Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты «не ’мкусджытӕ, цӕмӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауой»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 январь
    • 6, 7. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Йесойы, Павелы ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджыты фӕзмын? ӕ) Ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн сӕ нӕмттӕ кӕй зонӕм, уымӕй сын сӕ циндзинадыл куыд ӕфтауӕм?

      6 Не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ загътой, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй рох кӕй не стӕм, уый куы фӕуынӕм, уӕд нӕ циныл цин бафты. Уыцы хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у бафӕзмын, зӕгъӕм, Давиды, Елиуйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы. (Бакӕс 2 Самуилы 9:6; Иов 33:1; Лукайы 19:5.) Ацы ӕртӕ лӕггадгӕнӕджы, иннӕтӕ сын уӕлдай кӕй нӕ уыдысты, уый-иу равдыстой, сӕ номӕй-иу сӕм кӕй дзырдтой, уымӕй. Апостол Павел дӕр ӕмбӕрста, куыд ахсджиаг уыд йе ’мчырыстӕтты нӕмттӕ бахъуыды кӕнын ӕмӕ сӕм сӕ номӕй дзурын. Павел йӕ фыстӕджытӕй иуы кӕрон салӕмттӕ ӕрвыста 25 ӕфсымӕр ӕмӕ хойӕ фылдӕрӕн, номгай сӕ ранымадта, афтӕмӕй. Се ’хсӕн уыди хо Персидӕ дӕр. Павел ныффыста: «Салӕмттӕ нӕ уарзон хо Персидӕйӕн» (Ром. 16:3–15).

  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты «не ’мкусджытӕ, цӕмӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауой»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 январь
    • 8. Павел Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы фӕзмыдта?

      8 Павел йе ’мчырыстӕттыл кӕй тыхст ӕмӕ дзы рох кӕй нӕ уыдысты, уый ма бӕрӕг уыд, зӕрдиагӕй-иу сӕ кӕй раппӕлыд, уымӕй дӕр. Уый фӕрцы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ циныл цин бафты. Павел коринфӕгтӕм куы ныффыста, уӕд сӕ зӕрдиагӕй раппӕлыд: «Ӕз сымахӕй сӕрыстыр дӕн» (2 Кор. 7:4). Уыцы ныхӕстӕ Коринфы цӕрӕг ӕфсымӕрты зӕрдӕтӕ куыннӕ батавтаиккой. Ахӕм ныфсы ныхӕстӕ-иу Павел иннӕ ӕмбырдтӕм дӕр ныффыста (Ром. 1:8; Фил. 1:3–5; 1 Фес. 1:8). Зӕгъӕм, Ромы ӕмбырдмӕ куы фыста ӕмӕ Персидӕйы кой куы ракодта, уӕд загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Уый нӕ Хицауы хъуыддаджы бирӕ сарӕзта» (Ром. 16:12). Уыцы иузӕрдион хойӕн ахӕм ныхӕстӕ куыд тынг ӕхсызгон уыдаиккой! Павел иннӕтӕй кӕй ӕппӕлыд, уымӕй фӕзмыдта Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы. (Бакӕс Марчы 1:9–11; Иоанны 1:47; Рарг. 2:2, 13, 19.)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын