Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-1 22–23 фф.
  • Библийы чиныг 47 – 2 Коринфӕгтӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 47 – 2 Коринфӕгтӕм
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
bsi08-1 22–23 фф.

Библийы чиныг 47 – 2 Коринфӕгтӕм

Ныффыста йӕ: Павел

Кӕм ӕрцыд фыст: Македонийы

Фыст фӕцис: н. э. 55 азмӕ ӕв.

ӔВӔЦЦӔГӔН, н. э. 55 азы сӕрды кӕрон йе та фӕззӕджы райдиан, Коринфы чырыстон ӕмбырды ма ахӕм хабӕрттӕ цыд, ӕмӕ апостол Павелы мӕты ӕфтыдтой. Цалдӕр мӕйы рацыд, коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уымӕй. Уый фӕстӕ сӕм арвыста Титы, цӕмӕй Иудейӕйы «сыгъдӕджытӕн» мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтаид ӕмӕ йӕ хъус ӕрдардтаид, йӕ фыццаг фыстӕджы коринфӕгтӕн цы уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ цы цӕстӕй ракастысты, уымӕ (2 Кор. 8:1–6; 2:13). Куыд ӕхсызгон уыдаид Павелӕн, куы базыдта, кӕй ӕрӕнкъард сты ӕмӕ кӕй фӕсмон кӕнынц, уый! Тит Павелмӕ Македонимӕ ӕрыздӕхт хорз хабаримӕ, ӕмӕ уый фӕрцы апостол ноджы тынгдӕр бауарзта Коринфы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты (7:5–7; 6:1).

2 Павел коринфӕгтӕм ныффыста дыккаг фыстӕг. Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ ныфсдӕттӕг фыстӕг ныффыста Македонийы ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, Титӕн арвыста (9:2, 4; 8:16–18, 22–24). Павелы тыхсын кодта иу хъуыддаг: Коринфы ӕмбырды фӕзынд «„диссаджы“ апостолтӕ», схуыдта ма сӕ, «иннӕты сайыны куыст» чи кӕны, ахӕм мӕнг апостолтӕ (11:5, 13, 14). Уыцы ног ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинадӕн уыд тӕссаг, стӕй ма Павел апостол кӕй уыд, уый ныхмӕ дӕр дзырдтой. Уӕдӕ коринфӕгтӕм дыккаг хатт фыссын ӕнӕмӕнг хъуыди.

3 Цымыдисаг у, Павел афтӕ кӕй загъта: «Ныр мӕхи ӕртыккаг хатт срӕвдз кодтон сымахмӕ ’рцӕуынмӕ» (2 Кор. 12:14; 13:1). Йӕ фыццаг фыстӕг куы фыста, уӕд сӕм фӕнд кодта дыккаг хатт ӕрцӕуын, ӕмӕ кӕд йӕхи сцӕттӕ кодта, уӕддӕр ын нӕ бантыст «дыккаг хатт дӕр бацин кӕнын» (1 Кор. 16:5; 2 Кор. 1:15). Павел Коринфы уыд ӕрмӕст иу хатт, н. э. 50–52 азты афӕдз ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц, ӕмбырд дзы куы сарӕзта, уӕд (Ап. хъ. 18:1–18). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Павелы фӕнд сӕххӕст – дыккаг хатт Коринфмӕ ’рцыд. Павел Грецийы ӕртӕ мӕйы куы уыд, ӕвӕццӕгӕн, н. э. 56 азы, уӕд цасдӕр рӕстӕг фӕци Коринфы ӕмӕ уым ныффыста ромӕгтӕм йӕ фыстӕг (Ром. 16:1, 23; 1 Кор. 1:14).

4 Павелы дыккаг фыстӕг коринфӕгтӕм (коринфӕгтӕм фыццаг фыстӕг ӕмӕ иннӕ фыстӕджытӕ дӕр), кӕддӕриддӕр нымад уыдысты Библийы хайыл. Ногӕй та нын фадат ис Коринфы ӕмбырд хуыздӕр базонынӕн ӕмӕ сӕм Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй зонд райсынӕн.

ЦЫ ПАЙДА У

18 Павел йӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кодта, уый тыххӕй ныффыста коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы. Цӕй уӕдӕ, мах дӕр нӕ лӕггадмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсӕм! Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕгыл кӕй нымайы, уый йын йӕ Ныхас «уӕйгӕнӕг» нӕу, фӕлӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕны. Хорз лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый гӕххӕттыл фыстӕй бӕрӕг нӕ вӕййы, фӕлӕ йын йӕ лӕггады цы ӕнтысы, уымӕй. Фӕлӕ кӕд кадджын хӕс ӕххӕст кӕнӕм, уӕддӕр сӕрбӕрзонд уӕм, уый ӕфсон нын нӕй. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ сӕ хӕзна, ома сӕ лӕггад, ис ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты, цӕмӕй бӕрӕг уа, Хуыцауы хъаруйы фӕрцы кӕй у сӕ бон лӕггад кӕнын. Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы кадджын ном хӕссыны аккаг уӕм, уый тыххӕй хъӕуы сӕрныллӕгдзинад. Стӕй ма хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕрмӕст Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы кӕй у нӕ бон, цӕмӕй уӕм «минӕвӕрттӕ Чырыстийы бӕсты»! Уӕдӕ Павел дӕр дзӕгъӕлы нӕ разӕнгард кодта: «Цы стыр хорзӕхӕй уын бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд» (2:14–17; 3:1–5; 4:7; 5:18–20; 6:1).

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел фӕзминаг у чырыстӕттӕн. Зӕгъӕм, Дзуттаг Фыстытӕн стыр аргъ кодта, ахуыр сӕ кодта, скъуыддзӕгтӕ дзы хаста ӕмӕ дзы алыхуызон уавӕртӕм пайда кодта (2 Кор. 6:2, 16–18; 7:1; 8:15; 9:9; 13:1; Ис. 49:8; Лев. 26:12; Ис. 52:11; Иез. 20:41; 2 Сам. 7:14; Ос. 1:10). Уымӕй уӕлдай ма, цӕстдарӕг уыд ӕмӕ «фыстыл» мӕт кодта: «Ӕз сымах тыххӕй, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ мӕхи ӕгасӕй дӕр нӕ бавгъау кӕндзынӕн». Ӕфсымӕрты тыххӕй йӕхиуыл ӕппындӕр нӕ ауӕрста (2 Кор. 12:15; 6:3–10). Йе ’мчырыстӕтты ӕвӕллайгӕйӕ ахуыр кодта, фӕдзӕхста ӕмӕ сӕ раст зондыл арӕзта. Хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕдзӕхста ацы талынг дунеимӕ лымӕн кӕнынӕй: «Ма баиу ут ӕнӕуырнджытимӕ». Кӕй сӕ уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ зонд сзыгъуыммӕ уыдаид, «калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд ӕмӕ йӕ куыд фӕрӕдийын кодта, афтӕ», ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй разӕнгард кодта: «Уӕхи фӕлварут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут». Чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй рӕдауӕй дӕттой, ӕмӕ сын равдыста, «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый [кӕй] уарзы» ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр стыр аргъ кодта Хуыцауы диссаджы лӕварӕн. Ӕцӕгдӕр, Коринфы ӕфсымӕрты уарзта, цыма йӕ зӕрдӕйыл фыст уыдис, ахӕм уарзондзинадӕй ӕмӕ сын зӕрдиагӕй лӕггад кодта, зынгзӕрдӕ ӕмӕ къӕрцхъус цӕстдарӕг куыд хъуамӕ лӕггад кӕна, афтӕ. Павел абоны чырыстӕттӕн фӕзминаг у! (6:14; 11:3; 13:5; 9:7, 15; 3:2).

20 Апостол Павел нын не ’ргом здахы, «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» нын фӕлварӕнты рӕстӕг хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн, уымӕ. Хуыцау нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр», цӕмӕй фервӕзӕм ӕмӕ йӕ ног дунейы цӕрӕм. Павел ма фыста диссаджы ныфсы тыххӕй, «Хуыцау нын кӕй ратдзӕн, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕу, ахӕм хӕдзар, ӕнусон хӕдзар уӕлӕрвты» ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ кӕд исчи Чырыстиимӕ иудзинады ис, уӕд уый у ног сконд. Раздӕр цы уыд, уыдӕттӕ аивгъуыдтой, ӕмӕ фӕзынд ног». Ӕцӕгдӕр, коринфӕгтӕм дыккаг фыстӕджы ис диссаджы ныфсы ныхӕстӕ, Павелау уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдонӕн (1:3, 4; 5:1, 17).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын