«Уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы... нӕу»
1 Диссаджы ныфсдӕттӕг хъуыды! Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, дзӕгъӕлы нӕ фыдӕбон кӕнӕм (1 Кор. 15:58). Уӕдӕ уый куыд хицӕн кӕны, адӕм сӕ ӕнӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕныныл, хуыздӕр бынат бацахсыныл кӕнӕ фылдӕр ӕхца бакусыныл куыд фыдӕбон кӕнынц, уымӕй. Чи зоны, уыдон хӕрынц диетӕмӕ гӕсгӕ ӕмӕ кӕнынц фӕлтӕрӕнтӕ, бирӕ азты дӕргъы ахуыр кӕнынц уӕлдӕр скъолаты кӕнӕ ӕххуырстыты хуызӕн кусынц, ӕрмӕст цӕмӕй фылдӕр хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕной, уый тыххӕй. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, чидӕр «рӕстӕг ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цауы тыххӕй» цӕрынхъуагӕй фӕзиан уа, кӕнӕ та цы стыр бынатмӕ тырныдта, уый йӕ къухы ма бафта, кӕнӕ та йӕ, куыд фӕндыд, афтӕ бонджын ма суа. Сӕ тухитӕ сты дзӕгъӕлы, «дымгӕйы сурынау» (Еккл. 1:14, НД; 9:11, НД). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, дзӕгъӕлы чи нӕу, уыцы иунӕг хъуыддаджы нын бирӕ кусинаг кӕй ис, уымӕн ӕмӕ хӕссы ӕнӕкӕрон пайда!
2 Ӕцӕгӕй ахсджиаг хъуыддаг. Зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнын. Уый ахӕм хъуыддаг у, ӕмӕ адӕм хъусой ӕви нӕ, уӕддӕр ӕй хъӕуы бакӕнын. Мах фӕнды афтӕ аразын, цӕмӕй Павелау нӕ бон уа зӕгъын: «Ӕз... дӕн сыгъдӕг ӕппӕты тугӕй дӕр; уымӕн ӕмӕ ӕз нӕ ауагътон фадат хъусын кӕнынӕн сымахӕн Хуыцауы ӕппӕт фӕндон» (Ап. к. 20:26, 27).
3 Адӕм Паддзахады тыххӕй уацхъуыдмӕ куы байхъусынц ӕмӕ йын куы саргъ кӕнынц, уӕд уый цы циндзинад ӕрхӕссы! Иу ӕрыгон чызгӕн амард йӕ мадыхо. Чызгмӕ фӕзынд фарст: йӕ мадыхо кӕдӕм ацыд — уӕларвмӕ ӕви зындонмӕ? Уый скуывта Хуыцаумӕ йӕ номӕй, Иегъовӕ, йӕ хо йӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уый райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын. Цардмӕ йын цы цӕстӕнгас уыд, уый бынтондӕр фӕивта ӕмӕ йӕ дзӕгъӕлдзу ӕмбӕлттимӕ дӕр нал цыд. Ӕрыгон чызг ныууагъта йӕ тамако, наркотиктӕ ӕмӕ нал давта. Уый дзуры: «Иегъовӕйы кӕй бауарзтон, ӕрмӕстдӕр уый руаджы ныууагътон уыцы ӕвзӕр митӕ. Иегъовӕ тынг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст уый бон уыд мӕнӕн ӕнусон цардӕй ныфс бавӕрын». Уыцы чызг ныр йӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы хъуыддӕгтыл нал хардз кӕны.
4 Кӕд адӕмы махмӕ хъусын нӕ фӕфӕнды, уӕддӕр цы кӕнӕм, уый у тынг ахсджиаг. Уыдон зонынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕм кӕй уыдысты, уый. Мах та уымӕй ӕвдисӕм нӕ ӕнаипдзинад, нӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ нӕ уарзондзинад. Уӕдӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ фыдӕбон Хицауы хъуыддаджы дзӕгъӕлы кӕй у? Ницӕй тыххӕй!