-
«Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ» нӕ дисы ӕфтауынцХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 август
-
-
Хъуыддагмӕ ӕрӕвнӕлдтой!
4. Иоилы пехуымпарӕдтӕй кӕцы сӕххӕст н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон?
4 Иерусалимы Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд сӕ рӕстӕг нал сӕфтой, ӕмӕ ирвӕзындзинады тыххӕй хъусын кӕнын райдыдтой, уыцы райсом хӕдзары раз чи сӕмбырд, уыдонӕн. Сӕ уацамындӕй сӕххӕст, Вафуилы фырт Иоил аст сӕдӕ азы размӕ цы пехуымпарад ныффыста, уый: «Ӕз мӕ [сыгъдӕг] уд ӕруадздзынӕн алы буарыл дӕр, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты. Уӕ зӕрӕдтӕ уындзысты фынтӕ. Уе ’рыгон лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ. Ӕмӕ ма уыцы бонты суанг цагъартыл (нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймӕгтыл) дӕр ӕруадздзынӕн мӕ [сыгъдӕг] уд... Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау боны размӕ» (Иоил 1:1; 2:28, 29, 31; Куыстытӕ 2:17, 18, 20).
5. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цы хуызы пехуымпариуӕг кодтой? (Кӕс фиппаинаг.)
5 Цымӕ Иоилы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъуыд, ӕмӕ та Хуыцау ногӕй пехуымпартӕ равзардзӕн, зӕгъӕм: Давиды, Иоилы ӕмӕ Деворӕйы хуызӕтты, цӕмӕй фидӕны цаутӕ уыдоны уылты хъусын кӕна? Нӕ. Чырыстон «фырттӕ» ӕмӕ «чызджытӕ», «цагъартӕ (нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймӕгтӕ)» уыцы хуызы пехуымпариуӕг кодтаиккой, ӕмӕ сӕ Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй разӕнгард кодтаид, цӕмӕй дзырдтаиккой, цы «стыр хъуыддӕгтӕ» сарӕзта ӕмӕ ма цы хъуамӕ сарӕзтаид, уыдон тыххӕй. Уыдон хъуамӕ дзырдтаиккой Стыр Хуыцауы номӕйa. Фӕндзайӕм бон цы ’рцыд, уый адӕмыл куыд фӕзынд? (Дзуттытӕм 1:1, 2).
-
-
«Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ» нӕ дисы ӕфтауынцХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 август
-
-
a Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн куы бахӕс кодта, фараонмӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ адӕмы сӕрыл сдзурын, уӕд Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕ фараонӕн сӕвӕрдтон Хуыцауӕй, де ’фсымӕр Аарон та суыдзӕн дӕ пехуымпар» (Рацыд 7:1). Аарон уыд пехуымпар, уый фидӕны цытӕ ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ дзырдта Моисейы номӕй.
-