-
Хуыцау цы баиу кодта, уый ма ахицӕн кӕнутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 май
-
-
13. Устытӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ ӕххуыс кӕнынц?
13 Библийы ма ис, устытӕн чи баххуыс уыдзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ дӕр. Ефесӕгтӕм 5:22–24, 33 фыст ис: «Сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт, цыма Хицауы коммӕ кӕсынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ усӕн лӕг йӕ сӕрыхицау у, Чырысти ӕмбырды сӕр куыд у, афтӕ – уыцы буар уый фервӕзын кодта. Гъемӕ ӕмбырд Чырыстийы коммӕ куыд кӕсы, афтӕ устытӕ дӕр алы хъуыддаджы дӕр сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт. [...] Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа».
-
-
Хуыцау цы баиу кодта, уый ма ахицӕн кӕнутХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 май
-
-
15. Библи устытӕн цавӕр уынаффӕтӕ дӕтты?
15 Павел ма ныффыста, зӕгъгӕ, «ус... хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа». Чырыстон ус хъуамӕ уа «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды» хицау ӕмӕ йӕ лӕджы сӕрты ма хиза, кӕнӕ хивӕнд митӕ ма кӕна (1 Петры 3:4). Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕм ус йӕ бинонтыл тыхсы ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы кадджын кӕны (Титмӕ 2:4, 5). Уый йӕ лӕгӕй хорз йеддӕмӕ ӕвзӕр никуы фӕдзуры ӕмӕ ахӕмӕй ницы аразы, цӕмӕй йӕ иннӕты цӕсты бафтауа. Уый ма йӕ лӕгӕн ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кӕны, цы спълан кодта, уый аразынӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 14:1).
16. Саррӕ ӕмӕ Ревеккӕйӕ чырыстон устытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?
16 Чырыстон ус сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕй хъуамӕ уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын йӕхи хъуыды нӕй, кӕнӕ цы хъуыды кӕны, уый ахсджиаг нӕу. Рагзаманты, Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм сылгоймӕгтӕ, зӕгъӕм, Саррӕ ӕмӕ Ревеккӕ сӕ лӕгтӕн сӕ хъуыдытӕ дзурынӕй не ’фсӕрмы кодтой ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕмӕ раст фӕкастысты (Райдиан 21:8–12; 27:46–28:4). Чырыстон устытӕн дӕр сӕ бон у дзурын, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕцӕг, сӕ ныхасыгъӕдӕй хъуамӕ сӕ лӕгты дӕлдӕр ма кӕной, фӕлӕ дзурой уӕзданӕй. Афтӕмӕй уыдон, ӕвӕццӕгӕн, фендзысты уӕзданӕй ныхас кӕнын кӕй у бирӕ ӕхсызгондӕр ӕмӕ лӕгӕн дӕр ӕнцондӕр кӕй у, ус цы хъуыды кӕны, уый бамбарын.
-