-
Нӕлгоймӕгтӕ, Чырыстийы разамындмӕ хъусут?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 май
-
-
Нӕлгоймӕгтӕ, Чырыстийы разамындмӕ хъусут?
«Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти» (1 КОР. 11:3).
1. Йегъовӕ фарны Хуыцау кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
«О ЙЕГЪОВӔ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд»,– фыст ис Раргомады 4:11. Йегъовӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ у Дунедарӕг ӕмӕ йе сфӕлдыстадыл йӕ бар цӕуы. Йегъовӕ «ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа, уый у фарны Хуыцау». Уый бӕрӕг у, зӕдтӕй алкӕйдӕр йӕхи бынаты кӕй сӕвӕрдта, уымӕй (1 Кор. 14:33; Ис. 6:1–3; Дзут. 12:22, 23).
2, 3. а) Йегъовӕ Хуыцау фыццаг кӕй сфӕлдыста? ӕ) Хуыцауӕн йӕ фыццаггуырд Фырт йӕ разы цавӕр бынат ахсы?
2 Хуыцау цалынмӕ дун-дуне не сфӕлдыста, уӕдмӕ йӕхӕдӕг царди ӕнӕнымӕц ӕнусты дӕргъы. Фыццаджыдӕр сфӕлдыста, «Дзырд» кӕй схуыдта, уыцы уӕларвон удгоймаджы. Уый дзырдта Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, алцыдӕр куы фӕлдыста, уӕд. Фӕстӕдӕр зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд уыд ӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ йӕ хуыдтой Йесо Чырысти. (Бакӕс Иоанны 1:1–3, 14.)
3 Хуыцау йӕ Фырты раз цы бынат ахсы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Кор. 11:3). Чырысти у йӕ Фыды дӕлбар. Цӕмӕй зӕдтӕ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа, уый тыххӕй сӕ хъӕуы хицау ӕмӕ хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсой. Ӕппӕт дӕр кӕй фӕрцы фӕзынд, суанг уый дӕр хъӕуы Хуыцауы коммӕ кӕсын (Кол. 1:16).
4, 5. Йесо Йегъовӕйы раз цы бынат ахста, уымӕ цы цӕстӕй каст?
4 Йесо цы цӕстӕй каст, Йегъовӕйы коммӕ кӕй хъуамӕ кастаид ӕмӕ зӕхмӕ кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ? Библийы фыст ис: «[Йесо Чырысти] кӕд Хуыцауы хуызӕн уыди, уӕддӕр ӕм ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа. Фӕлӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта, райста цагъары хуыз ӕмӕ сси адӕймаг. Уымӕй уӕлдай, адӕймаг куы уыди, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл» (Фил. 2:5–8).
5 Чырысти алкӕддӕр йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кодта. Уый загъта: «Мӕнӕн иу хъуыддаг дӕр мӕ бон нӕу мӕхи фӕндӕй саразын... Мӕ тӕрхон у раст, уымӕн ӕмӕ, мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый» (Иоан. 5:30). Стӕй ма загъта: «Ӕз алкӕддӕр, уымӕн [мӕ Фыдӕн] ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоан. 8:29). Йӕ зӕххон царды кӕрон йӕ Фыдмӕ скуывта: «Ӕз дӕ скадджын кодтон зӕххыл, цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон» (Иоан. 17:4). Дзырд дӕр ыл нӕй, Чырысти кӕй ӕмбӕрста, йӕ хицау Йегъовӕ кӕй у, ӕмӕ ууыл разы уыд.
Фырт йӕ Фыды коммӕ кӕй кӕсы, уый тыххӕй арфӕгонд у
6. Чырыстимӕ цавӕр хорз миниуджытӕ уыд?
6 Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд ӕм уыд бирӕ хорз миниуджытӕ. Зӕгъӕм, йӕ Фыды бирӕ уарзта. Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоан. 14:31). Уымӕй уӕлдай ма адӕмы дӕр стыр уарзтӕй уарзта. (Бакӕс Матфейы 22:35–40.) Чырысти тызмӕг адӕймаг нӕ уыд, фӕлӕ иннӕтӕм хӕлар зӕрдӕ дардта ӕмӕ сыл тыхсти. Уый загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Фысау сабыр адӕм-иу Чырыстимӕ кӕй хъуыстой, уый-иу сын хаста стыр удӕнцой, цыфӕнды кары ма уыдаиккой, уӕддӕр. Чырысти стыр ныфсы хос уыд уӕлдайдӕр ӕфхӕрд адӕмӕн.
7, 8. Тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймагӕн Закъонмӕ гӕсгӕ цӕй бар нӕ уыд, фӕлӕ йын Чырысти куыд баххуыс кодта?
7 Ӕркӕсӕм, Чырысти сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй касти, уымӕ. Ӕнусты дӕргъы нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ сылгоймӕгты тынг ӕфхӕрдтой. Рагон Израилы дины разамонджытӕ дӕр сӕм раст ахӕм цӕстӕй кастысты. Фӕлӕ сын Йесо та аргъ кодта. Уый хорз зыны, 12 азы тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймагмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй. Сылгоймаг «фӕцыди алы дохтыртӕм ӕмӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уый схардз кодта», цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаид. «Фӕлӕ фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци». Уыцы сылгоймаг Закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг нӕ уыд. Ӕмӕ йыл исчи куы андзӕвыдаид, уӕд уый дӕр сыгъдӕг нал уыдаид (Лев. 15:19, 25).
8 Сылгоймаг куы фехъуыста, Чырысти рынчынты кӕй дзӕбӕх кӕны, уӕд «ӕм адӕмы ’хсӕнты» бацыд ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕвин, уӕд дӕр сдзӕбӕх уаин». Уый фӕстӕ йыл андзӕвыд ӕмӕ уайтагъд йӕ туг йӕ цӕуынӕй банцад. Йесо зыдта, уый бар ын кӕй нӕ уыд, цӕмӕй йын йӕ уӕлӕдарӕсмӕ бавнӕлдтаид, фӕлӕ йӕм уӕддӕр нӕ фӕхыл кодта. Чырысти йӕм хорз цӕстӕй ракаст, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, куыд зын ын уыдаид уыйбӕрц рӕстӕг ахӕм хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын. Стӕй ма ӕмбӕрста, йӕ низӕн хос кӕй нӕ ардта, уый тыххӕй ныфссаст кӕй уыд. Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ низӕй макуыуал схъӕрз» (Марчы 5:25–34).
9. Ахуыргӕнинӕгтӕ сывӕллӕтты Чырыстимӕ куы нӕ уагътой, уӕд сын цы загъта?
9 Суанг сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцон уыд Чырыстиимӕ. Иухатт ӕм адӕм сӕ сывӕллӕтты куы ’рбакодтой, уӕд сыл апостолтӕ схъуыр-хъуыр кодтой. Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ каст, ӕмӕ Йесойы уыдонмӕ не ’вдӕлы. Фӕлӕ Чырысти афтӕ нӕ хъуыды кодта. Библийы фыст ис: «Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ сын [ахуыргӕнинӕгтӕ] загъта: „Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад ахӕмты у“. Стӕй сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта, йӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта» (Марчы 10:13–16).
10. Йесо цы миниуджытӕ ӕвдыста, уыдон ӕм куыд фӕзындысты?
10 Йесо зӕххыл цы миниуджытӕ ӕвдыста, уыдон ӕм куыд фӕзындысты? Уӕлӕрвты ӕнусты дӕргъы, йӕ Фыд куыд архайдта, уымӕ каст ӕмӕ дзы ахуыр кодта. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 8:22, 23, 30.) Стӕй уыдта, Йегъовӕ зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзгӕйӕ разамынд куыд лӕвӕрдта, уый ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ архайдта. Цымӕ Чырысти коммӕгӕс куы нӕ уыдаид, уӕд йӕ бон уыдаид уый аразын? Уый тынг зӕрдиагӕй хъуыста йӕ Фыды разамындмӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр ӕхсызгон уыд, ахӕм Фырт ын кӕй ис, уый. Йесо зӕххыл йӕ уӕларвон Фыды диссаджы миниуджытӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмыдта. Цӕй стыр кад у махӕн, Чырыстийы дӕлбар кӕй стӕм – Хуыцау уӕларвон Паддзахады паддзахӕй кӕй равзӕрста, уый дӕлбар!
Чырыстийы фӕзмут
11. а) Кӕй хъуамӕ фӕзмӕм? ӕ) Нӕлгоймӕгтӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъуамӕ архайой Чырыстийы фӕзмыныл?
11 Ӕмбырды алчи дӕр, уӕлдайдӕр та нӕлгоймӕгтӕ, хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй Чырыстийы фӕзмой. Уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕй Библийы фыст ис: «Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти». Чырысти йӕ хицауы, Хуыцауы, куыд фӕзмы, афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ фӕзмой сӕ хицауы – Чырыстийы. Апостол Павел чырыстон куы сси, уӕд уый дӕр ууыл архайдта. «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ»,– бафӕдзӕхста Павел йе ’мчырыстӕттӕн (1 Кор. 11:1). Апостол Петр дӕр загъта: «Хуынд дӕр ахӕм цардмӕ ӕрцыдыстут, уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 Пет. 2:21). Чырыстийы фӕзмын уӕлдай ахсджиаг у нӕлгоймӕгтӕн. Уымӕн ӕмӕ уыдоны снысан кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Йесойӕн Йегъовӕйы фӕзмын куыд ӕхсызгон у, афтӕ ӕхсызгон хъуамӕ уа нӕлгоймӕгтӕн дӕр Чырыстийы фӕзмын.
12, 13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзугмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарой?
12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уой. Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕдзӕхста: «Хизут Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй; Хуыцауы бынтыл уӕхи хицӕуттӕ ма кӕнут, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Пет. 5:1–3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бӕрны чи ис, уыдонмӕ тызмӕг ӕмӕ дурзӕрдӕ хъуамӕ ма уой ӕмӕ сын сӕхи хицӕуттӕ хъуамӕ ма кӕной, фӕлӕ сӕ Чырыстийау уарзой, тыхсой сыл ӕмӕ сӕм хӕлар зӕрдӕ дарой.
13 Ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдон сты ӕнӕххӕст ӕмӕ уый хъуамӕ ӕдзух сӕ зӕрдыл дарой (Ром. 3:23). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Чырыстийы хуыздӕр базоной ӕмӕ йын йӕ уарзондзинад фӕзмой. Стӕй хъуамӕ хъуыды кӕной, Хуыцау ӕмӕ Чырысти адӕммӕ цы зӕрдӕ дарынц, ууыл ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр афтӕ архайой. Петр нӕ фӕдзӕхсы: «Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Пет. 5:5).
14. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ аргъ кӕной?
14 Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хизой, уый тыххӕй сӕм хъуамӕ уа хорз миниуджытӕ. Ромӕгтӕм 12:10 фыст ис: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмбырды иннӕтӕн аргъ кӕнынц. Уыдон ницы «аразынц загъдгӕнгӕйӕ кӕнӕ кадмондагӕй, фӕлӕ сты сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрынц» (Фил. 2:3). Уӕдӕ ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдон иннӕты афтӕ нымайӕнт, цыма сӕхицӕй уӕлдӕр сты. Афтӕ куы кӕной, уӕд хъусдзысты Павелы уынаффӕмӕ: «Уӕдӕ мах, тыхджынтӕ, хъуамӕ быхсӕм ӕдыхты лӕмӕгъдзинӕдтӕн ӕмӕ, нӕхицӕн куыд ӕнцондӕр у, ууыл ма хъуыды кӕнӕм. Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, фидардӕр ӕй цы фӕкӕндзӕн, ууыл. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кодта» (Ром. 15:1–3).
Уӕ устытӕн кад кӕнут
15. Лӕгтӕ сӕ устытӕн куыд хъуамӕ уой?
15 Ныр та ӕркӕсӕм, Петр лӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ: «Сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, цы зонут, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ, сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут» (1 Пет. 3:7). Искӕмӕн кад кӕнын нысан кӕны уыцы адӕймагӕн тынг аргъ кӕнын. Ды дӕр иннӕтӕн куы кад кӕнай, уӕд дӕ зӕрдыл дардзынӕ, цӕуыл хъуыды кӕнынц, цы сӕ тыхсын кӕны ӕмӕ сӕ цы фӕнды, уый. Стӕй бирӕ хъуыддӕгты дӕхи ныхасыл нӕ лӕудзынӕ. Лӕгтӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кад кӕной сӕ устытӕн.
16. Хуыцауы Ныхас лӕгтӕн цы фӕдзӕхсы?
16 Петр лӕгтӕн куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ устытӕн кад кӕной, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Науӕд уын Хуыцау уӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн» (1 Пет. 3:7). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн ахсджиаг кӕй у, лӕгтӕ сӕ устытӕм цы зӕрдӕ дарынц, уый. Афтӕ куы нӕ кӕной, уӕд сын Хуыцау сӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн. Лӕгтӕ сӕ устытӕн куы фӕкад кӕнынц, уӕд сӕм уыдон дӕр хорз цӕстӕй фӕкӕсынц.
17. Лӕг йӕ усы куыд хъуамӕ уарза?
17 Лӕг йӕ усы цавӕр уарзтӕй хъуамӕ уарза, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты... Уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны, Чырысти дӕр ӕмбырдмӕ куыд зилы ӕмӕ йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ... Сымахӕй дӕр алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр» (Еф. 5:28, 29, 33). Лӕгтӕ сӕ устыты куыд хъуамӕ уарзой? Павел ныффыста: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:25). О, лӕг хъуамӕ цӕттӕ уа йӕ усы тыххӕй суанг йӕ цард раттынмӕ дӕр, Чырысти йӕ цард иннӕты тыххӕй куыд радта, раст афтӕ. Чырыстон лӕг ӕрмӕст йӕхиуыл куы нӕ фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ йӕ усыл дӕр куы фӕтыхсы ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй куы фӕныхас кӕны, уӕд усӕн ӕнцондӕр вӕййы йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын.
18. Лӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ устытӕн кад кӕной?
18 Цымӕ Йегъовӕ лӕгтӕй ӕгӕр бирӕ домы, сӕ устыты тыххӕй сӕ цард раттынмӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ сын афтӕмӕй кӕй хъуамӕ кад кӕной, уымӕй? Нӕ. Йегъовӕ сын ахӕмӕй никуы ницы саразын кӕндзӕн, сӕ бон цы не суа. Уымӕй уӕлдай ма йӕ лӕггадгӕнджыты хайджын кӕны дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр тыхӕй – йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Чырысти загъта: «Кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Лӕгтӕн сӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кӕна иннӕтӕм дӕр ӕмӕ сӕ устытӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсынӕн. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:32.)
19. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
19 Дзырд дӕр ыл нӕй, нӕлгоймӕгтӕ хӕсджын кӕй сты, цӕмӕй Чырыстийы коммӕ кӕсой ӕмӕ йӕ фӕзмой. Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн сылгоймӕгтӕй та, уӕлдайдӕр та устытӕй? Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, Йегъовӕйы раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ.
-
-
Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 май
-
-
Сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?
«Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг» (1 КОР. 11:3).
1, 2. а) Чи кӕй дӕлбар хъуамӕ уа, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ цы фӕтк сӕвӕрдта, уый тыххӕй апостол Павел цы ныффыста? ӕ) Ацы статьяйы цӕуыл цӕудзӕн дзырд?
ЙЕГЪОВӔ бӕлвырд фӕтк сӕвӕрдта, чи кӕй дӕлбар хъуамӕ уа, уыцы хъуыддаджы. Павел уый тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау (1 Кор. 11:3). Амӕй размӕ цы статья ахуыр кодтам, уым ныхас цыд, Чырысти йӕхицӕн кадыл кӕй нымадта ӕмӕ йын ӕхсызгон дӕр кӕй уыд йӕ хицауы, Йегъовӕ Хуыцауы, коммӕ кӕсын. Дзырд ма дзы цыди, нӕлгоймӕгтӕн сӕ хицау Чырысти кӕй у. Чырысти уыд хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, стӕй адӕмӕн йӕ уд не ’вгъау кодта. Нӕлгоймӕгтӕ дӕр иннӕтӕм раст ахӕм зӕрдӕ хъуамӕ дарой, уӕлдайдӕр та сӕ устытӕм.
2 Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис сылгоймӕгтӕй та? Уыдонӕн та сӕ хицау чи у? Павел ныффыста: «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг». Сылгоймӕгтӕ ацы ныхӕстӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Цымӕ сӕ лӕгтӕ ӕнӕуырнӕг куы уой, уӕддӕр хъуамӕ ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайой? Цымӕ сылгоймагӕн сӕрыхицау кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын дзырды бар нӕй, исты уынаффӕ хӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд? Сылгоймаг кады аккаг кӕд вӕййы?
«Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг»
3, 4. Хуыцау бинонты царды цы фӕтк сӕвӕрдта, уый цы пайда у?
3 Хуыцау Йегъовӕ райдианы йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта, бинонты хистӕр чи хъуамӕ уа, уый. Адамы куы сфӕлдыста, уӕд загъта: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг». Адам фыццаг хатт Евӕйы куы федта, уӕд бамбӕрста, кӕй йын фӕзынд ӕмбал ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ фырцинӕй загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй! Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй» (Райд. 2:18–24). Адам ӕмӕ Евӕйӕн уыд диссаджы фадат, цӕмӕй ӕппӕт адӕм кӕмӕй рацыдаиккой, ахӕм мад ӕмӕ фыд суыдаиккой. Ӕмӕ сӕ цот хъуамӕ зӕххыл ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой.
4 Нӕ рагфыдӕлтӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ бон нӕу Хуыцауы ’вӕрд фӕткмӕ гӕсгӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ архайын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12.) Фӕлӕ бинонты хистӕр лӕг кӕй у, уыцы уагӕвӕрд йӕ тых нӕ фесӕфта. Лӕг йӕ бартӕй раст куы пайда кӕна ӕмӕ йӕ ус йӕ коммӕ куы кӕса, уӕд арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ сын уый циндзинад хӕсдзӕн, раст Йесойӕн йӕ хицауы, Йегъовӕйы, коммӕ кӕсын циндзинад куыд хаста, афтӕ. Чырысти уӕлӕрвты куы уыд, уӕд уыди Йегъовӕйы «стыр цин алы бон дӕр» (Ӕмб. 8:30). Адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон нӕ вӕййы алыхатт сӕ хӕстӕ раст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр алыхатт коммӕгӕс нӕ разынынц. Фӕлӕ сӕ дыууӕтӕ дӕр ӕппӕт тыхтӕй куы архайой, цӕмӕй уыцы фӕткмӕ гӕсгӕ цӕрой, уӕд абон дӕр уыдзысты амондджын.
5. Лӕг ӕмӕ ус цӕмӕн хъуамӕ хъусой, Ромӕгтӕм 12:10 цы уынаффӕ ис, уымӕ?
5 Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй сӕ сӕйраджыдӕр хъӕуы ацы уынаффӕмӕ хъусын: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ром. 12:10). Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй «кӕрӕдзимӕ уой хӕларзӕрдӕ, сӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарой» ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн «зӕрдӕйӕ хатыр кӕной» (Еф. 4:32).
Цардӕмбал ӕнӕуырнӕг куы уа
6, 7. Ус йе ’нӕуырнӕг лӕджы коммӕ куы кӕса, уӕд уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
6 Дӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕд та куыд? Арӕхдӕр лӕг вӕййы ӕнӕуырнӕг. Ахӕм уавӕры ус йӕ лӕгмӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕса? Библийы фыст ис: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй сӕ Хуыцауы ныхасмӕ чи нӕ хъусы, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басӕттой, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Пет. 3:1, 2).
7 Хуыцауы Ныхас устытӕн дзуры, цӕмӕй се ’нӕуырнӕг лӕгты коммӕ кӕсой. Усӕн йӕ хорз уагахаст, гӕнӕн ис, йӕ лӕгыл фӕзына ӕмӕ ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, цымӕ мӕ ус афтӕ ӕгъдауджын цӕй фӕрцы сси. Чи зоны, лӕджы бафӕнда базонын, йӕ ус цӕуыл ӕууӕнды, уый ӕмӕ ӕппынфӕстаг рӕстдзинады фӕндагыл слӕууа.
8, 9. Ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ усы хорз уагахаст куы ницӕмӕ дара, уӕд усӕн йӕ бон цы у аразын?
8 Фӕлӕ ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ усы хорз уагахаст куы ницӕмӕ дара, уӕд та куыд? Фыстад устыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй чырыстон миниуджытӕ ӕвдисой, цыфӕнды зын уавӕрты ма уой, уӕддӕр. Зӕгъӕм, 1 Коринфӕгтӕм 13:4 фыст ис: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы». Уӕдӕ чырыстон сылгоймаг хъуамӕ дарддӕр дӕр архайа, цӕмӕй уа «сӕрныллӕг, фӕлмӕн, бирӕфӕразон» ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы алцӕмӕндӕр быхса (Еф. 4:2). Хуыцауы архайгӕ тыхы фӕрцы усӕн йӕ бон у, ӕмӕ суанг зын уавӕрты дӕр хорз миниуджытӕ ӕвдиса.
9 Павел ныффыста: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Чырыстон адӕймагӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у. Зӕгъӕм, искӕй йӕ цардӕмбал куы ӕфхӕра, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, бафӕнда йӕ маст райсын. Фӕлӕ Библи чырыстӕттӕн дзуры: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут... Уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ром. 12:17–19). 1 Фессалоникӕгтӕм 5:15 стихы та ис ахӕм уынаффӕ: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ ӕвзӕр ӕвзӕрӕй макӕмӕн мачи фида, фӕлӕ, уӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз цы у, алкӕддӕр ууыл архайут». Нӕхи бон цы нӕу, уый нӕ бон свӕййы Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уӕдӕ куыд хорз уаид Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй нӕм фӕзыной, цы миниуджытӕ нын нӕ фаг кӕны, уыдон!
10. Чырыстийы-иу куы ’фхӕрдтой, уӕд-иу йӕхи куыд дардта?
10 Чырыстийы-иу куы ’фхӕрдтой, уӕд-иу йӕхи куыд дардта, уымӕй нын у фӕзминаг. 1 Петры 2:23 фыст ис: «Ӕлгъыстой йӕ, фӕлӕ уый никӕй ӕлгъыста. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, фӕлӕ ӕртхъирӕн никӕмӕ кодта – раст тӕрхон чи кӕны, уый бар-иу бакодта йӕхи». Мах дӕр хъӕуы Чырыстийау архайын. Исчи нӕ куы мӕсты кӕна, уӕд ӕй нӕхи рӕдийын кӕнын ма бауадзӕм. Уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыд загъд, цӕмӕй «кӕрӕдзийы зын ӕмбарой, сӕрныллӕг уой, ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидой ӕмӕ сӕ чи ӕлгъиты, уыдоны ма ӕлгъитой» (1 Пет. 3:8, 9).
Цымӕ сылгоймӕгтӕн дзырды бар ис?
11. Иуӕй-иу чырыстон сылгоймӕгтӕм цавӕр кад ӕрхауд?
11 Цымӕ сылгоймагӕн сӕрыхицау кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын бинонты ’хсӕн кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дзырды бар нӕй? Уый ууыл дзурӕг нӕу. Йегъовӕ нӕлгоймӕгты цӕмӕй схорзӕхджын кодта, уымӕй схорзӕхджын кодта сылгоймӕгты дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, цӕй стыр кад ӕрхауд 144 000 сӕрст чырыстонмӕ – уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уыдзысты! Уыдоны ’хсӕн ис сылгоймӕгтӕ дӕр (Гал. 3:26–29). Бӕрӕг у, сылгоймӕгтӕн Йегъовӕйы хъуыддӕгты кӕй ис ахсджиаг бынат.
12, 13. Сылгоймӕгтӕ кӕй пехуымпариуӕг кодтой, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
12 Зӕгъӕм, рагзаманты иуӕй-иу сылгоймӕгтӕ пехуымпариуӕг кодтой. Иоилы 2:28, 29 фыст ис: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты... Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтыл дӕр».
13 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты ӕрӕмбырд Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй иу-120 адӕймаджы, се ’хсӕн уыдысты сылгоймӕгтӕ дӕр. Хуыцау сӕ се ’ппӕты дӕр схайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Уымӕ гӕсгӕ Петр адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Иоилы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ ахаста нӕлгоймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕм дӕр: «Уый у, пехуымпар Иоилы дзыхӕй кӕй тыххӕй загъд уыд, уыцы хабар: „Фӕстаг бонты,– зӕгъы Хуыцау,– мӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кӕндзынӕн алыхуызон адӕймӕгты, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпар-ныхас кӕндзысты... Ӕмӕ суанг мӕ цагъар лӕппуты ӕмӕ мӕ цагъар чызджыты уыцы бонты схайджын кӕндзынӕн мӕ сыгъдӕг удӕй ӕмӕ пехуымпар-ныхас кӕндзысты“» (Ап. хъ. 2:16–18).
14. Фыццаг ӕнусы сылгоймӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд архайдтой?
14 Фыццаг ӕнусы сылгоймӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй хъусын кодтой. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хъуыддаг размӕ цыдаид, уый тыххӕй сӕм цы уыд, уый не ’вгъау кодтой (Лук. 8:1–3). Зӕгъӕм, апостол Павел ской кодта Фивӕйы тыххӕй, зӕгъгӕ, «уый лӕггад кӕны Кенхрейы ӕмбырды». Стӕй йе ’мчырыстӕттӕм салӕмӕттӕ куы ’рвыста, уӕд цалдӕр иузӕрдион сылгоймаджы номгай ранымадта. Се ’хсӕн уыдысты Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕ дӕр, Хицауы хъуыддаджы тынг зӕрдиагӕй чи архайдта, уыцы сылгоймӕгтӕ. Салӕмттӕ ма арвыста хо Персидӕйӕн дӕр, зӕгъгӕ, «уый нӕ Хицауы хъуыддаджы бирӕ сарӕзта» (Ром. 16:1, 12).
15. Абон сылгоймӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд архайынц?
15 Абон ӕгас зӕххыл дӕр Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц авд милуан адӕймагӕй фылдӕр. Уыдонӕн сӕ фылдӕр сты алы кары сылгоймӕгтӕ (Матф. 24:14). Бирӕтӕ сӕ лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй, миссионертӕй ӕмӕ Вефилты. Псаломзарӕггӕнӕг Давид загъта: «Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы ныхас. Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад» (Пс. 68:11). Куыд раст разындысты ацы ныхӕстӕ! Йегъовӕ сылгоймӕгтӕн стыр аргъ кӕны, хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй архайынц ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй. Уӕдӕ кӕд Хуыцау чырыстон сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын бафӕдзӕхста, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын дзырды бар нӕй.
Йӕ хъуыды ӕргом чи загъта, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы
16, 17. Саррӕйы цӕвиттонӕй куыд зыны, сылгоймӕгтӕн дзырды бар кӕй ис?
16 Кӕд Йегъовӕ сылгоймӕгтӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уӕд цымӕ лӕгтӕ исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ сӕ устыты хъуыды хъуамӕ ма базоной? Афтӕ кӕнын зондыл дзурӕг уыдзӕн. Библийы фыст ис, устытӕ-иу сӕ лӕгты хъуыды куы нӕ базыдтой ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕхӕдӕг уынаффӕ куы рахастой, цалдӕр ахӕм хабары. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ.
17 Саррӕ йӕ лӕг Авраамӕн дзырдта, цӕмӕй йӕ дыккаг ус ӕмӕ йын йӕ фырты арвыстаид, уымӕн ӕмӕ Саррӕйы ӕмӕ йӕ фырты ницӕмӕ дардтой. Ӕмӕ кӕд уый «Авраамӕн тынг хъыг уыди», уӕд Йегъовӕ та уым ӕвзӕрӕй ницы уыдта ӕмӕ йын загъта: «Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ цагъар-сылгоймаджы тыххӕй цы загъта, ууыл ма маст кӕн. Байхъус ӕм» (Райд. 21:8–12). Авраам Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йын Саррӕ куыд загъта, афтӕ бакодта.
18. Авигейӕ цавӕр хъуыддаг бакодта?
18 Ахъуыды-ма кӕнӕм Навалы ус Авигейӕйы хабарыл дӕр. Давид паддзах Саулӕй куы ӕмбӕхсти, уӕд иу рӕстӕг ӕрбынат кодта, Навалы фос кӕм хызти, уым. Давид йӕ адӕмимӕ Навалы фӕллоймӕ никуы бавнӕлдта, фӕлӕ-иу ын ӕй хъахъхъӕдта. Навал та уыд «тызмӕг» ӕмӕ «ницӕйаг адӕймаг», стӕй Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «йе ’нӕзонддзинад дӕр йемӕ уыд». Давиды адӕм ӕм куы ӕрбацыдысты ӕмӕ йын куы загътой, цӕмӕй сын исты хойрӕг радтаид, уӕд сын «алывыдтӕ фӕкалдта». Авигейӕ уый куы фехъуыста, уӕд куыд бакодта? Навалӕн ницы схъӕр кодта, афтӕмӕй «ауади, райста дыууӕсӕдӕ дзулы, дыууӕ стыр сӕны дурыны, фондз фысы ӕргӕвстӕй, фондз къусы цӕкуытӕ, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы чисмисӕй ӕмӕ дыууӕсӕдӕ тъӕпӕн гуылы та хус легъуитӕй» ӕмӕ сӕ Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн радта. Цымӕ Авигейӕ раст бакодта? О, ӕмӕ уый бӕрӕг у, уый фӕстӕ цы ’рцыд, уымӕй. Библийы фыст ис, Йегъовӕ Навалы кӕй ӕрцавта ӕмӕ кӕй амард. Цасдӕры фӕстӕ Давид Авигейӕйы ракуырдта (1 Сам. 25:3, 14–19, 23–25, 38–42).
Кады аккаг чи у, ахӕм сылгоймаг
19, 20. Сылгоймаг кады аккаг кӕд вӕййы?
19 Фыстадмӕ гӕсгӕ раппӕлинаг у, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм ус. Ӕмбисӕндты чиныджы фыст ис «хорз усы» тыххӕй: «Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр. Йӕ сӕрыхицау ыл йӕ зӕрдӕ дары ӕмӕ цух ницӕмӕй ӕййафы. Цӕрӕнбонты дзы зоны ӕрмӕст хорздзинад, ницы дзы зоны ӕвзӕрӕй». Уымӕй уӕлдай ма: «Йӕ дзыхӕй цӕуы зондджын ныхас, йе ’взагыл ис ӕнувыд уарзты закъон. Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дары ӕмӕ лӕвар къӕбӕр нӕ хӕры. Йӕ фырттӕ йӕ разы сыстынц ӕмӕ йӕ схонынц амондджын, сысты йӕ сӕрыхицау ӕмӕ дзы раппӕлы» (Ӕмб. 31:10–12, 26–28).
20 Сылгоймаг кады аккаг кӕд вӕййы? Ӕмбисӕндты 31:30 фыст ис: «Конд ӕмӕ уындыл ӕууӕнк нӕй, ӕмӕ рӕсугъддзинад ницы у, фӕлӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыцы сылгоймаг у кады аккаг». Ус Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсы, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ сӕрыхицауы коммӕ ӕнӕзивӕгӕй куы кӕса, уӕд. «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг», раст «алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау» Чырысти куыд у ӕмӕ «Чырыстийӕн та йӕ хицау» Хуыцау куыд у, афтӕ (1 Кор. 11:3).
Хуыцауы лӕварӕй бузныг ут
21, 22. а) Хуыцау чырыстон бинонтӕн цы лӕвар радта, уый тыххӕй дзы бузныг цӕмӕн хъуамӕ уой? ӕ) Чи кӕй дӕлбар хъуамӕ уа, уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ цы фӕтк сӕвӕрдта, уымӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм? (Кӕс рамкӕ 17 фарсыл.)
21 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ Хуыцауӕй бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй сты бузныг. Бинонты цард у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ хӕссы стыр циндзинад. Уӕлдай бузныг дзы сты, сӕ цард кӕй баиу кодтой ӕмӕ йын иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй (Руф 1:9; Мих. 6:8). Хуыцау бинонты Бындурӕвӕрӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хорз зоны, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй амондджын уой. Алкӕддӕр Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайут, ӕмӕ уын «цы циндзинад дӕтты, уый уыдзӕн уӕ фидар мӕсыг», суанг ацы змӕст дунейы дӕр (Неем. 8:10).
22 Чырыстон нӕлгоймаг йӕ усы, йӕхи куыд уарзы, афтӕ куы уарза, уӕд йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕндзӕн ӕмӕ йыл тыхсдзӕн. Усӕн ахӕм сӕрыхицау куы уа, уӕд ын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй йӕ лӕг ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарздзӕн. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, сӕ бинонты цардӕй фӕзминаг кӕй уыдзысты ӕмӕ кад кӕй хӕсдзысты Хуыцау Йегъовӕйӕн.
-