Библийы чиныг 49 – Ефесӕгтӕм
Ныффыста йӕ: Павел
Кӕм ӕрцыд фыст: Ромы
Фыст фӕцис: н. э. 60–61 азтӕм ӕв.
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн: хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕныс, уый тыххӕй ахӕстонмӕ бахаудтӕ. Дӕ бон нӕу хъусын кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын ӕмӕ сӕ фидар кӕнын. Куыд кӕндзынӕ ахӕм уавӕры? Рӕстдзинад дӕуӕй чи базыдта, уыдонмӕ нӕ ныффысдзынӕ? Цымӕ, куыд дӕ, уый базонын сӕ нӕ фӕнды ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын нӕ хъӕуы? Куыннӕ! Ӕмӕ ды дӕр фыссыныл ӕрбадтӕ. Растдӕр ахӕм уавӕры уыд апостол Павел, н. э. 59–61 азты Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд, уӕд. Павел паддзахмӕ хъаст балӕвӕрдта, ӕмӕ кӕд дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнгӕ кодтой, уӕддӕр йӕ бон цыдӕртӕ аразын уыд. Павел Ефесӕгтӕм фыстӕг ныффыста Ромы, ӕвӕццӕгӕн, н. э. 60 кӕнӕ 61 азы ӕмӕ йӕ арвыста Тихикӕн, йемӕ ацыд Онисим дӕр (Еф. 6:21; Кол. 4:7–9).
2 Суанг фыццаг ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, фыстӕг Павел кӕй ныффыста, стӕй цыппар хатты йӕхи тыххӕй дзуры, «Йесо Чырыстийы тыххӕй ахст», зӕгъгӕ (Еф. 1:1; 3:1, 13; 4:1; 6:20). Афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ, ацы фыстӕг Павел нӕ ныффыста, уыдонӕн сӕ бон нӕу бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын. Честер Биттийы папирусы № 2 (P46) (фыст ӕрцыд н. э 200 азмӕ ’ввахс) ис кодексы 86 сыфы ӕмӕ Павелы фыстӕджытӕ дӕр уырдӕм хаст сты. Уыцы сыфты ’хсӕн ис «Ефесӕгтӕм фыстӕг» дӕр. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы рӕстӕг ацы фыстӕг дӕр хаст кӕй ӕрцыд Павелы фыстӕджыты ӕмбырдгондмӕ.
3 Рагон аргъуаны историктӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, Ефесӕгтӕм фыстӕг Павел кӕй ныффыста, ууыл. Зӕгъӕм, Ириней (н. э. 2 ӕнус) ӕрхаста Ефесӕгтӕм 5:30 ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд Павел ефесӕгтӕм фыстӕджы загъта, мах йӕ буары уӕнгтӕ кӕй стӕм». Александриаг Климент (уый дӕр Иринеимӕ иу рӕстӕг цард) ӕрхаста Ефесӕгтӕм 5:21 йӕ писмойы: «Уымӕ гӕсгӕ ефесӕгтӕм фыстӕджы ныффыста, Хуыцауы тас уӕм уӕд ӕмӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут, зӕгъгӕ». Н. э. 3 ӕнусы райдианы фыссӕг Ориген, Ефесӕгтӕм 1:4 цы фыст ис, уый кой ракӕнгӕйӕ загъта: «Апостол дӕр йӕ фыстӕджы ефесӕгтӕм спайда кодта ахӕм ныхӕстӕй, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд нӕ равзӕрста»a. Евсеви, иннӕ рагон историктӕй иу (н. э. 260–342 азтӕм ӕв.) Ефесӕгтӕм фыстӕг бахаста Библийы канонмӕ, ӕмӕ иннӕ рагон фысджытӕй дӕр бирӕтӕ дзырдтой, Ефесӕгтӕм фыстӕг Фыстады хай кӕй у, уыйb.
4 Честер Биттийы папирусы, Ватиканы кодексы № 1209 ӕмӕ Синайы кодексы 1 сӕры 1 стихы не сты дзырдтӕ «Ефесы чи ис», ӕмӕ бӕрӕг нӕу, кӕмӕ фыст у, уый. Ацы хабар ӕмӕ дзы ефесӕгтӕй салӕмттӕ кӕй никӕмӕ ӕрвиты (афтӕмӕй та дзы Павел ӕртӕ азы лӕггад кодта), уый тыххӕй хъуыды кодтой, ацы фыстӕг ӕндӕр кӕмӕдӕр ӕрвыст кӕй у кӕнӕ Къаннӕг Азийы ӕмбырдтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, уыимӕ Ефесы ӕмбырдмӕ дӕр. Фӕлӕ ӕндӕр къухфыстытӕн сӕ фылдӕры ис дзырдтӕ «Ефесы чи ис», ӕмӕ уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй йӕ рагон аргъуаны историктӕ нымадтой ефесӕгтӕм фыстӕгыл.
