павелӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн разамынд куыд лӕвӕрдта?
4 Фыццаг хабар: апостолтӕ байхъуыстой, кӕм хъусын кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл сын цы разамынд лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕ. Библийӕ базонӕн ис, Чырысти Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕ балцы рӕстӕг разамынд куыд лӕвӕрдта, уый (Хъуыд. 2:33). Уӕдӕ хабармӕ райдианӕй ӕркӕсӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:6–10.)
-
-
Чырыстийы апостолты фӕзмут – ма бафынӕй утХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 январь
-
-
7 Фӕлӕ уый фӕстӕ цы уынаффӕ рахастой, уый, чи зоны, кӕмӕдӕр ӕнахуыр фӕкӕса. 8-ӕм стихы фыст ис: «Мисийы рӕзты ацыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ». Уӕдӕ бӕлццӕттӕ ацыдысты ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ фӕцыдысты 550 километры бӕрц, цалдӕр горӕты фӕстейӕ фӕуагътой ӕмӕ бахӕццӕ сты наулӕууӕн горӕт Троадӕмӕ. Уырдыгӕй денджызыл сӕ бон уыд ацӕуын Македонимӕ. Дарддӕр цы ’рцыд, уый базонӕн ис 9-ӕм стихӕй: «Ӕхсӕвы Павел цӕстылуайӕны федта: йӕ разы лӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, Македонимӕ-ма ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ». Кӕдӕй-уӕдӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ базыдтой, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый. Уымӕй размӕ дыууӕ хатты сӕ фӕнд сӕ къухы нӕ бафтыд, фӕлӕ ацы хатт сӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ! Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фӕстиат нал фӕкодтой, науыл сбадтысты ӕмӕ Македонимӕ ацыдысты.
-