Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Чырыстийау фӕлтӕрдджын суай, уымӕ тырныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 сентябрь
    • 2 Фӕлтӕрдджын чырыстӕтты абарӕн ис рӕгъӕд дыргътимӕ. Адӕймаг Йегъовӕйы тыххӕй куы базоны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уый фӕстӕ дӕр йӕ уырнындзинад фӕрӕзы. Ӕмӕ йӕ нысан вӕййы, цӕмӕй суа фӕлтӕрдджын чырыстон, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ахӕм лӕггадгӕнджытӕ хъӕуы. Уыцы фӕлтӕрддзинад уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ дыл ӕнӕуи азтӕ рацӕуа. Уый амоны, дӕ уырнындзинад кӕй фидардӕр кӕны ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕныс, уымӕ. Апостол Павел Ефесы цӕрӕг чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй фӕлтӕрддзинадмӕ тырной, «цалынмӕ уырнындзинады ӕмӕ, Хуыцауы Фырт чи у, уый бӕлвырдӕй базоныны хъуыддаджы [се] ’ппӕт дӕр иу зондмӕ не ’рцӕуой, цалынмӕ [сӕ] лӕджы кары нӕ бацӕуой ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау нӕ сырӕзой, уӕдмӕ» (Еф. 4:13).

      3. Ефесы ӕмбырды цы уавӕр уыди, уый куыд абарӕн ис, абон Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы уавӕр ис, уыимӕ?

      3 Ефесы ӕмбырд фӕзынд, Павел сӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй цасдӕры размӕ, ӕмӕ дзы бирӕтӕ уӕдмӕ дӕр фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ уыдысты. Фӕлӕ дзы кӕйдӕрты фӕлтӕрддзинадмӕ нырма бирӕ хъуыди. Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ ныридӕгӕн фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ сты. Фӕлӕ ӕмбырдты уый алкӕмӕй зӕгъӕн нӕй. Зӕгъӕм, алы аз дӕр донаргъуыд райсынц мингай адӕймӕгтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕхъӕуы фӕлтӕрддзинадмӕ тырнын. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? (Кол. 2:6, 7).

  • Чырыстийау фӕлтӕрдджын суай, уымӕ тырныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 сентябрь
    • 5 Фӕлтӕрдджын чырыстон Йесойы «къахвӕдтыл цӕуы» ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр фӕзмы (1 Пет. 2:21). Йесо загъта, сӕйрагдӕр кӕй у, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарза, стӕй цӕмӕй адӕмы дӕр уарза, йӕхи куыд уарзы, афтӕ (Матф. 22:37–39). Ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстон архайы уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цӕрыныл – йӕ цардӕй бӕрӕг вӕййы, ӕппӕты ахсджиагдӕр ын кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уа ӕмӕ адӕмы удуӕлдай уарзтӕй уарза.

  • Чырыстийау фӕлтӕрдджын суай, уымӕ тырныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 сентябрь
    • 8. Йесо Фыстад куыд зыдта, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

      8 Йесо Чырысти Фыстад тынг хорз зыдта. Дыууадӕс азы йеддӕмӕ йыл куы нӕ цыди, уӕд дӕр йӕ бон уыди Фыстады тыххӕй кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ ныхас кӕнын. «Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ» (Лук. 2:46, 47). Фӕстӕдӕр, хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд, Хуыцауы Ныхасӕй афтӕ арӕхстджынӕй пайда кодта, ӕмӕ-иу йе знӕгтӕн йӕ ныхмӕ сӕ бон ницыуал уыди зӕгъын (Матф. 22:41–46).

      9. а) Фӕлтӕрдджын чырыстон Библи куыд фӕахуыр кӕны? б) Библи ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ нысан цы хъуамӕ уа?

      9 Кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суа, уӕд хъуамӕ Хуыцауы Ныхас ӕрмӕст уӕлӕнгӕйтты ма зона, фӕлӕ йӕ Йесойау хорз ӕмбара. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи ӕдзухдӕр лӕмбынӕг ахуыр кӕна, уымӕн ӕмӕ «хъӕбӕр хӕринаг... у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн» (Дзут. 5:14). Фӕлтӕрдджын чырыстоны фӕнды, Библи цы дзуры, уый «бӕлвырдӕй зонын» (Еф. 4:13). Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Библи алы бон дӕр фӕкӕсыс? Алы къуыри дӕр ӕй дӕхӕдӕг, стӕй дӕ бинонтимӕ фӕахуыр кӕныс? Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу архай, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Уый тыххӕй-иу ахъуыды кӕн, цы кӕсыс, уым цавӕр уагӕвӕрдтӕ ис, ууыл. Ӕмӕ-иу стӕй уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архай. Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын