-
Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
4. Дӕ бон у фидар фӕлӕууын
Адӕймагӕн, гӕнӕн ис, зын цӕмӕн уа йӕхи ӕнӕгъдау хъуыддаг саразынӕй бахизын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
Иу ӕфсымӕр бамбӕрста, цӕуыл хъуыды кодта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ йӕ усыл гадзрахатӕй рацыдаид. Уый куы бамбӕрста, уӕд цы сарӕзта?
Хуыцауыл иузӕрдион чи у, суанг уыцы чырыстӕтты дӕр хатт фӕхъӕуы ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнын. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕнай? Бакӕсут Филиппӕгтӕм 4:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?
Библи куы кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыддаг ма бакӕнӕм?
-
-
Иннӕтимӕ куыд ныхас кӕныс, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
3. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй иннӕты ныфс уадзӕм?
Адӕймаг цы фӕдзуры, уымӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ йӕ зонд цӕмӕй йедзаг у, уый (Лукайы 6:45). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи ахуыр кӕнӕм раст, сыгъдӕг, уарзинаг ӕмӕ раппӕлинаг цы у, уыдӕттыл хъуыды кӕнын (Филиппӕгтӕм 4:8). Уый тыххӕй та хъуамӕ ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ лӕмбынӕг ӕвзарӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Стӕй-иу исты зӕгъыны размӕ хъуамӕ фӕлӕууӕм ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ ныхӕстӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты, ууыл. Библийы фыст ис: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18).
-