5 Иуӕй-иу хабӕрттӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, ацы фыстӕг цӕмӕн ӕрцыд фыст, уый. Н. э. 1 ӕнусы Ефес зындгонд уыд йӕ дӕснытӕй ӕмӕ йӕ астрологтӕй, стӕй дзы хорӕрзады хуыцау Артемидӕйӕн кӕй куывтой, уымӕй c. Йӕ цырты алыварс ын сарӕзтой ӕмбисонды стыр кувӕндон, нымадтой йӕ уӕды рӕстӕджы авд диссӕгтӕй иуыл. 19 ӕнусы археологтӕ сбӕрӕг кодтой, уыцы кувӕндон цы бынаты арӕзт уыд, уымӕн йӕ уӕрх уыд 73 метры, йӕ дӕргъ та – 127 метры. Кувӕндон йӕхӕдӕг фӕрсырдӕм уыд 50 метрмӕ ’ввахс ӕмӕ дӕргъырдӕм та – 105 метры. Уыдис дзы мраморӕй арӕзт 100 цӕджындзы, сӕ бӕрзӕнд 17 метры бӕрц. Йӕ сӕр ӕмбӕрзт уыд мраморӕй конд стыр урс черепицӕтӕй. Куыд дзырдтой, афтӕмӕй кувӕндоны дурты ’хсӕн растворы бӕсты кодтой сызгъӕрин. Уыцы кувӕндон фенынмӕ цыдысты алы бӕстӕтӕй, ӕмӕ-иу бӕрӕгбӕтты рӕстӕг сӕдӕгай мин адӕм куы ӕрӕмбырд, уӕд-иу горӕты къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд. Ефесы ӕвзист куыстгӕнджытӕ стыр ӕхцатӕ куыстой, Артемидӕйы кувӕндоны гыццыл сувениртӕ кӕй уӕй кодтой, уымӕй.
6 Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг цыбыр рӕстӕгмӕ ӕрлӕууыд Ефесы, стӕй дзы ныууагъта Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы, цӕмӕй дарддӕр хъусын кодтаиккой (Ап. хъ. 18:18–21). Павел уырдӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, йе ’ртыккаг балцы куы уыд, уӕд, ӕмӕ дзы баззад ӕртӕ азы бӕрц, хъусын кодта ӕмӕ ахуыр кодта рӕстдзинады «Фӕндаджы» тыххӕй (Ап. хъ. 19:8–10; 20:31). Павел бирӕ фыдӕбон кодта Ефесы. А. Е. Бейли йӕ чиныджы фыста: «Павел-иу йӕ куыстмӕ бавнӕлдта хурыскастӕй ӕмӕ-иу куыста райсомы 11 сахатмӕ (Ап. хъ. 20:34, 35), ома-иу Тиранн йӕ уроктӕ куы фӕци, уӕдмӕ. Стӕй-иу 11-ӕй изӕры 4 сахатмӕ хъусын кодта галуаны, ныхас кодта ӕххуысгӕнджытимӕ... стӕй-иу хорз хабар хъусын кодта хӕдзарӕй-хӕдзармӕ изӕры 4 сахатӕй суанг ӕнафонмӕ (Ап. хъ. 20:20, 21, 31). Дис ыл кодтой, хӕрынӕн ӕмӕ йын фынӕй кӕнынӕн та рӕстӕг кӕд уыд, ууыл» («Daily Life in Bible Times», 1943, p. 308).
7 Павел зӕрдиагӕй хъусын кодта ӕмӕ ӕмбарын кодта, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын раст кӕй нӕу, уый. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй мӕсты кодтой, Артемидӕйы кувӕндоны сувениртӕ чи арӕзтӕ ӕмӕ сӕ чи уӕй кодта, уыдон, зӕгъӕм, ӕвзисты куыстгӕнӕг Димитри. Уый фӕстӕ горӕты змӕстытӕ райдыдтой ӕмӕ Павел уырдыгӕй ацыд (Ап. хъ. 19:23–20:1).
8 Ӕмӕ Павел ахӕстоны куы уыд, уӕд хъуыды кодта, Ефесы ӕмбырд цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уыдоныл – сӕ алыварс уыд мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ ӕмӕ Артемидӕйы кувӕндон. Уыцы сӕрст чырыстӕтты ӕнӕмӕнгдӕр хъуыд, Павел сын цы цӕвиттон ӕрхаста, уый. Бамбарын сын кодта, сӕхӕдӕг кӕй сты, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы кӕм цӕры, уыцы «рухс кувӕндон» (Еф. 2:21). Ефесӕгтӕн раргом ис «сусӕгдзинад» – Хуыцау хъуыддӕгтӕм куыд ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы ногӕй кӕй уыдзӕн иудзинад ӕмӕ фарн. Уыцы хабар сын ӕрхаста стыр циндзинад ӕмӕ удӕнцой (1:9, 10). Павел уӕлдай тынгдӕр дзырдта, дзуттӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттыты ’хсӕн Чырыстийы фӕрцы цы иудзинад ис, уый тыххӕй, ӕмӕ разӕнгард дӕр кодта иудзинадмӕ. Уӕдӕ ныр хуыздӕр ӕмбарӕм, ефесӕгтӕм фыстӕг цӕмӕн ӕрцыд фыст, ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у.
