Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Уӕлахиз кӕн адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 апрель
    • 4. Павел 1 Коринфӕгтӕм 10:12, 13-ӕм стихты цавӕр фӕдзӕхст радта?

      4 Коринф зындгонд уыд йӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй. Ӕмӕ Павел уымы цӕрӕг чырыстӕттӕм куы фыста, уӕд сӕ бафӕдзӕхста, фӕлварӕнтӕ ӕмӕ тӕригъӕдӕн стыр тых кӕй ис, уымӕй. Уый загъта: «Чи хъуыды кӕны, уый кӕй лӕууы, хъахъхъӕн, цӕмӕй ма ахауай. Сымахыл сӕмбӕлд фӕлварӕн, ӕндӕрхуызон нӕ, куыд адӕймаджы; ӕмӕ раст у Хуыцау: Кӕцы нӕ бауадздзӕн сымахыл фӕлварӕнтӕ уӕ хъаруйӕ фылдӕр, фӕлӕ фӕлварӕнты ратдзӕн ӕнцондзинад дӕр, афтӕ, цӕмӕй сӕ уӕ бон ахӕссын уа» (1 Коринфӕгтӕм 10:12, 13). Мах иууылдӕр — ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ӕмбӕлӕм бирӕ фӕлварӕнтыл скъолайы, куысты кӕнӕ та ӕндӕр искуы. Цӕй уӕдӕ, ӕркӕсӕм Павелы ныхӕстӕм ӕмӕ фенӕм, махӕн цы нысан кӕнынц, уый.

  • Уӕлахиз кӕн адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 апрель
    • 7. Иннӕтӕ фӕлварӕны ныхмӕ ӕнтыстджынӕй кӕй фӕлӕууынц, уый нын ныфс цӕмӕн дӕтты?

      7 Цӕй ныфс нын дӕттынц Павелы ныхӕстӕ: «Сымахыл сӕмбӕлд фӕлварӕн, ӕндӕрхуызон нӕ, куыд адӕймаджы» (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Апостол Петр фыста: «Ныхмӕ йӕм [Хӕйрӕгмӕ] лӕуут фидар уырнындзинадӕй, зонгӕйӕ, ахӕм фыдӕбӕттӕ кӕй ӕрцӕуынц уе ’фсымӕртыл дӕр дунейы» (1 Петры 5:9). О, иннӕтӕ дӕр ӕмбӕлынц ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмӕ Хуыцауы фӕрцы сӕ ныхмӕ фӕлӕууынц; уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ кӕнын. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ хӕлд дунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕй алчидӕр, абон уа ӕви райсом, фӕлварӕны бахаудзӕн. Уӕдӕ, куыд у нӕ бон ныфсджын уын, кӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм адӕймагон лӕмӕгъдзинадыл ӕмӕ тӕригъӕды фӕлварӕныл?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын