-
«Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
13. Дун-дуне куыд фӕзынд, уый Павел куыд бамбарын кодта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты?
13 Хуыцау сфӕлдыста Дун-дуне. Павел загъта: «Дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты нӕ цӕры»d (Хъуыд. 17:24). Дун-дуне йӕхи ’гъдауӕй нӕ фӕзынд, фӕлӕ ӕппӕт дӕр ӕцӕг Хуыцау сфӕлдыста (Пс. 146:6). Грекъӕгты хуыцау Афинӕ ӕмӕ иннӕ хуыцӕуттӕ дӕр цардысты кувӕндӕтты, ӕмӕ сӕ кад дӕр кувӕндӕттыл ӕмӕ нывондхӕссӕнтыл баст уыди. Фӕлӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты никуы бацӕудзӕн (1 Пад. 8:27). Уӕдӕ Павелы цы зӕгъын фӕндыд, уый бӕрӕг уыд: адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты цы къухӕйконд хуыцӕуттӕ ис, уыдонӕй иуы дӕр нӕй ӕцӕг Хуыцауимӕ абарӕн (Ис. 40:18–26).
-
-
«Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
d «Дуне»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый у ко́смос ӕмӕ Библийы арӕхдӕр фӕамоны адӕммӕ. Фӕлӕ грекъӕгтӕ ацы дзырдӕй пайда кодтой дун-дунейы кой кӕнгӕйӕ, ӕмӕ дзы Павел дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыды бавӕрдта, цӕмӕй грекъӕгтимӕ дарддӕр дӕр ныхас кодтаид, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл.
-