ЦЫ ПАЙДА У
16 Ефесӕгтӕм фыстӕджы дзырд цӕуы, зӕгъӕн ис, чырыстон царды ӕппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр. Абон зындзинӕдтӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ Павелы ахсджиаг ӕмӕ ахадгӕ уынаффӕтӕ стыр пайда сты, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, ӕмӕ ныййарджытӕ та сӕ сывӕллӕттимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой? Цы хӕстӕ ис нӕлгоймагыл йӕ бинойнаджы раз ӕмӕ сылгоймагӕн та йӕ сӕрыхицауы раз? Ӕмбырды алчидӕр цы хъуамӕ араза, цӕмӕй дзы иудзинад ӕмӕ уарзондзинад уа ӕмӕ ацы фыддунейы се ’фсарм куыд бахъахъхъӕной? Павелы фыстӕджы ӕппӕт ацы фарстытӕн дӕр дзуаппытӕ ис, стӕй ма ӕмбарын кӕны, адӕймаг йӕ удыхъӕд ногмӕ куыд хъуамӕ раива, уый. Ефесӕгтӕм фыстӕг лӕмбынӕг чи иртасы, уыдон се ’ппӕт дӕр бамбардзысты, адӕймагмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа ӕмӕ йӕ удыхъӕд «конд уа Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (4:24–32; 6:1–4; 5:3–5, 15–20, 22–33).
17 Ефесӕгтӕм фыстӕг ма ӕмбарын кӕны, ӕмбырды ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты фылдӕр хӕстӕ цӕмӕн бахӕс кӕнынц, уый – «цӕмӕй сыгъдӕджыты раст зондыл аразой, иннӕтӕн лӕггад кӕной ӕмӕ Чырыстийы буар фидар кӕной» ӕмӕ фӕлтӕрой. Ӕмбырды уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы ӕгъдау ис, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд «уарзондзинады... рӕздзыстӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр, буарӕн йӕ сӕр, Чырыстийы хуызӕн... уыдзыстӕм» (4:12, 15).
18 Ацы фыстӕг ефесӕгтӕн тынг баххуыс, цӕмӕй хуыздӕр бамбӕрстаиккой «Чырыстийы тыххӕй сусӕгдзинад». Павел хорз равдыста, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдонимӕ, «ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи сты, уыдон дӕр» Йесо Чырыстиимӕ кӕй баиу уыдзысты, «йемӕ иумӕ кӕй суыдзысты бындартӕ ӕмӕ уыцы иу буары уӕнгтӕ ӕмӕ сын... кӕй уыдзӕн хай зӕрдӕвӕрдӕй». Дзуттӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттыты кӕрӕдзийӕ стыр сисау чи хицӕн кодта, уыцы «Закъонӕн» кӕрон ӕрцыд. Ӕмӕ ныр Чырыстийы туджы фӕрцы иууылдӕр систы «сыгъдӕджытимӕ иу бӕстӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ Хуыцауы бинонтӕ». Чырыстиимӕ иудзинады чи уыд, уыдонӕй арӕзт ӕрцыд, Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы кӕм уыд, ахӕм кувӕндон, «рухс кувӕндон Йегъовӕйӕн», ӕмӕ уый тынг хицӕн кодта Артемидӕйы кувӕндонӕй (3:4, 6; 2:15, 21).
19 «Сусӕгдзинады» тыххӕй ма Павел загъта: «Цӕмӕй... хъуыддӕгтӕм ӕркӕса... [ӕмӕ] уӕларвыл цы ис [уӕларвон Паддзахадмӕ ӕвзӕрст чи ’рцыд] ӕмӕ зӕххыл цы ис [Хуыцауы Паддзахады разамындӕй зӕххыл чи цӕрдзӕн],– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрбамбырд кӕна». Уӕдӕ Хуыцауы ахсджиагдӕр фӕндон у, цӕмӕй та иудзинад ӕмӕ фарн уа. Уымӕ гӕсгӕ Павел куывта ефесӕгты тыххӕй, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ байгом уыдаиккой ӕмӕ хуыздӕр бамбӕрстаиккой, Хуыцау сын цы ныфс радта, уый, ӕмӕ цӕмӕй бамбӕрстаиккой, «сыгъдӕджытӕн бынӕн цы диссаджы хӕзнатӕ ӕрцӕттӕ кодта», уый. Уыцы ныхӕстӕ сӕ ныфс бауагътой. Павел Хуыцауы комытӕфӕй ефесӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уый абон дӕр фидар кӕны ӕмбырдтӕ, цӕмӕй, «Хуыцау цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй ӕххӕстӕй хайджын уӕм» (1:9–11, 18; 3:19)
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Origin and History of the Books of the Bible», 1868, C. E. Stowe, p. 357.
b «New Bible Dictionary», second edition, 1986, edited by J. D. Douglas, p. 175.