Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-1 28–29 фф.
  • Библийы чиныг 50 – Филиппӕгтӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 50 – Филиппӕгтӕм
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
bsi08-1 28–29 фф.

Библийы чиныг 50 – Филиппӕгтӕм

Ныффыста йӕ: Павел

Кӕм ӕрцыд фыст: Ромы

Фыст фӕцис: н. э. 60–61 азтӕм ӕв.

ХОРЗ хабар Македонийы хъусын кӕныны тыххӕй, апосол Павел цӕстылуайӕн куы федта, уӕд йе ’мбӕлттимӕ, Лука, Силӕ ӕмӕ ӕрыгон Тимофеимӕ уайтагъд ацыдысты. Троадӕйӕ (Къаннӕг Азийӕ) науыл ацыдысты Неаполмӕ, уырдыгӕй та – Филипптӕм, хӕхты сӕрты ахизынӕн сӕ бахъуыд 15 километры бӕрц цӕуын. Уыцы горӕты тыххӕй Лука ныффыста, «сӕйраг сахар Филипптӕ», зӕгъгӕ (Ап. хъ. 16:12). Филипптӕ йӕ схуыдтой, н. э. агъоммӕ 356 азы македойнаг паддзах Филипп II (Македойнаг Алыксандры фыд) горӕт куы бацахста, уӕд. Фӕстӕдӕр горӕт бацахстой ромӕгтӕ. Н. э. агъоммӕ 42 азы ацы горӕты цы тох цыд, уый баххуыс кодта Октавианӕн (фӕстӕдӕр сси кесӕр Август), цӕмӕй йӕ бартӕ ӕрфидар уыдаиккой. Йӕ уӕлахизы бӕрӕгбоны Филипптӕй сарӕзта Ромы дӕлбар горӕт.

2 Павел-иу ног горӕтмӕ куы ’рцыд, уӕд-иу фыццаг дзуттӕгтӕн хъусын кодта. Фӕлӕ н. э. 50 азмӕ ’ввахс Филипптӕм куы ’рцыд, уӕд федта, дзуттӕгтӕ бирӕ кӕй нӕ уыдысты, стӕй сын, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбырдгӕнӕн дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ кувынӕн ӕмбырд кодтой горӕты ӕдде цӕугӕдоны был. Павелы ныхӕстӕ адӕм сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айстой, сӕ фыццӕгтӕй иу уыд Лидийӕ, дзуттаг дин чи райста, ахӕм хъӕздыг сылгоймаг. Лидийӕ Чырыстийы тыххӕй хабармӕ зӕрдиагӕй байхъуыста, ӕмӕ бӕлццӕттӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕм бафысым кодтаиккой. «Ӕмӕ нӕ куы нал уагъта, уӕд ӕм ацыдыстӕм»,– ныффыста Лука. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой, Павел ӕмӕ Силӕйы уистӕй фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны бакодтой. Ахӕстоны куы уыдысты, уӕд уыд зӕххӕнкъуыст. Уый фӕстӕ Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонгӕс ӕмӕ йӕ бинонтӕн хорз хабар радзырдтой, ӕмӕ уыдон Хуыцауыл баууӕндыдысты. Дыккаг бон Павел ӕмӕ Силӕйы ахӕстонӕй рауагътой ӕмӕ Лидийӕйы хӕдзармӕ ӕфсымӕртӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ бафидар кодтой, уый фӕстӕ горӕтӕй ацыдысты. Павел Филиппты ӕмбырд аразгӕйӕ цы зындзинӕдтӕ баййӕфта, уыцы хабӕрттӕ йӕ зӕрдӕйы баззадысты (Ап. хъ. 16:9–40).

3 Цалдӕр азы фӕстӕ, Павел йе ’ртыккаг балцы куы уыд, уӕд та бабӕрӕг кодта Филиппты ӕмбырд. Уыцы ӕмбырд куы фӕзынд, уымӕй рацыд дӕс азы бӕрц, ӕмӕ Павелы йӕ уарзондзинад Филиппты ӕфсымӕртӕм сразӕнгард кодта, цӕмӕй сӕм ныффыстаид. Уыцы фыстӕг абон ис Библийы ӕмӕ хӕссы, Павел бирӕ кӕй уарзта, уыцы ӕмбырды ном.

