-
Бирӕтӕн хӕринаг лӕвӕрдта цалдӕр адӕймаджы къухӕйХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
-
-
8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ, Фӕндзайӕм боны чырыстон чи сси, уыдон хорз ӕмбӕрстой, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хӕринаг йӕ апостолты уылты кӕй лӕвӕрдта?
8 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Чырысти уӕлӕрвты уӕвгӕйӕ йӕ сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрдта йӕ апостолты уылты. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:41, 42.) Фӕндзайӕм боны дзуттӕгтӕй ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты. Уыдон се ’ппӕт дӕр хорз ӕмбӕрстой, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хӕринаг кӕй уылты дӕтты, уый. Уыцы чырыстӕттӕ «дарддӕр дӕр, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстой». Уыдон ӕххормаг адӕймагау агуырдтой рӕстдзинад, ӕмӕ йӕ кӕм ссарӕн ис, уый дӕр зыдтой. Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, апостолтӕ сын кӕй бамбарын кӕндзысты, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ, стӕй йӕм Фыстадӕй цы ныхӕстӕ амыдтой, уыдон дӕрc (Хъуыд. 2:22–36).
-
-
Бирӕтӕн хӕринаг лӕвӕрдта цалдӕр адӕймаджы къухӕйХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
-
-
c 8 абзац: Уыцы ног чырыстӕттӕ, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ «дарддӕр дӕр... [кӕй] хъуыстой», уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ апостолтӕ ахуыр кодтой ӕдзухдӕр. Апостолтӕ цы амыдтой, уыдӕттӕй цыдӕртӕ фыст ӕрцыдысты, ныр Чырыстон Грекъаг Фыстытӕм чи хауы, уыцы чингуыты.
-