Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 сентябрь
    • 6. Йесойы ныхӕстӕ иуӕй хуымӕтӕг кӕй уыдысты, иннӕмӕй та сын арф хъуыды кӕй уыд, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

      6 Йесо арӕх бӕлвырд ӕмӕ ӕлвӕст хъуыдытӕ кӕй дзырдта, уый руаджы йӕ ныхӕстӕ уыдысты хуымӕтӕг, фӕлӕ сӕ уӕз уыд. Ӕмӕ кӕд уӕды рӕстӕджы чингуытӕ нӕ мыхуыр кодтой, уӕддӕр-иу Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъӕн ис, адӕмы зӕрдӕты «фыстӕй» баззадысты. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ: «Никӕйы бон у кусын дыууӕ хицауӕн... Уӕ бон нӕу кусын Хуыцауӕн ӕмӕ маммонӕн [хъӕздыгдзинадӕн]». «Тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут». «Сӕ дыргътӕм гӕсгӕ базондзыстут уыдоны». «Ӕнӕнизтӕ не сты дохтыр хъуаг, фӕлӕ рынчынтӕ». «Кард райсджытӕ иуылдӕр кардӕй фесӕфдзысты». «Кесӕрӕн цы ’мбӕлы, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауӕн цы ’мбӕлы, уый та — Хуыцауӕн». «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын»b (Матфейы 6:24; 7:1, 20; 9:12; 26:52; Маркы 12:17, МСЕ; Куыстытӕ 20:35). Ацы арф хъуыдытӕ Йесо куы дзырдта, уӕдӕй нырмӕ кӕд 2 000 азы бӕрц рацыд, уӕддӕр сӕ ис ӕнцонтӕй бахъуыды кӕнӕн.

  • «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 сентябрь
    • b Ацы ныхӕстӕ — Куыстыты 20:35 — ныффыста ӕрмӕстдӕр апостол Павел, фӕлӕ уыцы хъуыды ис Евангелиты дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Павелӕн ацы ныхӕстӕ кӕнӕ чидӕр радзырдта (ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ Йесойӕн йӕхицӕй чи фехъуыста, уый, йе та Йесо йӕхӕдӕг, куы райгас, уӕд), кӕнӕ та йын сӕ Хуыцау ныффыссын кодта (Куыстытӕ 22:6—15; 1 Коринфӕгтӕм 15:6, 8).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын