Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Чырысти райгас. Уый ӕцӕг хабар у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 1 мартъи
    • Рагон Коринфы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кодтой, Чырысти кӕй райгас, ууыл. Иннӕты та ӕппындӕр нӕ уырныдта, мард райгас уа, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый. Йӕ фыццаг фыстӕджы коринфӕгтӕм апостол Павел ныффыста, кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд хабар куыд хъуамӕ уыдаид, уый тыххӕй: «Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас. Ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд та хъусын дӕр дзӕгъӕлы кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр дзӕгъӕлы у. Уымӕй уӕлдай ма уӕд Хуыцауӕн мӕнгӕвдисӕнтӕ дӕр стӕм... Уӕ уырнындзинад ницы пайда у – ныр дӕр ма уӕ тӕригъӕдтӕй не ссӕрибар стут... Ӕмӕ Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон дӕр бынтондӕр фесӕфтысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:13–18).

      «Уый фӕстӕ та уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ... Уый фӕстӕ фӕзынд Иаковмӕ, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр. Ӕппӕты фӕстаг та фӕзынд мӕнмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:6–8).

  • Чырысти райгас. Уый ӕцӕг хабар у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 1 мартъи
    • Иннӕ хабар та уый у, ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд чырыстӕтты уырнындзинад дӕр у дзӕгъӕлы, ницы пайда у ӕмӕ у мӕнг ныхӕстыл арӕзт. Уымӕй уӕлдай ма уӕд апостол Павел ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр мӕнг ныхӕстӕ кодтой, Чырысти кӕй райгас, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ чи райгас кодта, уый тыххӕй дӕр, ома Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй. Ноджы диссагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд, Чырысти «амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй», зӕгъгӕ, уый дӕр мӕнг ныхас у. Ӕмӕ кӕд Ирвӕзынгӕнӕг йӕхӕдӕг нӕ райгас, уӕд иннӕты куыд хъуамӕ фервӕзын кӕна? (1 Коринфӕгтӕм 15:3). Уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй чи амард, зӕгъӕм, фыдмард кӕй акодтой, уыдон сӕ ныфс дзӕгъӕлы дардтой, кӕй райгас уыдзысты, ууыл.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын