ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 КОРИНФӔГТӔМ 4–6
«Нӕ ныфс нӕ сӕтты»
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, кӕлӕддзаг хӕдзары чи цӕры, дыууӕ ахӕм бинонты. Фыццаг бинонтӕ сты ныфссаст. Иннӕ бинонтӕ та сты амондджын. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тагъд рӕсугъд ног хӕдзары ӕрцӕрдзысты.
«Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй... дзыназынц ӕмӕ... удхар кӕнынц абоны онг дӕр». Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ис, чи сӕ фидар кӕны, ахӕм ныфс (Ро 8:22). Мах зонӕм, бирӕ азты дӕргъы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон, фидӕны нӕм цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонимӕ абаргӕйӕ «рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты». Хуыцауы Паддзахад нын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдон ӕдзух нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ циндзинад нӕ фесӕфдзӕн ӕмӕ нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн.