Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-1 20–22 фф.
  • Библийы чиныг 46 – 1 Коринфӕгтӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 46 – 1 Коринфӕгтӕм
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
bsi08-1 20–22 фф.

Библийы чиныг 46 – 1 Коринфӕгтӕм

Ныффыста йӕ: Павел

Кӕм ӕрцыд фыст: Ефесы

Фыст фӕцис: н. э. 55 азмӕ ӕв.

КОРИНФ уыд «зындгонд ӕмӕ ӕгъдаухӕлд горӕт, фенӕн дзы уыд, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕты ӕвзӕрдзинӕдтӕ»a. Коринф ӕрбынат кодта ӕрдӕгсакъадах Пелопоннес ӕмӕ Грецийы иннӕ хайы астӕу нарӕг ран. Грецимӕ фӕндаг Коринфы уылты цыд. Апостол Павелы рӕстӕджы дзы цард 400 000 адӕймаджы бӕрц, фылдӕр цӕрджытӕ уыд ӕрмӕст Ром, Александрийӕ ӕмӕ Сириаг Антиохийы. Коринфы скӕсӕнырдыгӕй ис Эгейы денджыз, ныгуылӕнырдыгӕй та Коринфы бакӕлӕн ӕмӕ Ионийы денджыз. Коринф уыд Ахайы провинцийы сӕйраг горӕт, уыди дзы дыууӕ наулӕууӕны Кенхрейы ӕмӕ Лехейы, ӕмӕ уыд базарадон хъуыддӕгты ахсджиаг бынат. Стӕй ма сӕйраджыдӕр уым уыд райсӕн ахуырад. Коринфы тыххӕй иу чиныджы фыстой: «Йӕ хъӕздыгдзинад афтӕ зындгонд уыд, ӕмӕ йӕ ӕмбисондӕн хастой; уый зӕгъӕн ис йӕ цӕрджыты ӕвзӕрдзинӕдтӕ ӕмӕ хӕлд миты тыххӕй дӕр»b. Мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм куывтой Афродитӕйӕн (ромаг Венерӕйӕн). Уымӕ гӕсгӕ коринфӕгтӕ сӕ хуыцӕуттӕн кувгӕйӕ кодтой ӕнӕгъдау митӕ.

2 Коринф уыд Ромы паддзахады хъӕздыг, фӕлӕ ӕнӕгъдау горӕт. Апостол Павел Коринфмӕ ӕрцыд н. э. 50 азмӕ ’ввахс. Афӕдз ӕмӕ ’рдӕг дзы фӕци ӕмӕ дзы фӕзынд чырыстон ӕмбырд (Ап. хъ. 18:1–11). Куыд тынг бауарзта Павел, Чырыстийы тыххӕй хорз хабар фыццаг кӕмӕн радзырдта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты! Йӕ фыстӕджы сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уырнындзинады сӕ цы иу кодта, уый: «Чырыстон фӕндагыл уын хъомылгӕнджытӕ дӕс мины дӕр куы уа, уӕддӕр уын фыдау чи уа, ахӕмтӕ бирӕ нӕй – Йесо Чырыстиимӕ иудзинады уын ӕз сдӕн фыдау, хорз хабар уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы» (1 Кор. 4:15).

3 Павел Коринфы чырыстӕтты уырнындзинадыл тынг кӕй тыхст, уымӕ гӕсгӕ сӕм ныффыста йӕ фыццаг фыстӕг, йе ’ртыккаг уацамындон балцы куы уыд, уӕд. Коринфы куы уыд, ууыл цалдӕр азы рацыд. Н. э. 55 азмӕ ’ввахс та Павел уыд Ефесы. Ӕвӕццӕгӕн, Коринфы ног ӕмбырдӕй писмо райста ӕмӕ сӕм дзуапп фыссын хъуыд. Уымӕй уӕлдай ма Павелмӕ хӕццӕ кодтой ӕвзӕр хабӕрттӕ (7:1; 1:11; 5:1; 11:18). Уыцы хабӕрттӕ апостолы афтӕ тынг тыхсын кодтой, ӕмӕ сын сӕ писмойӕн дзуапп фыссын райдыдта ӕрмӕст 7 сӕры 1 райдианӕй. Сӕйраджыдӕр уыцы хабӕрттӕ баразӕнгард кодтой Павел Коринфы чырыстӕттӕм ныффыссынмӕ.

4 Цӕмӕй бӕрӕг у, коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕг Павел Ефесы кӕй ныффыста, уый? Уымӕй, ӕмӕ апостол йӕ фыстӕджы кӕрон салӕмттӕ ’рвиты Акилӕ ӕмӕ Прискӕйы (Прискиллӕйы) номӕй дӕр (16:19). Хъуыддӕгты 18:18, 19 кӕсӕм, уыдон дӕр Павелимӕ Коринфӕй Ефесмӕ кӕй ӕрцыдысты цӕрынмӕ. Уӕдӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ дӕр уым кӕй цардысты ӕмӕ Павел йӕ фыццаг фыстӕджы коринфӕгтӕм сӕ номӕй салӕмттӕ кӕй ӕрвыста, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыстӕг Ефесы ныффыста. Стӕй 1 Коринфӕгтӕм 16:8 Павелы ныхӕстӕ куы бакӕсӕм, уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кӕндзыстӕм, уыцы горӕты кӕй ныффыста йӕ фыстӕг: «Ефесы та уыдзынӕн Фӕндзайӕм боны бӕрӕгбонмӕ». Уӕдӕ Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста Ефесы, ӕвӕццӕгӕн, уырдыгӕй ацӕуыны размӕ.

5 Коринфӕгтӕм фыццаг ӕмӕ дыккаг фыстӕджытӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй сты, уый бӕлвырд у. Фыццаг чырыстӕттӕ сӕ ныффыссӕгыл нымадтой Павелы ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, Фыстады хай кӕй сты, ууыл, ӕмӕ сӕ иннӕ чингуыты ӕмбырдгондмӕ бахастой. Уымӕй уӕлдай, Коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕджы кой ис, Фыццаг Клименты писмо кӕй хонынц, уым (фыст уыд Ромы н. э. 95 азы коринфӕгтӕм) ӕмӕ дзы стихтӕ дӕр хаст цӕуы, ӕппынкъаддӕр, ӕхсӕз хатты. Ацы писмойы фыссӕг дзырдта коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕджы тыххӕй, ӕмӕ кӕмӕ фыста, уыдоны разӕнгард кодта, цӕмӕй «арфӕгонд апостол Павелы фыстӕгмӕ сӕ хъус ӕрдардтаиккой»c. Коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕгӕй ма-иу скъуыддзӕгтӕ хастой Хъизӕмаргӕнӕг Юстин, Афинагор, Ириней ӕмӕ Тертуллиан. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Павелы фыстӕджытӕ (1 Коринфӕгтӕм ӕмӕ 2 Коринфӕгтӕм дӕр), «иумӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ дзы пайда кодтой 1 ӕнусы кӕрон»d.

6 Коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕджы нын Павел равдыста Коринфы ӕмбырды цард. Уыцы ӕмбырды чырыстӕттӕ сӕмбӕлдысты зындзинӕдтыл ӕмӕ ма сӕ хъуыд алыхуызон фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын дӕр. Ӕмбырды кӕрӕдзи не ’мбӕрстой, уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ адӕймаджы зондыл цӕуын райдыдтой. Чидӕр дзы ӕнӕгъдау ми сарӕзта. Иннӕтӕн та сӕ бинонтӕ иу диныл хӕст нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм фӕзынд фарстытӕ: лӕг кӕнӕ ус хъуамӕ йе ’нӕуырнӕг цардӕмбалимӕ цӕра ӕви ахицӕн уа? Мӕнгхуыцӕуттӕн цы кувинӕгтӕ хастой, уыдонӕй хӕрӕн ис ӕви нӕ? Коринфӕгты хъуыд уынаффӕ, се ’мбырдтӕ куыд аразой ӕмӕ Хицауы Ӕхсӕвӕр куыд бӕрӕг кӕной, уый фӕдыл. Цы бынат хъуамӕ уа сылгоймӕгтӕн ӕмбырды? Уыди дзы, райгасдзинадыл чи не ’ууӕндыд, ахӕмтӕ дӕр. Ӕмбырды уыд бирӕ зындзинӕдтӕ, фӕлӕ апостол уӕлдай тынгдӕр тыхсти, цӕмӕй та коринфӕгты уырнындзинад фӕстӕмӕ бафидар уыдаид, ууыл.

7 Абон дӕр ӕмбырдты фенӕн ис, Коринфы ӕмбырды цы уавӕр уыд, ахӕм ӕмӕ нӕ алыварс дӕр адӕм цӕрынц, уыцы горӕты куыд хъӕздыг ӕмӕ куыд хӕлд цард кодтой, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдарын хъӕуы, Павел Хуыцауы фӕндӕй цы уынаффӕтӕ ныффыста, уымӕ. Павел йӕ фыццаг фыстӕджы йӕ уарзон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм цы ныффыста, уый ахсджиаг у махӕн дӕр, ӕмӕ йыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Ӕркӕсӕм, уыцы рӕстӕг адӕмӕн цы зондахаст уыд ӕмӕ цы уавӕрты цардысты, уымӕ. Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон куы кӕсӕм, ӕмӕ сыл мах дӕр рагон Коринфы чырыстӕттау лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, уыдонӕн куыд фӕпайда сты, афтӕ фӕпайда уыдзысты махӕн дӕр.

ЦЫ ПАЙДА У

23 Апостол Павелы фыстӕг стыр пайда у, цӕмӕй хуыздӕр ӕмбарӕм Дзуттаг Фыстытӕ, уымӕн ӕмӕ дзы арӕх хаста стихтӕ. 10 сӕры Павел дзырдта, Моисейы рӕстӕг израилӕгтӕ кӕй «нуӕзтой», Хуыцау сын кӕй радта, уыцы къӕдзӕхӕй, уый та «ӕвдыста Чырыстийы» (1 Кор. 10:4; Нымӕц. 20:11). Уый фӕстӕ радзырдта, цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны, адӕймаг йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтыл кӕй фӕцӕуы, уый, ӕмӕ цӕвиттонӕн ӕрхаста, Моисейы рӕстӕг чи цард, уыцы израилӕгты: «Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон та сты цӕвиттонтӕ, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, заманты кӕрон чи ӕрӕййӕфта, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм». Уӕдӕ ӕгӕр ныфсхаст ма уӕм, ӕмӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, уый махыл никуы ’рцӕудзӕн! (1 Кор. 10:11, 12; Нымӕц. 14:2; 21:5; 25:9). Павел та ногӕй Закъонӕй цӕвиттон ӕрхаста. Радзырдта, Израилы фарны нывӕндтӕ кӕй хастой, уый куыд ӕвдыста, Хицауы Ӕхсӕвӕры чи аходы, уыдон Йегъовӕимӕ иу фынгӕй аходыны аккаг кӕй хъуамӕ уой. Уый фӕстӕ бамбарын кодта, базары цы дзидза уӕй кодтой, уый хӕрӕн кӕй уыд, ӕмӕ ӕрхаста Псалом 24:1: «Йегъовӕйы сты зӕхх дӕр ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр» (1 Кор. 10:18, 21, 26; Рац. 32:6; Лев. 7:11–15).

24 «Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн цы ’рцӕттӕ кодта», уый куыд хорз у ӕмӕ «зондджынты ныхӕстӕ ӕнӕпайда кӕй сты», уый равдисынӕн та Павел Дзуттаг Фыстытӕй ӕрхаста скъуыддзӕгтӕ (1 Кор. 2:9; 3:20; Ис. 64:4; Пс. 94:11). Ӕмбырдӕй ацух кӕныны тыххӕй 5 сӕры цы дзырдта, уымӕн бындур кӕй ис, уый тыххӕй бацамыдта Йегъовӕйы закъонмӕ: «Уе ’хсӕнӕй ӕвзӕрдзинад фесафут» (Дык. з. 17:7). Лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ цӕрынӕн цы хъуыди, уыцы хъуыддаджы иннӕты ӕххуысмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы уыд, ууыл дзургӕйӕ та Моисейы Закъоны кой скодта. Уым дзырд цӕуы, кусгӕ цы фосыл кӕнынц, уымӕн йӕ дзых бастӕй дарӕн кӕй нӕй, ӕмӕ кувӕндоны цы левиттӕ лӕггад кодтой, уыдонӕн та нывондхӕссӕнӕй хай кӕй хъуамӕ уыдаид (1 Кор. 9:8–14; Дык. з. 25:4; 18:1).

25 Цас цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн Павелы фыстӕгӕй коринфӕгтӕм! Зӕгъӕм, быцӕутӕ кӕнын ӕмӕ адӕймаджы зондыл цӕуынӕй чи бахиздзӕн, уыцы уынаффӕ (1–4 сӕртӕ). Кӕнӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, чидӕр ӕнӕгъдау ми куы сарӕзта, уӕд Павел куыд бафӕдзӕхста, ӕмбырды хорз ном ӕмӕ сыгъдӕгдзинад бахъахъхъӕнын кӕй хъӕуы (5, 6 сӕртӕ). Ахъуыды кӕнӕм, цы уынаффӕтӕ радта бинонджынтӕн ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕн, стӕй хицӕнӕй цӕрыны тыххӕй (7 сӕр). Цы дзырдта, мӕнгхуыцӕуттӕн цы нывӕндтӕ хастой, уыдоны тыххӕй ӕмӕ иннӕтӕн къуылымпыйы хос куыд ма суӕм ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын куыд ма райдайӕм, уый (8–10 сӕртӕ). Уымӕй уӕлдай ма Павел дзырдта коммӕ кӕсыны тыххӕй, Хуыцау цы курдиӕттӕй хайджын кодта, ӕмӕ алцӕмӕндӕр чи фӕразы ӕмӕ чи никуы фӕуыдзӕн, ахӕм уарзондзинады тыххӕй. Куыд хорз равдыста Павел, ӕмбырдты уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй хъуамӕ уа, уый! (11–14 сӕртӕ). Цы диссаджы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы, рагасдзинад кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй! (15 сӕр). Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ тынг ахсджиаг сты абоны чырыстӕттӕн.

26 Ромӕгтӕм фыстӕг тынг ӕххуыс кӕны Библийы сӕйраг хъуыды бамбарынӕн, уый та у Хуыцауы Паддзахад. Фидарӕй фӕдзӕхсы, фыдгӕнджытӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уымӕй, ӕмӕ дзы стӕй нымад цӕуынц, цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ бацӕудзысты, уыдон (1 Кор. 6:9, 10). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та, фыстӕг ӕмбарын кӕны, райгасдзинад ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад куыд баст сты, уый. Ӕвдыст дзы цӕуы, «чи амард, уыдонӕй фыццаг» Чырысти кӕй райгас ӕмӕ «паддзах [кӕй] уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты иууылдӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ». Уый фӕстӕ Йесо ӕппӕт знӕгты дӕр куы фесафа, суанг мӕлӕт дӕр, уӕд «паддзахад ратдзӕн йӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм... цӕмӕй Хуыцау уа алкӕмӕн дӕр алцыдӕр». Ӕппынфӕстаг сӕххӕст уыдзӕн, Едемы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд лӕвӕрд ӕрцыд уый: чи райгас уыдзӕн, уыцы сӕрст ӕфсымӕртимӕ Чырысти Калмы сӕр ныппырх кӕндзӕн. Цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йесо Чырыстийау «ӕнӕмбийгӕ буӕрттӕ» кӕмӕн уыдзӕн ӕмӕ йемӕ уӕларвон Паддзахады чи уыдзӕн, уыдонмӕ. Райгасдзинад кӕй уыдзӕн, уыцы фидар ныфсы фӕрцы Павел разӕнгард кодта: «Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу» (1 Кор. 15:20–28, 58; Райд. 3:15; Ром. 16:20).

[Фиппаинӕгтӕ]

a Генри Геллей. Библейский справочник. 1996 аз, 590 ф.

b Smith’s «Dictionary of the Bible», 1863, Vol. 1, p. 353.

c «The Interpreter’s Bible», Vol. 10, 1953, p. 13.

d «The Interpreter’s Bible», Vol. 9, 1954, p. 356.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын