-
Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
-
-
10 Фыццаг хъуыддаг уый у, ӕмӕ мах мысайнӕгтӕ дӕттӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын «ӕхсызгон цы у, уый аразын» нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй (1 Иоан. 3:22). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕны, мысайнаг ын зӕрдиагӕй чи дӕтты, уыцы лӕггадгӕнджытӕй. Ӕркӕсӕм, чырыстӕттӕ мысайнаг куыд хъуамӕ дӕттой, уый тыххӕй апостол Павел цы загъта, уымӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:7.) Ӕцӕг чырыстӕттӕ мысайнӕгтӕ ӕвӕндонӕй нӕ фӕдӕттынц. Уыдонӕй алчидӕр мысайнаг уый тыххӕй дӕтты, ӕмӕ йӕхӕдӕг «йӕхицӕн... загъта» афтӕc. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг ахъуыды кӕны, ӕххуыс кӕм хъӕуы ӕмӕ йӕ бон цӕмӕй у фӕкӕсын, ууыл, ӕмӕ йӕ бафӕнды мысайнаг раттын. Йегъовӕ ахӕм адӕймагӕн тынг аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Ӕндӕр тӕлмацы та ацы ныхӕстӕ афтӕ сты: «Хуыцау уарзы, дӕттын чи уарзы, уыцы адӕмы».
-
-
Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
-
-
c Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй, дзырдбаст «йӕхицӕн... загъта»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, «уый амоны, адӕймаг рагацау цыдӕр кӕй аскъуыддзаг кодта, уымӕ». Уый ма загъта: «Адӕймаг, нӕ фӕхъавы, афтӕмӕй лӕвар куы ракӕны, уӕд дӕр ын уый циндзинад ӕрхӕссы. Фӕлӕ уӕддӕр хуыздӕр уыдзӕн, уыцы хъуыддагыл-иу рагацау куы ахъуыды кӕна, стӕй лӕвӕрттӕ ӕдзухдӕр куы дӕтта» (1 Кор. 16:2).
-