Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фессалоникӕ. Тох хорз хабары сӕрыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
    • Павел-иу фыццаг хатт цы горӕтмӕ ’рцыд, уым уал-иу ныхас кӕнын райдыдта дзуттӕгтимӕ, уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстад хорз кӕй зыдтой, уымӕ гӕсгӕ йын семӕ ныхас кӕнын ӕмӕ сын хорз хабар ӕмбарын кӕнын ӕнцондӕр уыд. Иу ахуыргонды хъуыдымӕ гӕсгӕ-иу Павел афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй кодта, ӕмӕ тынг тыхсти дзуттаг адӕмыл. Фыццаг-иу дзуттӕгтимӕ ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дӕр Хуыцауӕй чи тарст, уыдонимӕ кӕй аныхас кодта, уый фӕрцы-иу ын стӕй ӕнцондӕр уыд, дзуттаг диныл хӕст чи нӕ уыд, уыдонимӕ ныхас кӕнын (Хъуыддӕгтӕ 17:2–4).

      Уӕдӕ Фессалоникӕйы дӕр Павел фыццаг бацыд дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Библийы кӕсӕм: «[Семӕ] ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Ӕмбарын сын кодта, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Дзырдта сын: „Ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, гъе уый у Чырысти“» (Хъуыддӕгтӕ 17:2, 3, 10).

      Павел ӕмбарын кодта, Мессийӕ чи уыд ӕмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый, ӕмӕ-иу иутӕ йемӕ сразы сты, иннӕтӕ та-иу йӕ ныхмӕ дзырдтой. Дзуттӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, Мессийӕ сӕ Ромы паддзахады дӕлбарӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, Павел та сын дзырдта, Мессийӕ кӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ кӕй амард. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ йемӕ быцӕу кодтой. Цы сын дзырдта, уый сӕ цӕмӕй бауырныдтаид, уый тыххӕй Павел, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй семӕ «ныхас кодта», «ӕмбарын сын кодта» ӕмӕ сын «Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста». Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, фӕлтӕрдджын ахуыргӕнӕг кӕй уыдa. Цымӕ дзуттӕгтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой, Павел сын цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕмбарын кодта, уыдон?

  • Фессалоникӕ. Тох хорз хабары сӕрыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
    • a Павел Фыстадӕй цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдон абоны Библийы, ӕвӕццӕгӕн, сты Псалом 22:7; 69:21; Исайы 50:6; 53:2–7 ӕмӕ Данелы 9:26 стихтӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын