-
«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 15 октябрь
-
-
«Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнут»
13, 14. а) Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд ууыл цӕуылнӕ бадис кӕнӕм? ӕ) Куыд у нӕ бон, чи нӕ ӕфхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнын?
13 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:14, 21. Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у зӕрдиагӕй кӕнын, нӕ бӕрны нын цы куыст бакодта, уый – «паддзахады тыххӕй... хорз хабар» «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» хъусын кӕнын (Матф. 24:14). Мах ӕй зонӕм, уыцы хъуыддаг не знӕгты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕудзӕн. Йесо дӕр развӕлгъау уымӕн загъта: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты» (Матф. 24:9). Уӕдӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд ыл дис дӕр нӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ нӕ ныфс дӕр нӕ асӕтты. Апостол Петр ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй уе ’хсӕн цы арт судзы, ууыл дис ма кӕнут, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, уыйау. Фӕлӕ цин кӕнут, сымах дӕр Чырыстийау кӕй хъизӕмар кӕнут, ууыл» (1 Пет. 4:12, 13).
-
-
«Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 15 октябрь
-
-
15. Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр цы у?
15 Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъусынц Ромӕгтӕм 12 сӕры фӕстаг стихы ныхӕстӕм: «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн». Ӕвзӕрдзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уый цӕуы Сайтан Хӕйрӕгӕй (Иоан. 8:44; 1 Иоан. 5:19). Апостол Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым Йесо загъта, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕ Сайтаныл кӕй «фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй ӕмӕ, цы хабар хъусын кодтой, уымӕй» (Рарг. 12:11). Цӕмӕй Сайтаныл фӕуӕлахиз уӕм ӕмӕ йӕ зианхӕссӕг ӕндӕвдады ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хорздзинад аразӕм – Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм.
-