4 Фыццаг стихы Павел куыд фыссы, афтӕмӕй ацы фыстӕг йӕхӕдӕг ныффыста ӕмӕ Библи чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр разы сты, уымӕн бындур кӕй ис. Поликарп (н. э. 69?–155? азтӕ) йӕ писмойы Филиппӕгтӕм ской кодта, Павел сӕм кӕй фыста, уый тыххӕй. Библийы рагон иртасджытӕ, зӕгъӕм, Ириней, Тертуллиан ӕмӕ Александриаг Климент дӕр, Филиппӕгтӕм фыстӕгӕй скъуыддзӕгтӕ хастой ӕмӕ йӕ нымадтой Павелы фыстӕгыл. Филиппӕгтӕм фыстӕг ис, н. э. 2 ӕнусы Мураторийы скъуыддзаг ӕмӕ иннӕ рагон канонты се ’ппӕты дӕр, стӕй Честер Биттийы папирусы № 2 (P46) (н. э. 200 азмӕ ’ввахс) Павелы иннӕ аст фыстӕгимӕ.

5 Кӕм ӕмӕ кӕд фыст ӕрцыд ацы фыстӕг, уый ӕнцон базонӕн у. Павел ӕй куы фыста, уӕд уыд Ромы ахӕстоны ӕмӕ бирӕ чырыстон хъуыддӕгты архайдта. Йӕ фыстӕджы кӕрон салӕмттӕ дӕтты, кесӕры хӕдзары иузӕрдион чи уыд, уыдонӕй. Ацы хабӕрттӕ ӕвдисынц, йӕ фыстӕг Ромы кӕй ныффыста (Фил. 1:7, 13, 14; 4:22; Ап. хъ. 28:30, 31).

6 Фӕлӕ кӕд ныффыста йӕ фыстӕг? Ӕвӕццӕгӕн, Павел бирӕ рӕстӕг уыд Ромы, ӕмӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй ахст кӕй уыд, уыцы хабар айхъуыст паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсад ӕмӕ ма бирӕ кӕуылдӕрты. Стӕй ма рӕстӕг хъуыд, цӕмӕй Епафродит Павелӕн лӕваримӕ ӕрцыдаид Филипптӕй (1000 км бӕрц) ӕмӕ Епафродиты рынчыны хабар Филиппты фехъуыстаиккой, стӕй уыцы хабар фӕстӕмӕ Роммӕ бахӕццӕ уыдаид (Фил. 2:25–30; 4:18). Павел фыццаг хатт Ромы ахст уыд н. э. 59–61 азты, уымӕ гӕсгӕ йӕ фыстӕг, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста н. э. 60 кӕнӕ 61 азы, фыццаг хатт Роммӕ куы ’рцыд, уымӕй иу аз йе та фылдӕр куы рацыд, уӕд.

7 Павел Македонийы хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд Филиппты бирӕ зындзинӕдты фӕстӕ фӕзынд чырыстон ӕмбырд. Сылгоймаг аргӕ-арын куыд фӕтухи кӕны, Павел дӕр филиппӕгтыл афтӕ фыдӕбон кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта Хуыцауы ныхас базонынӕн. Уыдон дӕр ыл тынг ӕнувыд уыдысты ӕмӕ йӕ йӕ бирӕ балцыты ӕмӕ зындзинӕдты ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уый цух нӕ уагътой, стӕй йын Йегъовӕ тынг арфӕ кодта. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы Павел ӕмӕ филиппӕгты ’хсӕн фӕзынд стыр уарзондзинад. Ӕмӕ ныр сӕ рӕдау хуын, стӕй Епафродиты хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Ромы хорз хабар куыд парахат кодта, уый базонын сӕ кӕй фӕндыд, уыдӕттӕ Павелы баразӕнгард кодтой, цӕмӕй ныффыстаид зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ ныфсы ныхӕстӕ.

ЦЫ ПАЙДА У

12 Цы стыр пайда у махӕн Филиппӕгтӕм фыстӕг! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды Йегъовӕйы хорзӕх ссарын ӕмӕ нӕ цӕмӕй чырыстон цӕстдарджытӕ раппӕлой, Павел Филиппты ӕмбырдӕй куыд раппӕлыд, афтӕ. Афтӕ уыдзӕн, Филиппты чырыстӕтты куы бафӕзмӕм ӕмӕ Павелы уынаффӕтӕм куы байхъусӕм, уӕд. Филиппӕгтау мах дӕр хъуамӕ рӕдау уӕм, ӕфсымӕртӕн сӕ зындзинӕдты ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ хорз хабары сӕрыл тох кӕнӕм, стӕй хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныныл архайӕм (1:3–7). Мах дӕр «ӕмзондӕй фидар... лӕууӕм, хорз хабарӕй чи цӕуы, уыцы уырнындзинады сӕрыл ӕмзӕрдӕйӕ, фӕрсӕй-фӕрстӕм... тох кӕнӕм», ӕмӕ «рухсау» ӕрттивӕм ацы дуджы хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ адӕмы ’хсӕн. Афтӕ куы кӕнӕм ӕмӕ цыдӕриддӕр ахсджиаг у, уыдӕттыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд не ’фсымӕртӕн цины хос уыдзыстӕм, филиппӕгтӕ апостол Павелӕн куыд уыдысты, афтӕ (1:27; 2:15; 4:1, 8).

13 «Уе ’ппӕт дӕр иумӕ мӕн бафӕзмут»,– загъта Павел. Цӕмӕй йӕ ис бафӕзмӕн? Алы уавӕрты дӕр, цы нӕм уа, уый фагыл нымайӕм. Павел сӕрныллӕгӕй йӕ зондахаст ивта, хъуаг куы ’ййӕфта ӕмӕ йын алцыдӕр парахатӕй куы уыд, уӕддӕр, цӕмӕй дӕрддӕр зӕрдиагӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй Хуыцауӕн лӕггад кодтаид. Алчидӕр Павелау хъуамӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уа иузӕрдион ӕфсымӕртӕм. Цы стыр уарзондзинадимӕ дзырдта Тимофей ӕмӕ Епафродиты лӕггады тыххӕй! Ӕмӕ куыд ӕувыд уыд Филиппты ӕфсымӕртыл, афтӕ кӕмӕй загъта, «мӕ уарзон ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕн адджын ӕфсымӕртӕ, мӕ цин ӕмӕ мӕ кад», зӕгъгӕ! (3:17; 4:1, 11, 12; 2:19–30).

14 Цӕмӕй ма ис Павелы бафӕзмӕн? «Тырнӕм нӕ нысанмӕ»! Цыдӕриддӕр ахсджиаг у, ууыл чидӕриддӕр хъуыды кӕны, уыдоны фӕнды зонын, Йегъовӕ уӕлӕрвы ӕмӕ зӕххыл цы диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон. Уым «алчидӕр ӕргом зӕгъдзӕн, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн». Филиппӕгтӕм цы диссаджы уынаффӕ ис, уый бафидар кӕндзӕн, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕндӕриддӕр ис, уыдоны. Фӕлӕ Филиппӕгтӕм фыстӕг сӕйраджыдӕр фыст у, «йӕ цӕрӕн бӕстӕ... уӕлӕрвты» кӕмӕн ис ӕмӕ зӕрдиагӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй йӕ буар суа «[Чырыстийы] кадджын буары хуызӕн», уыдонӕн. «Ферох кӕнут, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ уӕ хъарутӕ раттут, разӕй цы ис, уымӕ». Цӕй уӕдӕ, се ’ппӕт дӕр фӕзмӕнт апостол Павелы, ӕмӕ «тырнӕнт сӕ нысанмӕ, цӕмӕй райсой... хӕрзиуӕг» уӕларвты Хуыцауы Паддзахады (4:8; 2:10, 11; 3:13, 14, 20, 21).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын