-
Хуыцау нын нӕ лӕггадӕй райгонд кӕд уыдзӕн?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
2. Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?
Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион (Раргомад 4:11). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕ кувӕм. Хъуамӕ гуымирытӕн, нывтӕн ӕмӕ иконӕтӕн ма кувӕм. (Бакӕс Исайы 42:8.)
Нӕ лӕггад хъуамӕ уа «сыгъдӕг» ӕмӕ Йегъовӕйӕн «ӕхсызгон» (Ромӕгтӕм 12:1). Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон уарзынц, бинонты царды фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнынц. Стӕй сӕхи хизынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, наркотиктӕй, тамако дымынӕй ӕмӕ фыднозт кӕнынӕйa.
-
-
Цардӕн аргъ кӕнАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
3. Де ’нӕниздзинадыл тыхс
Нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрд ӕнӕхъӕнӕй дӕр дӕттӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ буар Хуыцауӕн нывондӕн радтам. Бакӕсут Ромӕгтӕм 12:1, 2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Де ’нӕниздзинадыл цӕмӕн хъуамӕ тыхсай?
Дӕ бон куыд у де ’нӕниздзинадыл тыхсын?
-