-
«Фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» ма кӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 мартъи
-
-
12. Павел цы ныууагъта, уыдӕттӕм цы цӕстӕй каст?
12 Апостол Павел йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суыдаид (Фил. 3:4–6). Цымӕ, цы ныууагъта, уыдӕттӕм цы цӕстӕй касти? Уый фыссы: «Царды хорзӕй цы ссардтон, уыдон Чырыстийы тыххӕй ныууагътон». Афтӕ цӕмӕн бакодта? Павел дарддӕр фыссы: «Ӕз ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон мӕ Хицау Йесо Чырыстийы. Уый тыххӕй ӕз алцыдӕр ныууагътон ӕмӕ сӕ нымайын быронылa, цӕмӕй ссарон Чырыстийы» (Фил. 3:7, 8). Адӕймаг бырӕттӕ куы акалы, уӕд уый фӕстӕ афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, гъеныр сӕ цӕмӕн акалдтон, зӕгъгӕ. Раст афтӕ Павел дӕр, дунейы цы ныууагъта, ууыл нӕ фӕсмон кодта. Павелмӕ уыдӕттӕ ӕппындӕр ницыуал кастысты.
13, 14. Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?
13 Кӕд цӕмӕйдӕр афтӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, уыцы фадат дзӕгъӕлы ауагътон, уӕд цы ис саразӕн? Уӕд хъуамӕ Павелы бафӕзмай. Куыд? Ныр дын цы арфӕдзинӕдтӕ ис, уыдоныл хъуыды кӕн. Йегъовӕ у дӕ Хӕлар ӕмӕ дӕ нымайы иузӕрдион адӕймагыл (Дзут. 6:10). Йегъовӕ нӕ ныртӕккӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны ӕмӕ нӕ фидӕны цӕмӕй схайджын кӕндзӕн, уыдонимӕ абаргӕйӕ ацы дунейы хорздзинӕдтӕ цы сты? (Бакӕс Марчы 10:28–30.)
-
-
«Фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс» ма кӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 мартъи
-
-
a «Бырон»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «куыйтӕн цы аппарынц, уый» кӕнӕ «фаджыс». Иу библииртасӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Павел уыцы дзырдӕй кӕй спайда кодта, уый ӕвдисы, цӕуылдӕр йӕ къух бынтондӕр кӕй систа, йӕ цӕсты йын аргъ кӕй нал уыд ӕмӕ йын кӕй фенад.
-