-
«Дзур, ӕнцад ма лӕуу»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
«Кӕд Йегъовӕйы фӕнда» (Хъуыд. 18:18–22)
17, 18. Павел Ефесмӕ куы цыди, уӕд цымӕ цӕуыл хъуыды кодтаид?
17 Галлион Павелы ӕфхӕрджытӕм цы цӕстӕй ракаст, уый фӕрцы, Коринфы ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдӕн сабыр рӕстӕг скодта ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ бӕлвырдӕй зонӕм, Павел ма Коринфы цӕрӕг ӕфсымӕртимӕ «бирӕ рӕстӕг» кӕй баззад ӕмӕ сын уый фӕстӕ хӕрзбон кӕй загъта. Н. э. 52 азы уалдзӕджы йӕ зӕрды уыд Кенхрейы наулӕууӕнӕй Сиримӕ ацӕуын. Кенхрей уыди Коринфӕй скӕсӕнырдӕм 11 километры дарддӕр. Фӕлӕ цалынмӕ Кенхрейӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ «йӕ сӕр цыбыр алвыдта – уымӕй равдыста, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта»c (Хъуыд. 18:18). Уый фӕстӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы йемӕ акодта ӕмӕ Эгейы денджызыл ацыд Къаннӕг Азимӕ, Ефесмӕ.
-