Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Аргъауӕг Иоанн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Иоанны ныхӕстӕ-иу адӕмы зӕрдӕты арф ахъардтой. Бирӕтӕ-иу бамбӕрстой, кӕй сӕ хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын, ома сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ царды уаг аивын ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуынц, уыдон ныууадзын. Иоанмӕ адӕм цыдысты «Иерусалимӕй, ӕгас Иудейӕйӕ» ӕмӕ «Иорданы алыварс бӕстӕй» (Матфейы 3:5). Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ сын Иоанн Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд лӕвӕрдта. Цӕмӕн?

      Чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы дзуттӕгтӕ цыдысты Иоанмӕ ӕмӕ сын донаргъуыд лӕвӕрдта

      Иоанн адӕмӕн донаргъуыд лӕвӕрдта, Хуыцауы Закъоны бадзырды ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, уыдоныл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый номыл (Хъуыддӕгтӕ 19:4). Фӕлӕ се ’ппӕт не ’рфӕсмон кодтой. Иоанмӕ дины разамонджытӕй чидӕртӕ, зӕгъӕм, фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ, куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ схуыдта «калмы мыггаг». Загъта сын: «Кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый хъуыддагӕй равдисут. Афтӕ ма хъуыды кӕнут, мах Авраамы цот стӕм, зӕгъгӕ. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн мӕнӕ ацы дуртӕй дӕр йӕ бон у Авраамӕн сывӕллӕттӕ скӕнын. Фӕрӕт дӕр бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы. Ӕмӕ хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалдзысты ӕмӕ йӕ арты баппардзысты» (Матфейы 3:7–10).

  • Аргъауӕг Иоанн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Иоанн адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдта, «ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг», зӕгъгӕ, уый уыди йӕ афоныл (Матфейы 3:2). Уыцы ныхӕстӕ адӕмӕн ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ хъуамӕ тагъд зӕххыл лӕггад кӕнын райдыдтаид Йегъовӕйы ӕвзӕрст Паддзах – Йесо Чырысти.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын