Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/07 1 ф.
  • Зондджын уӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зондджын уӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Хуыцауы стыр хуымгӕрдӕны ӕппӕт тыхтӕй архай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Йегъовӕйӕн ӕхсызгонӕй ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 11/07 1 ф.

Зондджын уӕм

1 Йесо Чырысти цыппар кӕсагахсӕгӕн афтӕ куы загъта, мӕ фӕдыл рацӕут, зӕгъгӕ, уӕд «уайтагъд... йӕ фӕдыл ацыдысты» (Матф. 4:18–22). Савл чырыстон куы сси ӕмӕ йын Хуыцау йӕ цӕстырухс куы раздӕхта, уӕд уый дӕр «ӕвӕстиатӕй райдыдта ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын» (Ап. хъ. 9:20). Рӕстӕг иу ран кӕй нӕ лӕууы ӕмӕ йын раздахӕн кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕм зондджын, цӕмӕй дзы раст пайда кӕнӕм (Еф. 5:15, 16).

2 Ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы ’рцӕуы. Абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн цы фадӕттӕ ис, ахӕм фадӕттӕ нын, чи зоны, райсом мауал уа (Иак. 4:14). «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Уымӕй уӕлдай, ацы дунейы не ’ппӕт дӕр зӕронд кӕнӕм ӕмӕ ныл скӕны «уынгӕджы бонтӕ», ӕмӕ нӕ бон нал вӕййы Йегъовӕйӕн раздӕрау лӕггад кӕнын (Еккл. 12:1). Уымӕ гӕсгӕ, раст нӕ уаид Хуыцауӕн нӕ цард снывонд кӕныныл фӕстиат кӕнын кӕнӕ, абон ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕныны бӕсты, хуыздӕр уавӕртӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын (Лук. 9:59–62). Авраам йӕ царды фӕстаг бонтӕ арвыста амондджынӕй ӕмӕ амард «зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй», уымӕн ӕмӕ уыд зондджын – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй сӕйрагдӕр ын ницы уыд (Райд. 25:8).

3 Рӕстӕг бирӕ нал баззад. Нӕ рӕстӕгӕй ма нӕ зондджынӕй уымӕн фӕнды пайда кӕнын, ӕмӕ «рӕстӕг бирӕ нал баззад» (1 Кор. 7:29–31). Ацы дунейӕн йӕ кӕрон тынг тагъд ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ нын абон «кӕрдыны афон» фысау сабыр адӕмы ӕмбырд кӕнынӕн цы фадат ис, уый нал уыдзӕн (Рарг. 14:15). Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нын царды мӕт ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ нӕ рӕстӕг ма исой, фӕлӕ хуыздӕр цы у, ууыл ӕй хардз кӕнӕм, ома Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм (Лук. 21:34, 35). Фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ нын куыд ӕхсызгон уыдзӕн, уыцы хъуыддаджы, нӕ бон цы уыди, уый кӕй сарӕзтам!

4 Хъуамӕ ӕдзух лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй ма ауадзӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн нын цы диссаджы фадат ис, уый. Цӕй уӕдӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, «цалынмӕ афтӕ зӕгъӕн ис, „абон“, зӕгъгӕ», уӕдмӕ (Дзут. 3:13). Уӕд нӕ ӕцӕг зондджын схонӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый... цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоан. 2:17).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын