-
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы «рӕстдзинад»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 октябрь
-
-
Нӕхи цӕсты раст уӕм – тӕссаг у
5. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?
5 Апостол Павел ромаг чырыстӕттӕм цы фыстӕг ныффыста, уым нӕ фӕдзӕхсы, фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад агургӕйӕ ӕнтыстджын куы уӕм, уӕд нын тӕссаг цӕмӕй у, уымӕй. Павел, йӕ рӕстӕджы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдоны тыххӕй загъта: «Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц. Уыдон сӕхи Хуыцауы рӕстдзинады дӕлбар нӕ бакодтой, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый нӕ зыдтой, фӕлӕ архайдтой, сӕхӕдӕг рӕстгӕнджытӕ кӕй сты, уый равдисыныл» (Ром. 10:2, 3). Павелы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыцы адӕм не ’мбӕрстой, Хуыцауы рӕстдзинад цы у, уый, уымӕн ӕмӕ архайдтой сӕхи рӕстгӕнджытӕй равдисынылa.
-
-
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы «рӕстдзинад»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 октябрь
-
-
a Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзырд «равдисын» цы рагон грекъаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «цырт сӕвӕрын» дӕр. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр архайдтой цырт сӕвӕрыныл Хуыцауы кадӕн нӕ, фӕлӕ сӕхи кадӕн.
-