-
«Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
17, 18. Адӕм цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцау сӕм куыд ӕввахс у, уый ӕмӕ Павел йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕмӕ фӕндаг куыд агуырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
17 Адӕм хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцау сӕм куыд ӕввахс у, уый. Павел загъта: «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм». Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ам Павел ӕрхаста критаг поэт Епимениды ныхӕстӕ. Уый цард н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы ӕмӕ «афинӕгтӕ сӕ дины хъуыддӕгтӕй иу дӕр ӕнӕ уымӕй нӕ кодтой». Хуыцау адӕммӕ куыд ӕввахс у, уый ма ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарой, уый тыххӕй Павел загъта: «Уӕ фысджытӕй дӕр чидӕртӕ... загътой, „мах не ’ппӕт дӕр йӕ цот стӕм“, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 17:28). Адӕм хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцауимӕ ӕнгом баст кӕй сты, уымӕн ӕмӕ уый сфӕлдыста, ӕппӕт адӕм дӕр кӕмӕй рацыдысты, уыцы фыццаг адӕймаджы. Цӕмӕй Павел йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид, уый тыххӕй сын ӕрхаста, сӕ цӕсты стыр кад кӕмӕн уыд, уыцы грекъаг уацмысты фыст ныхӕстӕe. Мах дӕр Павелау хатт цавӕрдӕр ныхӕстӕ ӕрхӕссӕм историйы чингуытӕй, энциклопедитӕй кӕнӕ, адӕм хорз кӕй зонынц, ӕндӕр ахӕм чингуытӕй. Зӕгъӕм, искӕимӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтты тыххӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд сын нӕ бон у, мӕнг динтӕй кӕй равзӕрдысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын, стыр аргъ кӕмӕн кӕнынц, ахӕм чингуытӕй. Уый фӕрцы, чи зоны, ӕнцондӕрӕй сразы уой, нӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, ууыл.
-
-
«Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
e Ацы ныхӕстӕ Павел ӕрхаста, стоикты ахуырӕдтыл хӕст чи уыд, уыцы грекъаг поэт Арат астрономийы тыххӕй цы поэмӕ ныффыста, уырдыгӕй, «Ӕрдзы фӕзындтӕ», зӕгъгӕ (Phaenomena). Ахӕм ныхӕстӕ ма ис ӕндӕр грекъаг чингуыты дӕр, зӕгъӕм, стоикты ахуырӕдтыл хӕст фыссӕг Клеанфы уацмысы «Гимн Зевсӕн» (Hymn to Zeus).
-