Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ӕвзӕрдзинадыл уӕлахиз кӕнут ӕмӕ уӕ масты фӕдыл ма цӕут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 июнь
    • 10. Чырыстӕттӕ маст исынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

      10 Симеон ӕмӕ Левийы, стӕй Давид ӕмӕ Авигейӕйы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ тыхми ӕмӕ мӕсты кӕныны ныхмӕ кӕй у ӕмӕ, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны. «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат,– ныффыста Павел.– Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“. Фӕлӕ „де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ын йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕндзынӕ, раст цыма йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕркалдтай, афтӕ“. Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ром. 12:18–21)a.

  • Ӕвзӕрдзинадыл уӕлахиз кӕнут ӕмӕ уӕ масты фӕдыл ма цӕут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 июнь
    • a Ныхӕстӕ «судзгӕ цӕхӕртӕ» амонынц, раджы заманты ӕрзӕт (руда) куыд дон кодтой, уымӕ. Ӕрзӕт-иу сӕвӕрдтой цӕхӕртыл, стӕй-иу ын йӕ сӕрыл дӕр цӕхӕртӕ ӕркалдтой. Уый фӕрцы-иу ӕрзӕт батад ӕмӕ-иу дзы згъӕртӕ рахицӕн кодтой. Афтӕ мах дӕр не знаджы сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ куы калӕм, ома йын хорздзинад куы аразӕм, уӕд фӕфӕлмӕндӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ хорз миниуджытӕ рабӕрӕг уыдзысты.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын