Скифтӕ — незамантӕй ӕнахуыр ӕмӕ диссаджы адӕм
БӔСТӔ рыг фестад. Уый сӕ бӕхтыл ӕрбадугъ кӕнынц, цӕугӕцард чи кӕны, уыцы адӕмы бӕхджын ӕфсад, сӕ уӕргътӕ амӕттагӕй йедзаг, афтӕмӕй. Ацы ӕнахуыр ӕмӕ диссаджы адӕмӕн Евразийы быдыртӕ сӕ къухы уыдысты н. э. агъоммӕ иу 700 азӕй н. э. агъоммӕ 300 азмӕ. Стӕй ӕрбайсӕфтысты, фӕлӕ историйы ныууагътой зынгӕ фӕд. Сӕ кой ма ис суанг Библийы дӕр. Уыдон уыдысты скифтӕ.
Цалдӕр ӕнусы дӕргъы ацы адӕм сӕ хъӕддаг бӕхты рӕгъӕуттимӕ цӕугӕцард кодтой, хурыскӕсӕн Европӕйӕ, Карпаттӕй ныры хуссар-скӕсӕн Уӕрӕсейы онг цы тыгъдбыдыртӕ уыдис, уым. Н. э. агъоммӕ VIII ӕнусмӕ ӕввахс китайаг император Сюань хӕстон стӕры кӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ араст сты хурныгуылӕнырдӕм. Уыцырдӕм цӕугӕйӕ, скифтӕ схӕцыдысты, Кавказ ӕмӕ Сау денджызы цӕгатварс кӕй къухы уыд, уыцы киммериӕгтимӕ ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой.
Стыр хӕзнатӕм бӕлгӕйӕ, скифтӕ бабырстой Ассирийы сӕйраг сахар Ниневимӕ ӕмӕ йӕ бастыгътой. Фӕстӕдӕр баиу сты Ассириимӕ ӕмӕ хӕцыдысты Миди, Вавилони ӕмӕ ӕндӕр адӕмтимӕ. Бабырстой ма суанг цӕгат Египетмӕ дӕр. Цӕгат-хурыскӕсӕн Израилы сахар Беф-сан фӕстӕдӕр Скифополь кӕй схуыдтой, уый, гӕнӕн ис, дзурӕг у, кӕддӕр скифты къухы кӕй уыди, ууыл (1 Паддзахӕдтӕ 31:11, 12).
Ӕппынфӕстаг скифтӕ ӕрбынат кодтой ныры Румыны, Молдовӕ, Украинӕ ӕмӕ хуссар Уӕрӕсейы быдырты. Уыдон уым схъӕздыг сты, бердзентӕ ӕмӕ ныры Украинӕ ӕмӕ хуссар Уӕрӕсе кӕм ис, уым цы зӕхкусджытӕ цард, уыдонӕн ӕхсӕны лӕгтӕ уӕвгӕйӕ. Скифтӕ хор, мыд, цӕрмттӕ ӕмӕ фос бердзентӕн ивтой сӕн, хъуымӕцтӕ, хӕцӕнгарз ӕмӕ аивгӕнӕнтыл. Афтӕмӕй скифтӕ систы ӕмбисонды хъӕздыг.
Тасуадзӕг барджытӕ
Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕг адӕмӕн сӕ бон ӕнӕ теуа куыд нӕу, раст афтӕ фӕцӕрӕн нӕ уыди быдырты цӕрӕг скифаг хӕстонтӕн ӕнӕ бӕх. Скифтӕ уыдысты дӕсны барджытӕ. Саргъ ӕмӕ ӕгъдӕнцӕйттӕй фыццаг пайда кӕнын чи райдыдта, уыдоны ’хсӕн уыдысты скифтӕ дӕр. Уыдон хордтой бӕхы дзидза ӕмӕ нызтой хъуымыз. Зындгонд у, уыдон бӕх кӕй фӕлдыстой, уый. Скифаг хӕстон нӕлгоймаг-иу куы амард, уӕд-иу ын йӕ бӕхы дӕр амардтой ӕмӕ-иу ӕй стыр кадимӕ баныгӕдтой йе ’ппӕт фӕлыстимӕ.
Историк Геродот куыд фыссы, афтӕмӕй скифтӕм уыд тынг ӕгъатыр ӕгъдӕуттӕ, зӕгъӕм, се знӕгты сӕргӕхцытӕй-иу сӕхицӕн скодтой нуазӕн къустӕ. Се знӕгтимӕ хӕцыдысты ӕндон ӕхсаргӕрдтӕй, фӕрӕттӕй, ӕрцытӕй ӕмӕ ӕхстой, буар-иу чи арӕмыгъта, ахӕм ӕртӕтигъон фаттӕй.
Ӕнустӕм «цӕрынӕн» арӕзт ингӕнтӕ
Скифтӕм бирӕ уыди дӕснытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, уыдон баст уыдысты сау тыхтимӕ, стӕй куывтой артмӕ ӕмӕ хуыцӕутты мадмӕ (Дыккаг закъон 18:10—12). Ингӕн нымадтой мардӕн йӕ цӕрӕнбынатыл. Хицау-иу куы амард, уӕд-иу ын йемӕ баныгӕдтой йӕ цагъарты, фос ӕмӕ цӕрӕгойты, цӕмӕй йын «иннӕ царды» лӕггад кӕной. Скифты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, хицӕуттӕн сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ се ’ххуырстытӕ дӕр хъуамӕ семӕ араст уыдаиккой «иннӕ цардмӕ». Иу паддзахы ингӕны ссардтой фондз цагъайраг нӕлгоймаджы, сӕ къӕхтӕ уыдысты сӕ хицауы ’рдӕм арӕзт, цыма сыстынмӕ ӕмӕ сӕ хӕстӕ дарддӕр ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ уыдысты, афтӕ.
Паддзах-иу куы амард, уӕд-иу скифтӕ кодтой стыр кусӕрттӕ, ӕмӕ-иу уыцы фыдохы бонты сӕ туг рауагътой ӕмӕ-иу сӕ сӕртӕ ныддастой. Геродот фыста: «Уыдон слыг кӕнынц сӕ хъустӕй, ныддасынц сӕ сӕртӕ, сӕ цӕнгтӕ ныллыгтӕ кӕнынц, сӕ ныхтӕ ӕмӕ сӕ фындзтӕ ныттонынц, сӕ галиу къухтӕ та фаттӕй фӕхуынкъ кӕнынц». Уымӕй хъауджыдӕр, Хуыцауы Закъон уыцы дуджы цӕрӕг израилӕгтӕн фӕдзӕхста: «Марды номыл дӕ буар ма лыгтӕ кӕн» (Левит 19:28).
Скифтӕ сӕ фӕстӕ ныууагътой мингай обӕуттӕ (ингӕнтӕ). Обӕутты цы бирӕ аивгӕнӕнтӕ ссардтой, уыдон ӕвдисынц скифты ӕрвылбоны цард. Уырыссаг паддзах Петр I уыцы диссаджы рӕсугъд дзауматӕ ӕмбырд кӕнын райдыдта 1715 азы ӕмӕ сӕ ныр фенӕн ис Уӕрӕсе ӕмӕ Украинӕйы музейты. Уыцы культурӕмӕ, «сырдты ӕрмдзӕф», зӕгъгӕ, цы дзауматӕ хауы, уыдоныл ӕвдыст сты бӕхтӕ, цӕргӕстӕ, уаритӕ, гӕдытӕ, фыранктӕ, цӕгатаг сагтӕ, сагтӕ, грифтӕ ӕмӕ грифонтӕ (мифон базырджын кӕнӕ ӕнӕбазыр цӕрӕгой домбайы гуыримӕ ӕмӕ залиаг калмы сӕримӕ).
Скифтӕ ӕмӕ Библи
Библийы комкоммӕ скифты кой ис ӕрмӕстдӕр иу ран. Колоссӕгтӕм 3:11-ӕм стихы (НФ) кӕсӕм: «Нӕй дзы уым Грекъаг, нӕдӕр Иудеаг, нӕдӕр сунӕт, нӕдӕр ӕнӕсунӕт, нӕдӕр ӕцӕгӕлон, нӕдӕр Скиф, кӕнӕ цагъар, кӕнӕ сӕрибар, фӕлӕ иууылдӕр ӕмӕ ӕппӕты — Чырысти». Апостол Павел ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд, «Скиф»-ӕй тӕлмац цы грекъаг дзырд ӕрцыд, уымӕй не спайда кодта иу цавӕрдӕр адӕмыхатмӕ бацамонынӕн, фӕлӕ уӕды рӕстӕг цы ӕнӕхсӕст адӕмтӕ цард, уыдонмӕ. Павел бахахх кодта, Иегъовӕйы сыгъдӕг уды, ома йӕ архайгӕ тыхы ӕндӕвдадӕй, суанг ахӕм адӕймӕгтӕн дӕр сӕ бон кӕй у, Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ чи у, ахӕм ног адӕймаджы сфӕлындын (Колоссӕгтӕм 3:9, 10).
Иуӕй-иу археологты хъуыдымӕ гӕсгӕ Иеремийы 51:27-ӕм стихы цы Аскеназы кой ис, уый дӕр амоны, ассириӕгтӕ скифты куыд хуыдтой, ишкузай, зӕгъгӕ, уый. Цуркхуыз фыст табличкӕты дзырдӕуы, зӕгъгӕ, н. э. агъоммӕ VII ӕнусы ацы адӕм ӕмӕ Манӕйы паддзахад сарӕзтой бадзырд Ассирийы ныхмӕ. Иереми пехуымпариуӕг кӕнын куы райдыдта, раст уый размӕ скифтӕ Иудӕйы зӕххыл цыдысты Египетмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр, фӕлӕ сӕ нӕ бахъыгдардтой. Уӕдӕ чи фехъуыста Иеремийы пехуымпарад, Иудӕмӕ цӕгатӕй ӕрбабырсдзысты, зӕгъгӕ, уыдон ын, чи зоны, йӕ пехуымпарадыл нӕ баууӕндыдысты (Иереми 1:13—15).
Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Иеремийы 50:42-ӕм стихы дзырдӕуы скифты тыххӕй: «Сӕ къухты ис ӕрдын ӕмӕ арц. Уыдон сты ӕгъатыр, никӕуыл бацауӕрддзысты. Хъӕр кӕнынц абухгӕ денджызау, ӕрбатӕхынц бӕхтыл; иу лӕгау рӕнхъ-рӕнхъ ралӕууыдысты, цӕмӕй схӕцой демӕ, о, Вавилоны чызг». Фӕлӕ ацы стих фыццаджыдӕр хауы, н. э. агъоммӕ 539 азы Вавилон чи басаста, уыцы мидиӕгтӕ ӕмӕ персӕгтӕм.
Чидӕртӕ ма дзуры, зӕгъгӕ, Иезекилы 38-ӕм ӕмӕ 39-ӕм сӕрты цы «Магогы зӕххыл» цӕуы дзырд, уый уыд скифты знӕмты. Фӕлӕ «Магогы зӕххӕн» ис ахӕсгӕ нысаниуӕг. Куыд зыны, афтӕмӕй уый амоны, Сайтан ӕмӕ йӕ сау тыхтӕ уӕларвон хӕсты фӕстӕ ӕппӕрст цы зӕххы арӕнтӕм ӕрцыдысты, уымӕ (Раргомад 12:7—17).
Скифтӕ фӕахъаз сты Наумы пехуымпарады сӕххӕстӕн, зӕгъгӕ, Ниневи бынысӕфт фӕуыдзӕн (Наум 1:1, 14). Н. э. агъоммӕ 632 азы халдейтӕ, скифтӕ ӕмӕ мидиӕгтӕ басастой Ниневи ӕмӕ йӕ бастыгътой, афтӕмӕй Ассирийы паддзахадӕн йӕ кӕрон ӕрцыд.
Ӕнахуыр сӕфт ӕрбакодтой
Скифтӕ ӕрбайсӕфтысты, фӕлӕ цӕмӕн? «Раст зӕгъгӕйӕ йӕ бӕлвырд нӕ зонӕм, цы ӕрцыди, уый»,— загъта зындгонд украинаг археолог. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, бухъцард кӕй уарзтой, уымӕ гӕсгӕ фидар нал уыдысты ӕмӕ сӕ басастой ӕндӕр азиаг цӕугӕцардгӕнӕг адӕм — сӕрмӕттӕ.
Иннӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, скифты знӕмтӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ нӕ бафидыдтой, схӕцыдысты ӕмӕ уыйадыл фесӕфтысты. Ӕртыккӕгтӕ та дзурынц, скифтӕй ма чи баззад, уыдон сты, Кавказы цы ирӕттӕ цӕры, уыдон. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр незамантӕй ацы ӕнахуыр ӕмӕ диссаджы адӕм историйы ныууагътой зынгӕ фӕд, суанг ма дзырд «скиф» сси ӕгъатырдзинады нысан.
[Картӕ 24 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
◻ Нырыккон горӕт
• Рагон сахар
Дунай
СКИФИ ← КӔЦӔЙ ӔРБАЦЫДЫСТЫ
• Киев
Днепр
Днестр
Сау денджыз
ИРЫСТОН
Кавказы хӕхтӕ
Хъаспы денджыз
АССИРИ ← КӔДӔМТЫ БЫРСТОЙ
◻ Ниневи
Тигр
МИДИ ← КӔДӔМТЫ БЫРСТОЙ
МЕСОПОТАМИ
ВАВИЛОНИ ← КӔДӔМТЫ БЫРСТОЙ
◻ Вавилон
Евфрат
ПЕРСЫ ПАДДЗАХАД
◻ Сузӕ
Персы донбакӕлӕн
ПАЛЕСТИНӔ
• Беф-сан (Скифополь)
ЕГИПЕТ ← КӔДӔМТЫ БЫРСТОЙ
Нил
Зӕххастӕу денджыз
БЕРДЗЕН
[Нывтӕ 25 фарсыл]
Скифтӕ уыдысты хӕстмондаг адӕм.
[Барлӕвӕрдӕй]
The State Hermitage Museum, St. Petersburg
[Нывтӕ 26 фарсыл]
Скифтӕ сӕ дзауматӕ ивтой бердзентӕн аивады дзауматыл ӕмӕ афтӕмӕй систы ӕмбисонды хъӕздыг.
[Барлӕвӕрдӕй]
Courtesy of the Ukraine Historic Treasures Museum, Kiev