Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Уӕ бон у уӕ зондахаст аивын!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2019 | июнь
    • 1. Апостол Павел сӕрст чырыстӕтты цӕмӕй фӕдзӕхста?

      «АЦЫ дуне мауал фӕзмут» (Ром. 12:2). Апостол Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм. Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты уымӕй фӕдзӕхсын цӕмӕн хъуыд? (Ром. 1:7).

      2, 3. Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна? Нӕ бон куыд у, нӕ зонды цы ’взӕр хъуыдытӕ ныффидар, уыдон ӕдбындзар стонын?

      2 Павел чырыстӕттыл мӕт кодта, уымӕн ӕмӕ дзы иуӕй-иутыл, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕвтой Хӕйрӕджы дунейы зианхӕссӕг хъуыдытӕ ӕмӕ философитӕ (Еф. 4:17–19). Ӕмӕ уымӕй тӕссаг у махӕй алкӕмӕн дӕр. Хӕйрӕг, ацы цардӕвӕрды хицау, йӕ уд скъуыны, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй пайда кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй. Зӕгъӕм, кӕд кадмӕ бӕллӕм, уӕд Хӕйрӕг уымӕй спайда кӕндзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма спайда кӕна, раздӕр куыд цардыстӕм, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст стӕм ӕмӕ нӕм цавӕр ахуырад ис, уыдӕттӕй, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ хъуыды кӕнӕм.

  • Уӕ бон у уӕ зондахаст аивын!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2019 | июнь
  • Уӕ бон у уӕ зондахаст аивын!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2019 | июнь
    • «УӔ ЗОНД НОГ КӔНУТ»

      4. Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый куы базыдтам, уӕд нӕ бирӕты цавӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын бахъуыд?

      4 Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый куы базыдтай ӕмӕ дӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы бафӕндыд, уӕд дӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын бахъуыд, ууыл-ма ахъуыды кӕн. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккам, уый тыххӕй нӕ бирӕты бахъуыд не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын (1 Кор. 6:9–11). Ӕмӕ куыд тынг бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй фервӕзынӕн нын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй!

      5. Ромӕгтӕм 12:2 стихы дзырд цавӕр дыууӕ хъуыддагыл цӕуы?

      5 Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ницыуал хъӕуы ивын. Кӕд, донаргъуыды размӕ цы стыр тӕригъӕдтӕ кодтам, уыдон нал кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, ногӕй нӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ аразынмӕ цы сцыбӕл кӕнид, уыдӕттӕй. Куыд? Павел загъта: «Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут» (Ром. 12:2). Уӕдӕ нӕ хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы аразын. Фыццаг: хъуамӕ ацы дуне «мауал фӕзмӕм». Дыккаг: хъуамӕ нӕ «удыхъӕд ивӕм», нӕ зонд ног кӕнӕм, афтӕмӕй.

      Нӕ удыхъӕд аивтам ӕви нӕхи афтӕ ӕвдисӕм?

      Ӕнӕдаст, пыхцылсӕр ӕрыгон нӕлгоймагӕн йӕ къухы ис йӕ ныв. Нывыл у хӕрздаст ӕмӕ йыл ис хӕдон ӕмӕ галстук

      Ромӕгтӕм 12:2 стихы «удыхъӕд ивын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амоны, исты бынтондӕр куыд аива ӕмӕ дзы ног цыдӕр куыд рауайа, уымӕ. Уый абарӕн ис, къуыдыргалмӕй гӕлӕбу куыд рауайы, уыимӕ. Удыхъӕд ивын нысан кӕны хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ ивын. 2 Коринфӕгтӕм 11:13–15 стихты та ӕмбӕлы ӕндӕр дзырдбаст, «хи афтӕ ӕвдисын», зӕгъгӕ. Уыцы дзырдбаст цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый амоны, адӕймаг иннӕты цӕстмӕ кӕй скӕны, ахӕм ивындзинӕдтӕм.

      6. Матфейы 12:43–45 стихты цы фыст ис, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

      6 Павел, уӕ удыхъӕд ивут, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ ног кӕнӕм нӕ зонд – ивӕм нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ, нӕ миниуджытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ. (Кӕс рамкӕ «Нӕ удыхъӕд аивтам ӕви нӕхи афтӕ ӕвдисӕм?».) Уӕдӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уон, уый тыххӕй ӕрмӕст уӕлӕнгай ивындзинӕдтӕ кӕнын ӕви ӕцӕгдӕр мӕ удыхъӕд ӕмӕ мӕ зонд ивын?» Матфейы 12:43–45 стихты Йесо ӕмбарын кӕны, цы аразын нӕ хъӕуы, уый. (Бакӕс сӕ.) Йӕ ныхӕстӕй нӕ бон у иу ахсджиаг хъуыды базонын: не ’взӕр хъуыдытӕй фервӕзӕм, уый фаг нӕу, хъуамӕ-иу сӕ баивӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыдытӕй.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын