Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Македонимӕ-ма ӕрцу»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 16. Павел ӕмӕ Силӕйы куы фӕнадтой, уӕд дыккаг бон тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм куыд фӕкъул?

      16 Павел ӕмӕ Силӕйы куы фӕнадтой, уӕд дыккаг бон райсомӕй горӕты хицӕуттӕ бардзырд радтой, цӕмӕй сӕ рауагътаиккой. Фӕлӕ Павел загъта: «Мах, ромӕгты, ӕнӕ тӕрхонӕй адӕмы раз фӕнадтой ӕмӕ нӕ ахӕстоны баппӕрстой, ӕмӕ нӕ ныр та сусӕгӕй ӕрвитынц? Нӕ, уадз ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕрбацӕуой ӕмӕ нӕ ракӕной». Хицӕуттӕ уый куы базыдтой, ӕмӕ уыцы дыууӕ лӕджы ромӕгтыл нымад сты, уӕд сӕхицӕн «старстысты», уымӕн ӕмӕ сын сӕ бартӕ ницӕмӕ ӕрдардтойd. Ныр тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм фӕкъул. Уый размӕ горӕты хицӕуттӕ ахуыргӕнинӕгты адӕмы раз фӕнӕмын кодтой, ӕмӕ сӕ ныр та адӕмы раз хатыртӕ курынц. Стӕй Павел ӕмӕ Силӕйӕн ныллӕгъстӕ кодтой, Филипптӕй ацӕут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ ныхасмӕ байхъуыстой. Фӕлӕ уал уый размӕ цасдӕр рӕстӕг ног ахуыргӕнинӕгтимӕ фесты ӕмӕ сӕ бафидар кодтой. Уый фӕстӕ сӕ фӕндагыл араст сты.

  • «Македонимӕ-ма ӕрцу»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • d Ромы закъонмӕ гӕсгӕ, ромагыл нымад чи уыд, уыдонӕн-иу сӕ бон ӕрдомын уыди, цӕмӕй-иу сын сӕ хъуыддаг бӕстон равзӕрстаиккой, ӕмӕ, аххосджын кӕй уыдысты, уый цалынмӕ не сбӕлвырд уыдаид, уӕдмӕ-иу сӕ адӕмы раз фӕнӕмӕн ницы хуызы уыди.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын